Фарстыты асыкк
◼ Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола, Хъусын кӕныны фембӕлд, ӕргом раныхас ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр цы зарӕгӕй райдайа, уый чи ӕмӕ куыд хъуамӕ зӕгъа?
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола алы къуыри дӕр цы зарӕгӕй райдайы, уый фыст вӕййы программӕйы. Мыхуыр вӕййы октябры «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» уӕлӕмхасӕны. Хъусын кӕныны фембӕлд цы зарӕгӕй райдайдзӕн ӕмӕ фӕуыдзӕн, уый та фыст вӕййы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» 2 фарсыл. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры зарджытӕ та фыст вӕййынц журналы 2 фарсыл. Алы зарӕг дӕр баст вӕййы, цы фембӕлды размӕ вӕййы, уыимӕ, ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ фехъусын кӕна, фембӕлд чи уадздзӕн, уыцы ӕфсымӕр (уый размӕ фембӕлды разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр нӕ, фӕлӕ).
Зӕгъӕм, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы цӕстдарӕг хъуамӕ адӕмӕн ӕгасцуай зӕгъа ӕмӕ фехъусын кӕна зарӕджы номыр. Скъолайы фӕстӕ та хъуамӕ сценӕмӕ рахона, Хъусын кӕныны фембӕлды фыццаг хӕслӕвӕрд кӕмӕн уыдзӕн, уыцы ӕфсымӕры. Уыцы ӕфсымӕр зӕгъдзӕн, Хъусын кӕныны фембӕлд цы зарӕгӕй райдайдзӕн, уый.
Ӕргом раныхасы размӕ дӕр ӕфсымӕр хъусджытӕн зӕрдиагӕй ӕгасцуай зӕгъдзӕн ӕмӕ фехъусын кӕндзӕн зарӕджы номыр. Кӕцы зарӕг уыдзӕн, уый равзары, раныхас кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕр. Ӕмбырд чи райдайы, уыцы ӕфсымӕр (кӕнӕ рагацау кӕмӕн загътой, ахӕм фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр) фембӕлды размӕ скувдзӕн. Стӕй зӕгъдзӕн, ныхасы чи рацӕудзӕн, уыцы ӕфсымӕры мыггаг ӕмӕ ном ӕмӕ йӕ раныхас цы хуыйыны, уый. Раныхасы фӕстӕ йӕ сӕйраг хъуыдытӕ дзурын нӕ хъӕуы, йӕ бон у ӕрмӕстдӕр цыбыртӕй бузныг зӕгъын. Уый фӕстӕ фехъусын кӕндзӕн, иннӕ къуыри цавӕр раныхас уыдзӕн, ӕмӕ стӕй хъусджытӕн зӕгъдзӕн, сӕ бон кӕй у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры баззайын. Нӕ йӕ хъӕуы хъусджыты фӕрсын, раныхасимӕ нӕм чи уыд, уыцы ӕфсымӕры ӕмбырдӕн салӕмттӕ арвитӕм, зӕгъгӕ. Стӕй сценӕмӕ рахондзӕн, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статья чи ӕвзардзӕн, уыцы ӕфсымӕры.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуырӕн разамынд чи дӕтта, уыцы ӕфсымӕр фехъусын кӕндзӕн фыццаг зарӕг. Ахуыр ауадздзӕн амындтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕстӕ фехъусын кӕндзӕн зарӕг. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры разамонӕг фӕхондзӕн, раныхас кӕмӕн уыд, уыцы ӕфсымӕры, цӕмӕй фембӕлды кӕрон скува.
Ацы уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕ алы ран дӕр ӕмхуызон цӕуой.