Иегъовӕ ӕххуыс кӕны, йӕ зӕрдӕ йыл чи дары, уыдонӕн
1 Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, зӕгъгӕ, цӕмӕй дын царды исты бантыса, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ уа ӕхца, стыр бартӕ кӕнӕ исты курдиат (Пс. 11:5; 32:16, 17; 48:7). Фӕлӕ Иегъовӕйы тас кӕмӕ ис ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн Библи фидарӕй зӕгъы: «Уый — се ’ххуыс ӕмӕ уарт» (Пс. 113:19). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цавӕр дыууӕ фадыджы нӕ хъӕуы Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарын.
2 Куыд чырыстон лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ. Адӕмы кӕмфӕнды ма ахуыр кӕнӕм — ӕмбырды ӕви уацамынды — хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм нӕ Хуыцауыл. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Кӕд Хуыцауы Фырт уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕ нӕ дардта йӕ зонд ӕмӕ йӕ курдиӕттыл, фӕлӕ йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр ӕвӕрдта йӕ уӕларвон Фыдыл (Иоан. 12:49; 14:10). Ӕвӕдза, мах та уӕд цас тынгдӕр хъӕуы нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарын! (Ӕмб. 3:5—7). Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы фӕрцы уыдзӕн нӕ бон уымӕн кад хӕссын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын (Пс. 126:1, 2).
3 Иегъовӕйыл нӕ ныфс уӕд фӕдарӕм, йӕ разамынды ӕмӕ йӕм йӕ сыгъдӕг уды ӕххуысы тыххӕй куы фӕкувӕм (Пс. 104:4; Лук. 11:13). Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый ма ноджыдӕр равдисӕм, йӕ Ныхас Библи цы дзуры, уый адӕмӕн куы фӕамонӕм. Библийы фыст хабар хъары адӕмы зӕрдӕтӕм, ивы сын сӕ цард (Дзут. 4:12). Иегъовӕ цы хъару дӕтты, ууыл нӕ ныфс куы дарӕм ӕмӕ афтӕмӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ын кад хӕссӕм (1 Пет. 4:11).
4 Зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ. Мах ма хъӕуы Иегъовӕмӕ ӕххуысмӕ сидын, истӕй тыххӕй куы тыхсӕм ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр (Пс. 45:2). Зӕгъӕм, нӕ хицау нӕ куыстӕй конгресмӕ нӕ уадзы кӕнӕ нын хӕдзары исты мӕстытӕ ис. Ахӕм уавӕрты Иегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкувӕм, йӕ Ныхас ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ кӕй фӕархайӕм, уымӕй февдисӕм нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм (Пс. 61:9; 118:143, 173). Афтӕмӕй Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхиуыл банкъарынц йе ’ххуыс (Пс. 36:5; 117:13, 16).
5 Иегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры: «Арфӕгонд у, йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл чи дары ӕмӕ йӕ ныфс Иегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕймаг» (Иер. 17:7). Цӕй ӕмӕ нӕ алы хъуыддаджы дӕр бӕрӕг уӕд, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм! (Пс. 145:5).