Йегъовӕ тых дӕтты фӕллад адӕймагӕн
1 Не ’ппӕт дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бафӕллайӕм. Ӕмӕ уый ӕрмӕст куыст кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм ӕмӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый тыххӕй дӕр (2 Тим. 3:1). Уӕдӕ хъарутӕ кӕцӕй исӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ма ӕрлӕмӕгъ уӕм? Нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, «хъаруйӕ фидар» чи у, ууыл (Ис. 40:26). Йегъовӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, уый ӕмӕ йӕ тынг фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын (1 Пет. 5:7).
2 Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны. Йегъовӕ нӕ фидар кӕны йӕ сыгъдӕг уды руаджы, дуне цы стыр тыхӕй сфӕлдыста, уый руаджы. Куы бафӕллайӕм, уӕд та Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы нӕ тыхтӕ сног уыдзысты (Ис. 40:31). Дӕхи бафӕрс: Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй фӕстаг хатт кӕд куывтон, цӕмӕй мын хъарутӕ дӕтта ӕмӕ йын мӕ бон лӕггад кӕнын уа? (Лук. 11:11–13).
3 Алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм, лӕмбынӕг ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕдзух нӕ литературӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм цӕугӕдоны цур сагъд бӕласау, «кӕцы ӕрхӕссы йӕ дыргъ йӕхи афон, ӕмӕ кӕцыйы сыф не руайы» (Пс. 1:2, 3).
4 Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты руаджы – уыдон нын вӕййынц «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). Ӕмбырды нӕ хъарутӕ бауадзынц сӕ ныхӕстӕй, сӕ дзуаппытӕй ӕмӕ сӕ раныхӕстӕй (Ап. хъ. 15:32). Уӕлдай тынгдӕр та нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс бауадзынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Ис. 32:1, 2).
5 Хъусын кӕнӕм. Кӕд бафӕлладтӕ, уӕддӕр хъусын кӕн! Иннӕ хъуыддӕгтӕй уӕлдай нын ӕцӕг удӕнцой хӕссы, ӕдзух кӕй хъусын кӕнӕм, уый (Матф. 11:28–30). Адӕмӕн хорз хабар куы дзурӕм, уӕд нын царды сӕйрагдӕр уыдзӕн Хуыцауы Паддзахад, нӕ зӕрдыл дардзыстӕм ӕнусон царды ныфс, ӕмӕ нӕм цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон.
6 Цалынмӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфт, уӕдмӕ нӕм бирӕ куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Дарддӕр дӕр фидарӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ «ныфс дарӕм, Хуыцау [нӕ] цы хъаруйӕ хайджын кӕны», ууыл (1 Пет. 4:11). Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, уымӕн ӕмӕ «уый дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн» (Ис. 40:29).