«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»
Чырыстийы мӕлӕт бӕрӕг кӕндзыстӕм 2 апрелы
1. 2007 азы 2 апрель ахсджиаг бон цӕмӕн у?
1 2007 азы 2 апрелы ӕгас дунейы дӕр милуантӕ бӕрӕг кӕндзысты Чырыстийы мӕлӕт. Йесо йӕ уӕларвон Фыдыл мӕлӕты онг иузӕрдион кӕй уыд, уымӕй равдыста, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, зӕгъгӕ, дам, адӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц исты ӕнхъӕлӕй (Иов 2:1–5). Уыцы бон ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йесо, ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг, «йӕ уд [кӕй] ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лук. 22:19). Хуыцау мах тыххӕй цы стыр хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕхи уыцы стыр бонмӕ бацӕттӕ кӕнӕм (Иоан. 3:16).
2. Нӕ зӕрдӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куыд бацӕттӕ кӕнӕм?
2 Дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕн. Йесойы зӕххон царды фӕстаг бонтыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ (Езд. 7:10). Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, брошюрӕ «Алы бон дӕр Фыстад иртас» 2007 азӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты къӕлиндары 2007 азӕн Библи кӕсынӕн цы пълан ис, уый. Уыцы пъланмӕ гӕсгӕ бакӕсдзыстӕм, Йесойы мӕлӕты размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Библи цы бонтӕ ӕмӕ нымӕцты кой кӕны, уыдон сты дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ (дзуттӕгтӕ бон нымадтой хурныгуылдӕй хурныгуылдмӕ). Ӕрымысӕн изӕрмӕ Библи кӕсыны пълан саразынц уыцы нымадмӕ гӕсгӕ. Библийы уыцы хабӕрттӕ куы кӕсӕм, Хуыцауы стыр уарзтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ куы кувӕм, уӕд нын Ӕрымысӕн изӕр стыр пайда фӕуыдзӕн.
3. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны нӕ бон Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхонын куыд у?
3 Адӕмы ӕрбахонӕм. Февралы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕн сыфы уыд хъусинаг, зӕгъгӕ, адӕмы хондзыстӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтай, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фылдӕр хъусын кӕнай? Кӕй хондзынӕ, уыдоны нӕмттӕ дӕхимӕ ныффыстай ӕмӕ дзы алкӕмӕндӕр фехъусын кодтай? Дӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ раздӕр ӕрбацӕуай ӕмӕ ӕгасцуай зӕгъай, кӕй ӕрбахуыдтай, уыдонӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Чи зоны дӕ бафӕнда семӕ сбадын, цӕмӕй дын дӕ Библи ӕмӕ зарджыты чиныгмӕ кӕсой. Иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр сӕ базонгӕ кӕн. Фембӕлды фӕстӕ рӕстӕг ссар, цӕмӕй сын сӕ фарстытӕн дзуапп радтай. Фӕхон сӕ 15 апрелы цы раныхас уыдзӕн, уымӕ. Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ бацархайой, чи ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдоны Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕмӕ раныхасмӕ фӕхоныныл.
4. Нӕ бон куыд у, Ӕрымысӕн изӕры чи уыд, уыдонӕн баххуыс кӕнын?
4 Баххуыс кӕн ног ӕрбацӕуджытӕн, ӕмӕ чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн. Ӕрымысӕн изӕры раныхас кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ’фсымӕр цыбыртӕй зӕгъдзӕн, Библи ахуыр кӕныны тыххӕй, ӕмӕ ног ӕрбацӕуджыты сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр архайой Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъын, кӕй фӕхуыдтай, уыдонӕн. Кӕд нӕма ахуыр кӕнынц, уӕд сӕ Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бабӕрӕг кӕн, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр, ӕмӕ сын равдис, Библи ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый. Цӕмӕй сӕ уырнындзинад сфидар уа, уый тыххӕй сӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕмбырдтӕм цӕуын (Дзут. 10:24, 25). Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕной, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕй Ӕрымысӕн изӕры чи уыд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, цӕмӕй семӕ раныхасӕй иуӕй-иу хъуыдытыл аныхас кӕной. Уый фӕрцы та, чи зоны, ӕмбырдтӕм цӕуын райдайой.
5. Ӕрымысӕн изӕр ныл куыд фӕзындзӕн?
5 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг адӕймаг арф фӕхъуыды кӕны, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл. Уый фӕрцы сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ уый нӕ цардыл дӕр фӕзындзӕн (2 Кор. 5:14, 15; 1 Иоан. 4:11). Уӕдӕ абон райдайӕм цӕттӕ кӕнын нӕхи дӕр ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр «Хицауы мӕлӕты» бонмӕ (1 Кор. 11:26).