«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фӕивдзӕн!
1 Айразмӕ ӕмбырдты фехъусын кодтой: 2008 азы январӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы иу номыр цӕудзӕн уацамынды парахат кӕнынӕн, иннӕ та – ӕмбырды хъусынгӕнджытӕн. Чи зоны дӕ фӕнды базонын: Цӕмӕй хицӕн кӕндзысты кӕрӕдзийӕ? Хорз цӕмӕй уыдзӕн, дыууӕ номыры ӕмхуызон кӕй нӕ уыдзысты, уый? Ногӕй дзы цы уыдзӕн?.
2 Цӕмӕй хицӕн кӕндзысты. Алы мӕй дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1-аг номыр уыдзӕн уацамынды парахат кӕнынӕн (иронау та цӕудзӕн ӕртӕ мӕйы иу хатт). Ацы номыры статьятӕ уыдзысты, абон адӕм цӕуыл тыхсынц, цы сӕ фӕнды зонын, уый фӕдыл. Мӕйы 15-ӕмы цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕуа, уым та уыдзысты статьятӕ ахуыр кӕнынӕн, уацамынды йӕ нӕ дӕтдзыстӕм. Ацы номыры уыдзысты, мӕйы дӕргъы цы статьятӕ ахуыр кӕндзыстӕм, уыдон иууылдӕр, стӕй ма-иу дзы уыдзӕн ахсджиаг ӕрмӕг хъусынгӕнджытӕн. Уацамынды кӕй дӕтдзыстӕм, уыцы номыр ӕрмӕст Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзӕн, фӕлӕ уӕлдайдӕр Библийыл чи ӕууӕнды, уыдоны зӕрдӕмӕ. Журнал «Райхъал ут!» (уырыссагау) та раздӕрау мыхуыр цӕудзӕн алыхуызон адӕмӕн, Хуыцауыл чи не ’ууӕнды ӕмӕ чырыстон диныл хӕст чи нӕу, уыдонӕн дӕр.
3 Хорз цӕмӕй у. Ахуыр кӕнынӕн цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕудзӕн, уым нал хъӕудзӕн ӕмбарын кӕнын иуӕй-иу ныхӕстӕ, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм чи нӕ цӕуы, уыдон ӕй ӕмбарой, зӕгъӕм, дзырд «пионер». Ацы номыры ма уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ Библи ӕнтыстджынӕй чи ахуыр кӕны, уыдонӕн ахсджиаг ӕрмӕг. Цы зӕгъӕн ис, уацамынды кӕй дӕтдзыстӕм, уыцы номыры тыххӕй та? Адӕм ӕй ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕхсызгонӕй кӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕг баст уыдзӕн сӕ цардимӕ ӕмӕ уыдзӕн ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагӕй фыст. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алкӕмӕндӕр пайда уыдзӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы дыууӕ номыр дӕр кӕсын. Уацамынды ӕрмӕст иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ иу «Райхъал ут!» кӕй парахат кӕндзыстӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн мӕй журналтӕ дӕтгӕйӕ цы дзурдзыстӕм, уый нӕ бон уыдзӕн хорз бацӕттӕ кӕнын.
4 Ногӕй дзы цы уыдзӕн. Уацамынды цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕтдзыстӕм, уый фӕивдзӕн. Зӕгъӕм, Библийы ахуырӕдтӕ дзы ӕмбарын кӕндзысты хуымӕтӕг ӕвзагӕй. Уыдзӕн дзы, бинонтӕн Хуыцауы Ныхас куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй ӕрмӕг. Ӕрыгӕттӕн та дзы уыдзӕн Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуысгӕнӕн ӕрмӕг. Алы журналы дӕр уыдзӕн, Библийы стихтӕ ӕвзӕрст кӕм цӕудзысты, ахӕм статьятӕ, ахуыр нӕ кӕндзысты Йегъовӕйы миниуджытыл.
5 Мах кувӕм, цӕмӕй Йегъовӕ арфӕ кӕна «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ног ивддзинӕдтӕн. Цӕй уӕдӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы руаджы Хуыцауы хорзӕхы аккаг адӕмӕн хъусын кӕнӕм хорз хабар (Матф. 10:11).