Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 3/05 1 ф.
  • Фылдӕр хъусдард Библимӕ!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фылдӕр хъусдард Библимӕ!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Парахат кӕн, ӕцӕгдзинады тыххӕй чи дзуры, уыцы журналтӕ
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • «Уӕхи цӕттӕ дарут»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • «Викторина»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 3/05 1 ф.

Фылдӕр хъусдард Библимӕ!

1. Райдианы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» сӕйраджыдӕр кӕмӕн уагъд цыд, ӕмӕ «Сыгъзӕрин ӕнус» та?

1 1919 азы 1 октябры мыхуыры рацыд журнал «Сыгъзӕрин ӕнус»-ы фыццаг номыр. Уый уацамынды сси тынг ахсджиаг кусӕнгарз. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фыццаджыдӕр рауагътой ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Уый «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй зӕгъӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ азты дӕргъы нымадтой сӕйраджыдӕр «гыццыл дзугӕн» чи цыд, ахӕм журналыл (Лук. 12:32). Паддзахады хъусынгӕджытӕ ног журналыл афтӕ тынг бацин кодтой, ӕмӕ «Сыгъзӕрин ӕнус» бирӕ азты дӕргъы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй зынгӕ фылдӕр мыхуыр кодтой.

2. «Сыгъзӕрин ӕнус» абон куыд хуыйны, ӕмӕ иууыл райдианӕй йӕ нысан цы уыд?

2 Журнал «Сыгъзӕрин ӕнус» мыхуыры уымӕн цыди, цӕмӕй адӕмӕн бамбарын кодтаид, сӕ зындзинӕдтӕ кӕй аскъуыддзаг уыдзысты ӕрмӕст Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы – уый уыдзӕн ӕцӕг сыгъзӕрин ӕнус. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ «Сыгъзӕрин ӕнус»-мӕ дӕр ивындзинӕдтӕ хастой, рӕстӕг куыд домдта, уымӕ гӕсгӕ. 1937 азы йӕ ном ивд ӕрцыд «Рӕвдыд»-ӕй. 1946 азы та сси «Райхъал ут!», ӕмӕ ныры онг дӕр ацы ном хӕссы.

3. «Райхъал ут!» цавӕр пехуымпарад сӕххӕст кӕнынӕн фӕахъаз?

3 Ацы журнал цӕуын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг ахъаз у, 1919 азӕй цы стыр ӕвдисӕнад райдыдтой дӕттын, уымӕн (Матф. 24:14). Фӕлӕ кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ раст уыдзӕн «Райхъал ут!»-ы ноджыдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын.

4. а) Адӕймаджы «Иегъовӕйы масты бон» фервӕзын куы фӕнда, уӕд ӕй цы аразын хъӕуы? ӕ) Раргомады 14:6, 7 гӕсгӕ «зӕд, арвы астӕуты тӕхгӕйӕ» алкӕмӕ дӕр цӕмӕ сиды?

4 Милуантӕ зӕрдиагӕй кӕсынц «Райхъал ут!», уымӕн ӕмӕ дзы вӕййы, динимӕ баст чи нӕу, бирӕ ахӕм цымыдисаг ӕрмӕг. Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай ӕдзух «Райхъал ут!» кӕй кӕсы. Фӕлӕ «Иегъовӕйы масты бон» фервӕзын кӕй фӕнды, уый хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй ӕдзух канд журналтӕ ма кӕса, фӕлӕ ноджы фылдӕр цыдӕртӕ араза (Соф. 2:3; Рарг. 14:6, 7).

5. а) 2006 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ «Райхъал ут!» йе ’ргом фылдӕр цӕмӕ здахдзӕн? ӕ) Бирӕты цы аразын бафӕнддзӕн ӕмӕ уымӕй цавӕр пехуымпарад сӕххӕст уыдзӕн?

5 Уӕдӕ 2006 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ «Райхъал ут!» йӕ хъус фылдӕр дардзӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый кӕсджыты разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн се ’ргом фылдӕр Библимӕ здахой, ӕмӕ цы цаутӕ цӕуы, уыдон «Райхъал ут!» ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕндзӕн Фыстадӕй. Афтӕмӕй кӕсджытӕ хуыздӕр ӕмбардзысты, цытӕ цӕуы, уыдоны нысаниуӕг ӕмӕ, чи зоны, цы кӕсынц, уый сӕ сразӕнгард кӕна Иегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонынмӕ (Зах. 8:23).

6, 7. а) Журнал «Райхъал ут!» бирӕтӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13 гӕсгӕ архайын? ӕ) «Райхъал ут!» куыд арӕх цӕудзӕн ӕмӕ ацы ивындзинад цал ӕвзагыл бандавдзӕн?

6 «Райхъал ут!» дарддӕр дӕр дзурдзӕн, алкӕмӕндӕр цымыдисаг чи уа, ахӕм темӕтыл. Фӕлӕ фылдӕр хъусдард цӕудзӕн Библимӕ (1 Фес. 2:13). Уӕдӕ кӕд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы Библи арф ӕвзӕрст фӕцӕуы ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы ӕрмӕг дӕр фылдӕр Фыстадыл бындуриуӕг кӕндзӕн, уӕд ӕнӕмӕнг нал у, цӕмӕй дарддӕр дӕр «Райхъал ут!» мӕй дыууӕ хатты цӕуа. Уымӕ гӕсгӕ 2006 азы 1 январӕй «Райхъал ут!» цӕудзӕн мӕй иу хатт. Уый руаджы бирӕ фӕхуымӕтӕгдӕр уыдзӕн нӕ литературӕйӕн ӕрмӕг цӕттӕ кӕнын, тӕлмац ӕй кӕнын ӕмӕ йӕ ӕрвитын.

7 Ацы ивындзинад фӕзындзӕн, «Райхъал ут!» цы ӕвзӕгтыл цӕуы, уыдонӕн сӕ 40 процентыл. Ныридӕгӕн ӕвзӕгтӕн сӕ фылдӕрыл «Райхъал ут!» цӕуы мӕй иу хатт кӕнӕ афӕдз цыппар хатты. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куыд цыди, дарддӕр дӕр афтӕ цӕудзӕн.

8. Хъусынгӕнджытӕ куыд парахат кӕндзысты «Райхъал ут!» «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-имӕ?

8 Хъусынгӕнджытӕн сӕ бон уыдзӕн алы мӕй дӕр «Райхъал ут!» парахат кӕнын, уыцы мӕйы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы номыртӕй кӕцыфӕндыимӕ дӕр. «Райхъал ут!» чи парахат кӕна, уыдон ӕнӕхъӕн мӕйы дӕргъы пайда кӕндзысты уыцы иу номыр ӕмӕ уыцы иу цӕвиттонӕй; ныр куыд у, афтӕ сӕ сӕ цӕвиттон мӕйы ӕмбисы ивын нал хъӕудзӕн.

9. Журнал «Райхъал ут!» дарддӕр дӕр цавӕр бынат ахсдзӕн?

9 1919 азы фыццаг хатт куы рацыд, уӕдӕй нырмӕ ацы журнал зыдтой «Сыгъзӕрин ӕнус», «Рӕвдыд», ӕмӕ абон та «Райхъал ут!»-ӕй ӕмӕ стыр бынат ахсы хъусын кӕныны хъуыддаджы. Мах кувӕм, цӕмӕй Иегъовӕ арфӕ кӕна ацы журнал парахат кӕнынӕн, цы ивындзинад дзы ӕрцыд, уыимӕ, ӕмӕ цӕмӕй баххуыс кӕна «ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» ноджы фылдӕр адӕмӕн, Хуыцауы Паддзахадмӕ, куыд сӕ иунӕг ныфсмӕ, раздӕхынӕн (Рарг. 7:9).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын