Районон конгрессы ног программӕ
1 Абон дуне ӕппынӕдзух ивы ӕмӕ цӕмӕй уырнындзинады фидар лӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл. Уый нӕ цардӕй куыд бӕрӕг кӕны? Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ бинонты цардыл дӕр куыд зыны? Уый нын куыд ӕххуыс кӕны Сайтаны дунейы ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууынӕн? Ацы фарстытӕн дзуапп дӕтты 2003 лӕггаддзинады азы районон конгрессы программӕ. Конгресс хуыйны «Иегъовӕйӕ ныфсджын у, ӕмӕ хорз кӕн» (Пс. 36:3, МГТ).
2 Иегъовӕйыл нӕ ныфс ӕрмӕст цавӕрдӕр уавӕрты кӕнӕ та тынг куы фӕтыхсӕм, уӕд хъуамӕ ма дарӕм, фӕлӕ алы бон дӕр. Ууыл сӕрмагондӕй дзырд цӕудзӕн фыццаг раныхасы «Иегъовӕйӕ ныфсджын ут алы афон дӕр» (Пс. 61:9, МГТ). Фехъусдзыстӕм цыппар раныхасы иу темӕйыл «Нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл», зӕгъгӕ. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, куыд ис ссарӕн ӕмӕ спайда кӕнӕн Библийыл бындуриуӕггӕнӕг ӕрмӕгӕй, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи ӕмбарой, бинонтӕ сӕ зындзинӕдтӕ лыг кӕной ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уа йӕхи дарын.
3 Сайтаны дуне архайы, цӕмӕй хорз ӕвзӕрӕй мауал хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ ахсджиаг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый мауал ӕвзарӕм (Ис. 5:20). Раныхӕстӕ «Дзӕгъӕл хъуыддӕгтӕй уӕхи хизут» ӕмӕ «Ӕвзӕрдзинадмӕ ӕмхиц ма ут, кӕнут хорздзинад» нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Иегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Ам. 5:14).
4 Иегъовӕ ацы фыддуне куы куынӕг кӕна, уӕд Хуыцауы адӕмы тынгдӕр хъӕудзӕн ууыл сӕ ныфс дарын. Уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн раныхасы «Фыдӕбӕттӕй тагъд фервӕздзыстӕм». Уый фӕстӕ ӕфсымӕр ӕрсиддзӕн, цӕмӕй алчидӕр йӕ зӕрдӕ раиртаса раныхасмӕ хъусгӕйӕ «Хуыцауы Паддзахады аккаг разындзынӕ?», зӕгъгӕ. Программӕйы фӕстаг хайы нӕ сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй «Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕм».
5 Алы конгрессы дӕр ахсджиаг вӕййы донаргъуыды размӕ раныхас. Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, раздӕр зӕгъой сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгӕн, цӕмӕй алцыдӕр афойнадыл саразой.
6 Ацы ӕвзӕр рӕстӕджыты Иегъовӕйы йедтӕмӕ удӕнцой ӕмӕ сабырдзинад никуы ис ссарӕн (Пс. 117:8, 9). Цӕй уӕдӕ районон конгрессы программӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй байхъусӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ ныфс Иегъовӕйыл тынгдӕр дарӕм.