Йегъовӕйӕн ӕхсызгонӕй ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм!
1 Апостол Павел йӕхиуыл нӕ ауӕрста, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодтаид (2 Кор. 12:15). Абон дӕр бирӕтӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц пионертӕй. Иннӕтӕ та, кӕд сӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕй не ’вдӕлы, уӕддӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнынц ӕмӕ алы къуыри дӕр уацамынды цӕуынц. Чидӕртӕ та кӕд тынг рынчын сты, уӕддӕр сӕ бон цас у, уыйбӕрц хорз хабар хъусын кӕнынц. Куыд нӕ фидар кӕны, Хуыцауы адӕм, цыфӕнды кары ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр, ӕппӕт хъарутӕй Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц!
2 Адӕмы уарз. Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уый фӕрцы Хуыцауы раз нӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Павел хорз хабар ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Абон мын сымах ут ӕвдисӕнтӕ, ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг кӕй дӕн» (Ап. хъ. 20:24, 26; 1 Фес. 2:8). Нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ, нӕ бон цас у, уыйбӕрц куы хъусын кӕнӕм, уӕд адӕмы туг махыл нӕ уыдзӕн (Иез. 3:18–21).
3 Адӕмӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын (Ап. хъ. 20:35). Иу ӕфсымӕр загъта: «Уацамынды ӕнӕхъӕн бон куы вӕййын, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, изӕры фӕлладӕй ӕрбацӕуын. Фӕлӕ амондджын дӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, цы цинӕй мӕ хайджын кӕны, уый тыххӕй. Уыцы циндзинад мын никӕй бон у байсын».
4 Хуыцауы уарз. Фӕлӕ ӕппӕт хъарутӕй фыццаджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уыцы фӕдзӕхстытӕм та хауы уацамынд ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (1 Иоан. 5:3). Адӕм нӕм куы нӕ хъусой кӕнӕ нӕ ныхмӕ куы уой, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм.
5 Абон уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй къаддӕр хъусын кӕнӕм. Мах цӕрӕм хорӕфснайӕн афон (Матф. 9:37). Зӕхкусӕг хорӕфснайӕн афон бирӕ фӕкусы – хъуамӕ тыллӕг бафснайа, цалынмӕ нӕ фесӕфт, уӕдмӕ. Библи цы хорӕфснайӕны кой кӕны, уымӕн дӕр бирӕ рӕстӕг нӕй. Цӕй уӕдӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый нӕ хъуыдыйы дарӕм ӕмӕ дӕрддӕр дӕр не ’ппӕт хъарутӕй хъусын кӕнӕм (Лук. 13:24; 1 Кор. 7:29–31).