«Уӕхи цӕттӕ дарут»
1 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы дзырдта, ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты цы ахсджиаг цаутӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй, уӕд сын загъта, цӕмӕй «сӕхи цӕттӕ дардтаиккой» (Мар. 13:33, МСЕ). Чырыстӕттӕ сӕхи цӕттӕ цӕмӕ хъуамӕ дарой? Уымӕн ӕмӕ мах цӕрӕм адӕймагады историйы ӕппӕты тӕссагдӕр рӕстӕджы. Мах хъуамӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй ма бафынӕй уӕм. Кӕннод нын Иегъовӕ ацы фӕстаг бонты цы хъуыддаг бабар кодта, уымӕн аргъ нал кӕндзыстӕм. Цавӕр хъуыддаг у уый?
2 Иегъовӕ йӕ адӕмӕн бахӕс кодта ӕппӕт зӕххыл йӕ Паддзахады, адӕймагады иунӕг ныфсы тыххӕй хорз уацхъуыд фехъусын кӕнын. Хуыцауы организациимӕ лӕггадгӕнгӕйӕ мах ӕвдисӕм, ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм ӕмӕ кӕй ӕмбарӕм, иннӕтӕн «ӕнусон царды дзырдтӕ» фехъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый (Иоан. 6:68, «Мах дуг», 1992 аз, №5). Ацы тынг ахсджиаг хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ духовон ӕгъдауӕй цӕттӕ кӕй стӕм.
3 Разӕнгард стӕм хъусын кӕнынмӕ: Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хъуамӕ нӕ лӕггаддзинадмӕ раст цӕстӕнгас уа. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ алкӕйдӕр разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ (1 Кор. 9:16, 17). Афтӕмӕй мах нӕхи дӕр фервӕзын кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕм чи хъусы, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16). Уӕдӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕдзухдӕр ӕмӕ цас бахъӕуа уыйбӕрц хъусын кӕнӕм, адӕймагадӕн ӕппӕты хуыздӕр хицауады тыххӕй — Хуыцауы Паддзахады тыххӕй!
4 Нӕ лӕггаддзинадӕн аргъӕвӕн кӕй нӕй, уый бӕрӕг у иу ахсджиаг хъуыдыйӕ — стыр зындзинад райдайдзӕн, нӕ куыст йӕ тӕккӕ тӕмӕны куы уа, уӕд. Уыцы бон ӕмӕ сахат кӕй нӕ зонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕхи цӕттӕ дарӕм, Иегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕвӕрӕм (Еф. 6:18). Уацамынды хъуыддаг цӕуы размӕ. Фӕлӕ тагъд, иу бон, адӕймагады историйы ӕппӕты стырдӕр уацамынды хъуыддаг ӕрлӕудзӕн.
5 Уӕдӕ архайӕм Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, «уӕхи цӕттӕ дарут», зӕгъгӕ. Абоны хуызӕн ахсджиаг уый никуы уыд. Ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы хъуыддагӕн аргъӕвӕн кӕй нӕй, уый. Абон дӕр ӕмӕ алы бон дӕр духовон ӕгъдауӕй уӕм ӕвронг, цӕттӕ ӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнӕм. О, «уыдзыстӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвронг» (1 Фес. 5:6).