1) Фарст, 2) стих ӕмӕ 3) сӕр
Чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры» дӕттынӕн ис хуымӕтӕг мадзал: 1) адӕймаджы бафӕрс, куыд хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ; 2) фарстмӕ гӕсгӕ Библийӕ стих бакӕс; 3) чиныджы бакӕн, фарст кӕм ӕвзӕрст цӕуы, уыцы сӕр ӕмӕ, сӕры райдианы цы фарстытӕ ис, уыдон бакӕс. Кӕд адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда, уӕд ын уыцы сӕры фыццаг абзацты руаджы дӕ бон у равдисын, Библи куыд ахуыр кӕнӕм, уый. Афтӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдайӕн ис, адӕймагимӕ фыццаг хатт куы ныхас кӕнай, кӕнӕ йӕм дыккаг хатт куы бацӕуай, уӕд.
◼ «Куыд дӕм кӕсы, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕджы базона, ам Библийы куыд кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ?» Бакӕс Куыстытӕ 17:26, 27 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 1 сӕрыл.
◼ «Куыд хъуыды кӕныс, абоны уӕззау царды ма, ацы ран цы рӕвдыд ӕмӕ ныфсы кой цӕуы, уыдон ссарӕн ис?» Бакӕс Ромӕгтӕм 15:4 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 2 сӕрыл.
◼ «Дӕ бон куы уаид, уӕд мӕнӕ ахӕм цард нӕ саразис?» Бакӕс Раргомад 21:4 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 3 сӕрыл.
◼ «Куыд хъуыды кӕныс, нӕ сывӕллӕттӕн ахӕм уавӕрты цӕрыны фадат уыдзӕн?» Бакӕс Псалом 36:10, 11 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 3 сӕрыл.
◼ «Куыд хъуыды кӕныс, искуы ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты?» Бакӕс Исай 33:24 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 3 сӕрыл.
◼ «Никуы хъуыды кодтай, удӕгӕсты хабӕрттӕн мард исты зоны?» Бакӕс Екклесиаст 9:5 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 6 сӕрыл.
◼ «Куыд хъуыды кӕныс, бирӕ кӕй уарзтам ӕмӕ немӕ чи нал ис, уыдоны ма искуы фендзыстӕм, мӕнӕ Йесо Чырысти куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ?» Бакӕс Иоанны 5:28, 29 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 7 сӕрыл.
◼ «Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ӕххӕст кӕны, афтӕ зӕххыл та цӕй фӕрцы ӕххӕст кӕндзӕни, ацы зындгонд куывды куыд дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ?» Бакӕс Матфейы 6:9, 10 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 8 сӕрыл.
◼ «Куыд хъуыды кӕныс, ам цы рӕстӕгыл цӕуы дзырд, уыцы рӕстӕджы нӕ цӕрӕм мах?» Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:1–4 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 9 сӕрыл.
◼ «Бирӕтӕ сагъӕс кӕнынц, адӕмы цард бонвыддӕр цӕмӕн кӕны, ууыл. Никуы ахъуыды кодтай, уый мӕнӕ ацы хъуыддаджы тыххӕй кӕй уыдзӕнис афтӕ?» Бакӕс Раргомад 12:9 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 10 сӕрыл.
◼ «Никуы дӕ фӕндыд мӕнӕ ацы фарстайӕн дзуапп базонын?» Бакӕс Иов 21:7 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 11 сӕрыл.
◼ «Куыд дӕм кӕсы, адӕм Библийӕ мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ куы хъусиккой, уӕд сӕ бинонты цард хуыздӕр нӕ уаид?» Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:33 ӕмӕ йӕ бауадз йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй ӕрныхас кӕн 14 сӕрыл.
Библийы ахуыр уацамынды хыгъды фыссӕн ис, кӕд адӕймаджы фӕнды дарддӕр ахуыр кӕнын ӕмӕ кӕд, ахуыр куыд фӕцӕуы, уый равдисыны фӕстӕ дыууӕ ахуыры ауагътай, уӕд.