Нӕхи ӕфсадӕм «уырнындзинады дзырдтӕй»
1 Цӕмӕй нӕм Хуыцауы ӕфсарм уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын (1 Тим. 4:7–10). Хуыцауы фӕндагыл цӕугӕйӕ ӕрмӕст нӕхи хъаруйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд ӕрлӕмӕгъ уыдзыстӕм ӕмӕ фӕкӕлдзыстӕм (Ис. 40:29–31). Иегъовӕ нын хъару дӕтты, зӕгъӕм, нӕхи «уырнындзинады дзырдтӕй» куы ӕфсадӕм, уӕд (1 Тим. 4:6).
2 Хъӕздыг монон хӕринаг. Иегъовӕ монон хӕринаг парахатӕй дӕтты йӕ Ныхас ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты (Матф. 24:45). Фӕлӕ нын цӕмӕй фӕахъаз уа, уый тыххӕй нӕхӕдӕг исты аразӕм? Алы бон дӕр Библи кӕсӕм? Рӕстӕг арӕм Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ хъуыды кӕнынӕн? (Пс. 1:2, 3). Ахӕм хӕрзхъӕд монон хӕринаг нӕ фидар кӕны ӕмӕ уый руаджы нӕ бон у Сайтаны дунейы зондахастӕй нӕхи хъахъхъӕнын (1 Иоан. 5:19). Кӕд нӕ зонд хорз хъуыдытӕй дзаг кӕнӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд Иегъовӕ уыдзӕн немӕ (Фил. 4:8, 9).
3 Иегъовӕ ма нӕ фидар кӕны фембӕлдты дӕр (Дзут. 10:24, 25). Уыцы фембӕлдты зондамындтӕ кӕй райсӕм ӕмӕ не ’муырнджытимӕ зӕрдӕбын ныхас кӕй фӕкӕнӕм, уый нын тых дӕтты фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн (1 Пет. 5:9, 10). Иу ӕрыгон хо загъта: «Ӕз алы бон дӕр скъолайы бирӕ рӕстӕг вӕййын, ӕмӕ тынг бафӕллайын. Фӕлӕ фембӕлдтӕ сты фӕскъӕвда хур бонау, ӕмӕ мын раттынц тых дыккаг бон скъолайы бафӕразынӕн». Уӕдӕ фембӕлдтӕм цӕуынӕн нӕ хъарутӕ кӕй хардз кӕнӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг арфӕгонд ӕрцӕуӕм.
4 Ӕцӕгад хъусын кӕнын. Йесойӕн адӕмӕн хъусын кӕнын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд. Уый йын тых лӕвӕрдта (Иоан. 4:32–34). Мах дӕр иннӕтӕн Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ тыхыл тых бафты. Уымӕй уӕлдай ма, кӕд ӕдзух хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ здӕхт уыдзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ ӕмӕ, тагъд рӕстӕджы цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонмӕ. Ӕмӕ нын уый ӕцӕгдӕр не уӕнг рог кӕны (Матф. 11:28–30).
5 Куыд амондджын стӕм, абон Хуыцау йӕ адӕмы цы хъӕздыг монон хӕринагӕй ӕфсады, уый нын кӕй ахъаз кӕны! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы кадджын кӕнгӕйӕ, фырцинӕй зарӕм! (Ис. 65:13, 14).