Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w08 1/1 3 ф.
  • Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ!
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фӕивдзӕн!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Уацамынды «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй арӕхстджынӕй пайда кӕныс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбырды ахуыр кӕнынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • «Викторина»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
w08 1/1 3 ф.

Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ!

ӔХСЫЗГОНӔЙ уын хъусын кӕнӕм, ацы номырӕй фӕстӕмӕ журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы кӕй ӕрцыд ивддзинӕдтӕ. Фӕлӕ уал аныхас кӕнӕм, цы дзы нӕ фӕивта, ууыл.

Журналы ном, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад», куыд уыди, афтӕ баззад. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дарддӕр дӕр кад хӕсдзӕн иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ адӕмы ныфс уадздзӕн йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабарӕй. Ацы журналы 5–9 фӕрстыл цы статьятӕ ис, уыдоны ныхас цӕуы, уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзӕн, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уый размӕ бирӕ азты дӕргъы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕууӕндой Йесо Чырыстийыл. Стӕй ӕмбарын кӕндзӕн, Библи цы дзуры, уый. Раздӕр куыд уыд, афтӕ Библийы пехуымпарӕдты руаджы ӕмбарын кӕндзӕн, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон.

Ӕмӕ дзы ивгӕ та цы акодта? Ӕркӕсӕм, ӕртӕ мӕйы иу хатт цы журнал цӕудзӕн, уымa ногӕй ӕмӕ цымыдисагӕй цы уыдзӕн, уымӕ.

Ацы журналы уыдзӕн, адӕймаджы хъуыды кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕна, ахӕм статьятӕ. Уыцы статьятӕй иуӕй-иутӕн алы хатт дӕр уыдзӕн уыцы иу сӕргонд. Зӕгъӕм, «Зыдтай йӕ?» – уыдзӕн дзы цымыдисаг хъуыдытӕ Библийӕ кӕцыдӕр хабӕртты тыххӕй ӕмӕ сӕ уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. «Баввахс у Хуыцаумӕ» – ӕвзӕрст дзы цӕудзӕн, Библийы стихтӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, уый. «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц» – уым та уыдзӕн дзуаппытӕ, Библийӕ арӕхдӕр цы фарстытӕ раттынц, уыдонӕн. Зӕгъӕм, бирӕты фӕнды базонын, цымӕ Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстут 13 фарсыл.

Ацы журналы ма уыдзӕн статьятӕ бинонтӕн. Сӕргонды, «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у», зӕгъгӕ, уыдзӕн, бинонтӕн царды цы зындзинӕдтӕ вӕййы, уымӕн цӕвиттонтӕ, стӕй дзы дзырд цӕудзӕн, Библийы фӕрцы сӕ куыд ис аскъуыддзаг кӕнӕн, ууыл. «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут» – у ныййарджытӕн, цӕмӕй йӕ сӕ сывӕллӕттимӕ кӕсой. «Нӕ кӕстӕртӕн» – мыхуыр дзы кӕндзыстӕм, ӕрыгӕттӕн Библи хуыздӕр ӕмбарынӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг.

Уымӕй уӕлдай ма ӕндӕр статьятӕ дӕр мыхуыр кӕндзыстӕм. Сӕргонды «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг» ныхас цӕудзӕн Библийӕ искӕй тыххӕй. Уым цы статьятӕ уа, уыдон нӕ разӕнгард кӕндзысты уыцы адӕймаджы бафӕзмынмӕ. Зӕгъӕм, ацы журналы 18–21 фӕрстыл бакӕсӕн ис зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар пехуымпар Илиайы тыххӕй. «Райстам писмо...» – афтӕ хуындзӕн, ӕгас дунейӕ дӕр миссионерты ӕмӕ ӕндӕр лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ кӕм уыдзӕн фыст, уыцы фарс. Сӕргонд «Цы нын дзуры Чырысти» хуымӕтӕг ӕвзагӕй ӕмбарын кӕндзӕн Библийы ахуырӕдтӕ.

Ныфс нӕ ис, амӕй фӕстӕмӕ дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цымыдисаг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ, Библийӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ бӕлвырдӕй цы дзуры, уый зонын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕудзӕн. Уӕдӕ уын ацы журнал баххуыс кӕнӕд, Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый базонынӕн.

ЖУРНАЛРАУАДЗДЖЫТӔ

[Фиппаинаг]

a «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ныр цӕудзӕн дыууӕ хуызы. Ӕртӕ мӕйы иу хатт цы журнал цӕудзӕн, уый уыдзӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Мӕйы 15-ӕм бон цы журнал цӕуа, уым та уыдзӕн ахуыргӕнӕн статьятӕ, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕвзардзысты ӕмбырдты. Уыцы ӕмбырдтӕм алкӕй бон дӕр у бацӕуын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын