Районон конгрессы ног программӕ
Мах зонӕм, Иегъовӕ Хуыцау аккаг кӕй у, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ дуне йӕхирдӕм сайы ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауимӕ хорз ахастытӕ уа (Иоан. 17:14). Цӕмӕй нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ фидардӕр уа ӕмӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг чи у, дунейы уыцы ӕндӕвдады ныхмӕ лӕууӕм, уый тыххӕй 2001 лӕггаддзинады азы районон конгрессы ног программӕ хуыйндзӕн «Дунейы цы ис, уый ма уарзут, фӕлӕ Хуыцауы» (1 Иоан. 2:15—17).
Иегъовӕйы тынг кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн дзурӕм уый тыххӕй. Фӕлӕ уацамынд Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕн ӕнцон хъуыддаг нӕу. Программӕйы иу хай хуыйндзӕн, «Нӕ лӕггаддзинады нӕ разӕнгард кӕны, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы базондзыстӕм, бирӕтӕ, цӕмӕй ацы хъуыддаджы ӕххӕстӕй хайад исой, уый тыххӕй ӕфсӕрмыдзинадимӕ куыд тох кӕнынц ӕмӕ ӕндӕр цӕлхдуртӕ куыд иуварс кӕнынц, уый.
Куыд ныл ӕндавынц дунейы ӕнӕраст цӕстӕнгӕстӕ? Раздӕр адӕммӕ ӕвзӕр цы каст, уым ныр ӕвзӕрӕй ницыуал уынынц. Раныхас «Иегъовӕйы чи уарзы, уыдон нӕ уарзынц фыдхъуыддӕгтӕ» ӕмӕ цалдӕр раныхасы, «Дунейы цы ис, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?», зӕгъгӕ нӕ тынгдӕр сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй нӕ монцты фӕдыл ма цӕуӕм.
Программӕйы ӕвдыст цӕудзӕн, Теократон лӕггаддзинады скъола ӕмӕ лӕггаддзинады фембӕлд куыд хъӕуы уадзын, уый, стӕй ма уыцы къуыри «Хъахъхъӕнӕг мӕсыгӕй» ахуыр кӕнынӕн цы статья уыдзӕн, ууыл уыдзӕн афӕлгӕст. Раныхас, «Уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад дунейыл куыд уӕлахиз кӕнынц», зӕгъгӕ нӕ сразӕнгард кӕндзӕн, Йесо дунейы ныхмӕ куыд фидар фӕлӕууыд, уый фӕзмынмӕ (Иоан. 16:33, «Мах дуг», 1992 аз, №5). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны ӕнӕмӕнг фӕхон. Аргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдон уый тыххӕй хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвӕстиатӕй зӕгъой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн, цӕмӕй цы хъӕуы, уый сараза.
Ацы районон конгресс нын не ’ргом аздахдзӕн ахӕм фарстамӕ: кӕй хъуамӕ уарзӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм. Цӕй, мацы дзы рауадзӕм!