Стыр ӕххуыс хъусынгӕнджытӕн
1. 1938 азы Йегъовӕйы организацийы ногӕй цы фӕзынд ӕмӕ цӕмӕн?
1 1938 азы ацыдысты фыццаг зоналон конгресстӕ, ныр хуыйнынц районон конгресстӕ. Иу конгресмӕ-иу фӕхуыдтой цалдӕр ӕмбырды. Цӕмӕн райдыдта кӕнын Йегъовӕйы организаци уыцы конгресстӕ? 1939 азы «Информаторы» январы номыры (ныр «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг») уыцы фарстайӕн уыд ахӕм дзуапп: «Уыцы конгресстӕ тынг ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕйы организаци Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕныны тыххӕй цы аразы, уымӕн. Цы уынаффӕтӕ дзы вӕййы, уыдон ахсджиаг сты махӕй алкӕмӕндӕр, цӕмӕй, цы куыст нын бахӕс кодтой, уый, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕнӕм». 1938 азы Хуыцауы Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр 58 000. Ӕмӕ 2009 азы та сӕ нымӕц ахызт 7 милуанӕй. Уымӕй бӕрӕг у, районон конгресстӕ сӕ нысан кӕй ӕххӕст кӕнынц, ома хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, «цы куыст сын бахӕс кодтой», уый аразынӕн!
2. Цавӕр раныхӕстӕ уыдзӕн нӕ районон конгрессы иннӕ лӕггады азы?
2 Иннӕ азы конгрессы темӕ. Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, нӕ ныфсыл нын ныфс чи бафтаудзӕн, уыцы районон конгресмӕ. Районон конгресстӕ райдайдзысты сентябрӕй. Конгрессы ном «Сымах... ацы дунейӕ не стут» ист у Иоанны 15:19 стихӕй. Хъусынгӕнджытӕн стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, уыцы раныхӕстӕй иуӕй-иутӕ цы хуындзысты? Сабаты байхъусдзыстӕм раныхасмӕ «Ӕххӕстрӕстӕг куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ уый куыд хъахъхъӕндзӕн?». Нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзысты иу фарстайы фӕдыл ӕртӕ раныхасы: «Дӕ зонд дын ма фӕхъӕстӕ кӕнӕд... „Сырд“, „Хӕтаг сылгоймаг“ ӕмӕ „Сӕудӕджертӕ“». Хуыцаубоны байхъусдзыстӕм цалдӕр раныхасмӕ иу фарстайы фӕдыл, «Уарз Йегъовӕйы, ацы дуне нӕ, фӕлӕ», зӕгъгӕ. Уыдзӕн ма дзы ахӕм темӕтӕ дӕр: «Дарддӕр дӕр ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ ут» ӕмӕ «Фидар лӕуут! Сымах фӕуӕлахиз уыдзыстут ацы дунейыл».
3. Районон конгресс нын куыд баххуыс кӕндзӕн?
3 Цасдӕр рӕстӕг зӕрдиагӕй чи нал хъусын кодта, иу ахӕм хо фӕстаг районон конгресстӕй иуы фӕстӕ ныффыста, программӕ йын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уавӕртӕм ногӕй ӕркастаид ӕмӕ фидарӕй аскъуыддзаг кодтаид: «Цӕугӕ хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ иунӕг ӕфсон дӕр нал!». Иннӕ лӕггады азы районон конгрессы программӕ не ’ппӕтӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фылдӕр уарзӕм Йегъовӕйы, дуне нӕ, фӕлӕ (1 Иоан. 2:15–17). Уӕдӕ бацархай конгресмӕ ацӕуыныл ӕмӕ программӕмӕ лӕмбынӕг байхъус, цӕмӕй хорз хабар ноджы ӕнтыстджындӕрӕй хъусын кӕнай!