Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/07 4 ф.
  • «Викторина»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Викторина»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1) Фарст, 2) стих ӕмӕ 3) сӕр
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Ног рубрикӕ ныхас райдайынӕн
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Фылдӕр хъусдард Библимӕ!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 3/07 4 ф.

«Викторина»

1. Бирӕтӕн зын цы у?

1 Кӕд Хуыцауы Ныхас уарзӕм, уӕддӕр бирӕтӕн зын у кӕцыдӕр хабӕрттӕ лыстӕггай кӕнӕ цӕйдӕр тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, уый бахъуыды кӕнын. Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ хуыздӕр ӕмбарой? Алы мӕй дӕр журнал «Райхъал ут!»-ы (уыр.) 31 фарсыл сӕргонды, «Викторина», зӕгъгӕ, вӕййы фарстытӕ. Уыдон стыр ӕххуыс сты сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ стыртӕн дӕр, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базоной (Ап. хъ. 17:11).

2. Куыд ис сӕргондӕй, «Викторина», зӕгъгӕ, пайда кӕнӕн?

2 Нӕ бон куыд у уыцы фарстытӕй хуыздӕр пайда кӕнын? 2006 азы январы «Райхъал ут!»-ы уыд уынаффӕттӕ: «Ӕркӕсут-ма 31 фарсмӕ. Иуӕй-иу фарстытӕ сты сывӕллӕттӕн. Иннӕ фарстытӕ та хъуыдытыл бафтаудзысты, Библи хорз чи зоны, уыдоны дӕр. Дӕлсӕргонд, „Когда это произошло?“, зӕгъгӕ, баххуыс кӕндзӕн, Библийы цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕд ӕрцыдысты, йе та кӕцыдӕр адӕймӕгтӕ кӕд цардысты, уый базонынӕн. Дӕлсӕргонды, „В этом выпуске“, зӕгъгӕ, цы фарстытӕ ис, уыдонӕн дзуапп базоныны тыххӕй хъӕудзӕн журнал бакӕсын. Иннӕ фарстытӕй та бирӕтӕн дзуапп ссарӕн ис журналӕн йӕхи мидӕг ӕндӕр фарсыл зыгъуыммӕ фыстӕй. Хорз нӕ уаид, дзуапп бакӕсыны размӕ уал уыцы фарстытыл дӕхӕдӕг куы ахъуыды кӕнис ӕмӕ, цы базыдтай, уый искӕмӕн куы радзурис? Дӕ бон у, сӕргонды, „Викторина“, зӕгъгӕ, цы фарстытӕ ис, уыдон дӕ бинонтимӕ, йе та иннӕтимӕ ӕвзарын?».

3. Иуӕй-иу бинонтӕ куыд ӕвзарынц викторинӕйы фарстытӕ ӕмӕ дзы уӕ зӕрдӕмӕ та тынгдӕр цы цӕуы?

3 Бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы, уыцы фарстытӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы ӕвзарын. Иу хо ныффыста: «Мӕ лӕгимӕ сфӕнд кодтам нӕ бинонты ахуыры дӕлсӕргонд, „Задание для детей“, зӕгъгӕ, афтӕ ӕвзарын, цӕмӕй ахуыр нӕ ӕртӕаздзыд чызджы зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуа. Ӕхсызгон вӕййы нӕ чызгмӕ кӕсын, йӕ журнал куы райсы, уӕд алы сыф дӕр куыд фӕфӕлдахы, цалынмӕ, цы хъӕуы, уый не ссары, уӕдмӕ». Бразилийӕ иу ӕфсымӕр та загъта: «Мӕ авдаздзыд лӕппуимӕ нӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы „Райхъал ут!“-ы ацы фарс. Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй Мозес Библийы стихтӕ ссара, нывтӕ цы нысан кӕнынц, уый бамбара, ӕмӕ цаутӕ кӕд ӕрцыдысты, уый бахъуыды кӕна». Астаздзыд Ашли та ныффыста: «Бузныг уын, „Райхъал ут!“-ы фӕсте цы викторинӕ ис, уый тыххӕй. Уый фӕрцы Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон».

4. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у журнал «Райхъал ут!»-ы цы фарстытӕ ис, уыдон бинонты ахуыры рӕстӕджы ӕвзарын?

4 Хорз нӕ уаид, журнал «Райхъал ут!»-ы 31 фарсыл цы ӕрмӕг вӕййы, уый иуӕй-иу хатт бинонты ахуыры куы ӕвзариккат? Зындӕр фарстытӕн дзуапп агургӕйӕ уӕ бон у пайда кӕнын «Индексӕй» кӕнӕ «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы библиотекӕ»-йӕ дискыл. Афтӕмӕй уӕ сывӕллоны дӕр сахуыр кӕндзыстут, цавӕрдӕр фарст куыд иртасын хъӕуы, ууыл. Кӕд уӕ сывӕллон стыр у, уӕд ын бахӕс кӕнӕн ис, цӕмӕй бинонты ахуыры размӕ дзуаппытӕ бацагура фарстатӕн «Кто я?» кӕнӕ «Когда это произошло?», зӕгъгӕ. Уӕд йӕ бон уыдзӕн, цы базыдта, уый радзурын. Цӕмӕй ныййарджытӕ сывӕллонӕн Хуыцауы Ныхас бауарзын кӕной ӕмӕ йын баххуыс кӕной йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ «сыгъдӕг Фыстытӕ» зонынӕн, уый тыххӕй хорз мадзал у, журнал «Райхъал ут!»-ы 31 фарс (2 Тим. 3:15; Дык. з. 6:7).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын