Куыд ис дӕттӕн чиныг «Библи цы дзуры»
Ацы сыфы ис алыхуызон уынаффӕтӕ, чиныг «Библи цы дзуры» куыд дӕттӕн ис, уый фӕдыл. Хуыздӕр уыдзӕн, дӕхи ныхӕстӕй куы дзурай. Кӕд хъӕуа, уӕд-иу цӕвиттонтӕ гыццыл фӕив, стӕй чиныгӕй амынд абзацтӕ дӕр рагацау бакӕс. Уӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ныхас ӕндӕрхуызон дӕр ис райдайӕн (кӕс 2005 азы январы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», 8 ф.).
Армагеддон
◼ «Бирӕтӕ дзырд Армагеддон куы фехъусынц, уӕд сӕ цӕстытыл ауайы, ӕппӕт адӕм дӕр куыд сӕфынц, уый. Диссаг дӕм нӕ фӕкӕсдзӕн, куы базонай, Армагеддон, ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын кӕмӕ хъӕуы, ахӕм хабар кӕй у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Раргомад 16:14, 16.] Ӕркӕс-ма, Армагеддоны фӕстӕ цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй ам цы фыст ис, уымӕ». Рафӕлдах 82–84 фӕрстӕ ӕмӕ бакӕс 21 абзац.
Библи
◼ «Бирӕтӕ Библи нымайынц Хуыцауы Ныхасыл. Никуы ахъуыды кодтай, адӕм цы чиныг ныффыстой, уый Хуыцауы Ныхас куыд хъуамӕ уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс 2 Петры 1:21 ӕмӕ 19, 20 фӕрстыл 5 абзац.] Ацы чиныг Библийы руаджы дзуапп дӕтты ахӕм фарстытӕн». Равдис ын 6 фарсыл фыст фарстытӕ.
◼ «Абон адӕмӕн цас цыдӕртӕ у сӕ бон базонын, афтӕ никуы. Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, кӕм ис ссарӕн ахӕм зондджын уынаффӕтӕ, цӕмӕй нын царды фӕахъаз уой ӕмӕ амондджын уӕм? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 ӕмӕ 23 фарсыл 12 абзац.] Ацы чиныгӕй базонӕн ис, куыд цӕрын хъӕуы, цӕмӕй нӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕна ӕмӕ мах дӕр амондджын уӕм». Равдис ын фӕлгӕт ӕмӕ ныв 122, 123 фӕрстыл.
Мӕлӕт/Райгасдзинад
◼ «Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, зӕгъгӕ. Куыд дӕм кӕсы, уымӕн, уӕвгӕ, базонӕн ис? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Екклесиаст 9:5 ӕмӕ 58, 59 фӕрстыл 5, 6 абзацтӕ.] Ацы чиныг ма ӕмбарын кӕны, Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры,– мӕрдтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ,– уый куыд сӕххӕст уыдзӕн». Равдис ын, 75 фарсыл цы ныв ис, уый.
◼ «Исчи нын куы амӕлы, уӕд нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды, искуы ма йӕ куы фениккам, афтӕ нӕу? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕм рухс бакаст, Библи райгасы тыххӕй цы ныфс ӕвӕры, уый куы базыдтой, уӕд. [Бакӕс Иоанны 5:28, 29 ӕмӕ 72 фарсыл 16, 17 абзацтӕ.] Ацы сӕры ма ссардзынӕ дзуапп мӕнӕ ацы фарстытӕн дӕр». Равдис ын, 66 фарсыл райдианы цы фарстытӕ ис, уыдон.
Ӕнусон цард
◼ «Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕнды бирӕ азтӕ ӕмӕ ӕнӕнизӕй фӕцӕрын. Уымӕн гӕнӕн куы уаид, уӕд дӕ нӕ фӕндид ӕнустӕм цӕрын? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Раргомад 21:3, 4 ӕмӕ 53 фарсыл 17 абзац.] Ацы чиныджы дзырд цӕуы, нӕ бон куыд у ӕнустӕм цӕрын ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй».
Бинонтӕ
◼ «Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, нӕ бинонтимӕ амондджынӕй куы цӕриккам, афтӕ нӕу? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи дзуры иу хъуыддаджы тыххӕй, ӕмӕ уый фӕрцы бинонтӕй алкӕмӕндӕр у йӕ бон бинонты амондджын цардӕн ахъаз кӕнын – Хуыцауы уарзондзинад фӕзмын». Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2 ӕмӕ 135 фарсыл 4 абзац.
Хӕдзар
◼ «Бирӕ рӕтты адӕмӕн фӕзын и, сӕ къух цас амоны, уыцы аргъыл хорз хӕдзар ссарын. Куыд хъуыды кӕныс, искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ алкӕмӕндӕр хорз хӕдзар уа? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Исай 65:21, 22 ӕмӕ 34 фарсыл 20 абзац.] Ацы чиныг ӕмбарын кӕны, Хуыцау уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕндзӕн».
Иегъовӕ Хуыцау
◼ «Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй бирӕты фӕнды, ӕмӕ йӕм баввахс уой. Зоныс, Библи нын йӕхӕдӕг кӕй дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм? [Бауадз ӕй дзуапп раттын. Стӕй бакӕс Иаковы 4:8а ӕмӕ 16 фарсыл 20 абзац.] Ацы чиныг уый тыххӕй рацыд мыхуыры, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕна йӕхи Библийы руаджы Хуыцауы хуыздӕр базонын». Равдис ын, 8 фарсыл райдианы цы фарстытӕ ис, уыдон.
◼ «Бирӕтӕ кувынц Хуыцаумӕ, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ. Никуы хъуыды кодтай, уый цавӕр ном у, ууыл? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Псалом 82:19 ӕмӕ 195 фарсыл 1–3 абзацтӕ.] Ацы чиныгӕй базонӕн ис, Иегъовӕ Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый».
Йесо Чырысти
◼ «Ӕгас дунейы дӕр фехъуыстой Йесо Чырыстийы тыххӕй. Иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уый ӕрмӕстдӕр номдзыд адӕймаг уыд. Иннӕтӕ та йӕ нымайынц Дунедарӕг Хуыцауыл ӕмӕ йын кувынц. Куыд хъуыды кӕныс, исты уӕлдай у, Йесо Чырыстийы кӕуыл нымайӕм?» [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Иоанны 17:3 ӕмӕ 37, 38 фӕрстыл 3 абзац.] Йӕ хъус ын ӕрдар, уыцы сӕры райдианы цы фарстытӕ ис, уыдонмӕ.
Куывд
◼ «Искуы дӕ фӕндыд базонын, кӕд Хуыцау адӕймаджы куывдтытӕ фехъусы, уӕд ын куыд баххуыс кӕны? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс 1 Иоанны 5:14, 15 ӕмӕ 170–172 фӕрстыл 16–18 абзацтӕ.] Ацы сӕрӕй ма базонӕн ис, Хуыцаумӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, ӕмӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй-иу нӕ фехъуса».
Дин
◼ «Бирӕтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, зӕгъгӕ, динтӕ адӕмы хорз цардӕн кӕй нӕ ахъаз кӕнынц, фӕлӕ сын сӕ зындзинӕдты аххоссаг кӕй сты. Куыд хъуыды кӕныс, динтӕ адӕмы раст фӕндагыл кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Матфейы 7:13, 14 ӕмӕ 145 фарсыл 5 абзац.] Ацы сӕры ныхас цӕуы, Хуыцау растыл цы дин нымайы, уый цавӕр ӕхсӕз хъуыддагӕй ис базонӕн». Равдис ын, 147 фарсыл цы фыст ис, уый.
Бӕллӕхтӕ/Хъизӕмӕрттӕ
◼ «Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы, уӕд бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын райдайынц, зӕгъгӕ, Хуыцау ӕцӕгдӕр адӕмыл тыхсы ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ уыны? Ды ууыл искуы хъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс 1 Петры 5:7 ӕмӕ 11 фарсыл 11 абзац.] Ацы чиныгӕй базонӕн ис, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон куыд скӕндзӕн». Равдис ын, 106 фарсыл райдианы цы фарстытӕ ис, уыдон.
Хӕст/Сабырдзинад
◼ «Ӕгас дунейы адӕм дӕр бӕллынц сабырдзинадмӕ. Куыд дӕм кӕсы, зӕххыл сабырдзинад уа, уый ӕрмӕст бӕллиц у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Стӕй бакӕс Псалом 45:9, 10.] Ацы чиныджы дзырд цӕуы, Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр сабырдзинад куыд ӕрӕвӕрдзӕн, ууыл». Равдис ын, 35 фарсыл цы ныв ис, уый, ӕмӕ равзар 34 фарсыл 17–21 абзацтӕ.
[Рамкӕ 5 фарсыл]
Куыд ис зӕгъӕн мысайнӕгты тыххӕй
«Кӕд дӕ нӕ ӕппӕтдунеон куыстӕн мысайнаг раттын фӕнды, уӕд ӕй ӕхсызгонӕй райсдзынӕн, цасфӕнды ма уа, уӕддӕр».
«Нӕ литературӕ уӕй нӕ кӕнӕм, фӕлӕ исӕм мысайнӕгтӕ, цӕмӕй ӕппӕт дунейы нӕ куыст размӕ цӕуа».
«Чи зоны, ӕмӕ дис кӕныс, ацы куыст цӕй фӕрцы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕппӕт дунейы дӕр адӕм барвӕндон мысайнӕгтӕ кӕй дӕттынц, уый фӕрцы. Кӕд дӕу дӕр фӕнды мысайнаг раттын, уӕд ӕй ӕхсызгонӕй райсдзынӕн, цасфӕнды ма уӕд».