Уацамынды «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй арӕхстджынӕй пайда кӕныс?
1 Иу хо 2008 азӕн 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куы бакаст, уӕд ныффыста: «Ацы журнал уацамынды раттыныл куыд хъуамӕ фӕстиат кӕнон?!» Ды дӕр лӕмбынӕг ӕркастӕ, ацы журналы цы рубрикӕтӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ ахъуыды кодтай, уацамынды сӕ куыд пайда кӕнӕн ис, ууыл?
2 «Цы нын дзуры Чырысти». Чи зоны, ацы рубрикӕйы фӕрцы искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтай. Кӕд нӕма, уӕд адӕймагӕн статьяйы ном равдис ӕмӕ йын стӕй фыццаг абзацы бакӕс, Чырысти уыцы фарстайы фӕдыл цы загъта, уый. Кӕд ӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд йемӕ аныхас кӕнӕн ис, дӕлсӕргӕндтӕй искӕцыйыл. Адӕймаджы бафӕрс, уыцы фарстайы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уымӕй. Цыбыртӕй аныхас кӕн, цы ныв дзы ис, ууыл ӕмӕ иннӕ абзацмӕ рахиз. Дӕ бон у фыццаг хатт статьяйы ӕмбисыл аныхас кӕнын, дыккаг хатт та – иннӕ ӕмбисыл. Адӕймагимӕ чиныг «Библи цы дзуры»-йӕ ахуыр кӕнын райдайынмӕ цӕттӕ у.
3 «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Ацы рубрикӕ бинонтӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библийы уынаффӕтӕй пайда кӕной, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд, ӕмӕ амондджын уой. Ацы статьяты фӕрцы ма нӕ бон у баххуыс кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн дӕр, цӕмӕй феной, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уый (2 Тим. 3:16, 17).
4 Рубрикӕтӕ ӕрыгӕттӕн. Рубрикӕ, «Нӕ кӕстӕртӕн», зӕгъгӕ, ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕны Библийы хабӕрттыл ахъуыды кӕнынӕн. Уацамынды цы ӕрыгӕттыл ӕмбӕлай, уыдонӕн уыцы рубрикӕйы фӕрцы дӕ бон у ӕмбарын кӕнын, Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын цы пайда у, уый (Пс. 119:9, 105). Ныййарджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ та-иу сын сӕ хъус ӕрдар рубрикӕмӕ «Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут». Ацы статьяты фӕрцы сывӕллӕттӕ базондзысты, Библи цы адӕмы кой кӕны, уыдоны тыххӕй ӕмӕ сахуыр уыдзысты ахсджиаг хъуыддӕгтыл. Дӕхӕдӕг ацы статьятӕ дӕ сывӕллӕттимӕ фӕкӕсыс?
5 Иннӕ рубрикӕтӕ. Журналы ма ис рубрикӕ «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц». Ныхас дзы фӕцӕуы, адӕммӕ цы фарстатӕ фӕзыны, уыдоныл. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ, нӕ бон у адӕмы ӕргом уыцы фарстатӕм здахын. Рубрикӕйы, «Райстам писмо», фыст вӕййы, миссионертӕ ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ лӕггады цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдоны тыххӕй. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдон ацы статьяты фӕрцы базондзысты, хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй, Чырысти фӕстаг бонты тыххӕй цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц (Матф. 24:3, 14).
6 Журналы ма ис рубрикӕ «Баввахс у Хуыцаумӕ». Арӕзт вӕййы, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕмӕ гӕсгӕ Библийӕ цы чиныг фӕкӕсӕм, ууыл. Цы статьятӕ дзы ис, уыдон сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы баразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фӕлдӕр базоной. Рубрикӕ «Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг», адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ цӕстытыл ауайын кӕной Библийы хабӕрттӕ ӕмӕ цы адӕмы кой кӕны, уыдон цы уынаффӕтӕ хастой, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыдысты ӕмӕ сӕм цы уырнындзинад уыд, уый.
7 Ӕхсызгон нын у, ӕртӕ мӕй иу хатт кӕй райсӕм «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уацамынды парахат кӕнынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг уал-иу ӕй нӕхӕдӕг лӕмбынӕг бакӕсдзыстӕм, цӕмӕй дзы уацамынды арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм.