Адӕмыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тыхс – ӕппӕл сӕ
1 Адӕймагӕй зӕрдиагӕй куы раппӕлынц, уӕд ӕй уый сразӕнгард кӕны хъуыддӕгтӕм, ӕрхӕссы йын циндзинад. Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ куыд бафиппайдтой, афтӕмӕй уацамынды адӕймагӕй гыццыл раппӕлын дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй нӕм байхъуса. Адӕмӕн хорз хабар куы фӕдзурӕм, уӕд сӕ нӕ бон куыд у ӕппӕлын?
2 У ӕрхъуыдыджын. Йесо Чырысти уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд йӕ хъус ӕрдардта Къаннӕг Азийы авд ӕмбырды хорз хъуыддӕгтӕм (Рарг. 2:2, 3, 13, 19; 3:8). Афтӕ мах дӕр, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыдоныл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы тыхсӕм, уӕд уындзыстӕм, цӕй тыххӕй сӕ ис раппӕлӕн, уый. Зӕгъӕм, раппӕлӕн ис, куы фенӕм хӕрзӕфснайд кӕрт, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзынц, кӕнӕ хӕдзары хицау хӕларзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ӕгасцуай кӕй фӕзӕгъы, уый тыххӕй. Ды та, ӕрхъуыдыджын дӕ, ӕмӕ дӕ бон у ахӕм фадӕттӕй спайда кӕнын?
3 Лӕмбынӕг хъус. Хъусынгӕнгӕйӕ, иннӕты фарстыты руаджы сӕ хъуыды зӕгъынмӕ разӕнгард кӕн. Адӕмӕн кад кӕн, лӕмбынӕг сӕм кӕй хъусыс, уымӕй (Ром. 12:10). Афтӕмӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ссарай адӕймагӕй зӕрдиагӕй раппӕлӕн цӕмӕй ис уый, ӕмӕ стӕй уымӕ гӕсгӕ дӕ ныхас дарддӕр араз.
4 У арфуынӕг. Цы кӕнгӕ нын у, адӕймагӕн йӕ хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ уа, уӕд? Быцӕу кӕныны бӕсты, йын бузныг зӕгъ, йӕ хъуыды кӕй загъта, уый тыххӕй ӕмӕ дӕ ныхас адарддӕр кӕн: «Куыд уынын, афтӕмӕй дӕ ацы фарст ӕцӕгдӕр цымыдис кӕны» (Кол. 4:6). Кӕд адӕймаг быцӕу кӕны, уӕддӕр дзы нӕ бон у раппӕлын, уыцы фарст ӕй зӕрдиагӕй базонын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Афтӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд хорз хабары ныхмӕ чи у, уый дӕр, чи зоны ӕмӕ ӕрсабыр уа (Ӕмб. 25:15).
5 Дӕ ныхас ныфсы хос уӕд ӕмӕ адӕмӕй зӕрдиагӕй ӕппӕл. Нӕ ныхас афтӕ куы аразӕм, уӕд уымӕй кад кӕндзыстӕм Иегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады хорз хабар адӕм сӕ зӕрдӕмӕ исдзысты.