Аргъ кӕнӕм, цы кад нӕм ӕрхауд, уымӕн!
1 Адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй нырмӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн лӕвӕрдта алыхуызон кадджын хӕстӕ (Лук. 1:41, 42; Ап. хъ. 7:46; Фил. 1:29). Уыцы кадджын хӕстӕ дӕтгӕйӕ нӕ каст, нӕлгоймӕгтӕ сты ӕви сылгоймӕгтӕ, цы кары сты ӕмӕ цы бынат ахсынц, уымӕ. Абон та нын цавӕр кадджын хӕстӕ дӕтты?
2 Нӕ кадджын хӕстӕ ӕмӕ фадӕттӕй иуӕй-иутӕ. Йегъовӕ нын стыр кад кӕны, кӕй нӕ ахуыр кӕны, уымӕй (Матф. 13:11, 15). Ӕмбырды Йегъовӕйы нӕ дзуаппытӕй кӕй бӕрзонд кӕнӕм, уый дӕр нын у стыр кад (Пс. 34:18). Куы нӕ бафӕрсынц, уӕд дзуапп раттӕм зӕрдиагӕй. Ӕмбырды ныл цы хӕстӕ ис, уыдон дӕр кӕд кадджыныл нымайӕм, уӕд сӕ куыдфӕндыйӕ не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Цы цӕстӕй ракӕсӕм, Паддзахады зал бафснайын ӕмӕ йӕм базилыны кад нӕм куы ӕрхауы, уӕд?
3 Бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнынц, Хуыцау сын сӕ куывдтытӕ хъусы ӕви нӕ. Мах та бӕлвырд зонӕм, Дун-дунейы ӕппӕты бӕрзонддӕр ӕмӕ кадджындӕр чи у, уый нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы (Ӕмб. 15:29). Йегъовӕ йӕ адӕмы куывдтытӕ никӕй бар бакӕны, йӕхӕдӕг сӕм фӕхъусы (1 Пет. 3:12). Стӕй нын афтӕ дӕр никуы фӕдзуры, зӕгъгӕ мӕм ӕгӕр арӕх фӕкувут. Цӕй диссаджы арфӕдзинад у, нӕ бон кӕй у «алцӕй тыххӕй дӕр» кувын! (Еф. 6:18).
4 «Мах кусӕм Хуыцауимӕ». Цы кадджын хӕстӕ ныл ис, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр у – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (1 Кор. 3:9). Ацы куыст хӕссы стыр удӕнцой ӕмӕ циндзинад (Иоан. 4:34). Кӕд Йегъовӕйы ацы хъуыддаджы ӕххуысгӕнджытӕ нӕ хъӕуынц, уӕддӕр нын ӕй нӕ бӕрны бакодта, ӕмӕ уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг у (Лук. 19:39, 40). Фӕлӕ Йегъовӕ ацы кадджын хӕс алкӕмӕндӕр нӕ дӕтты. Хъусын чи кӕны, уыдон хъуамӕ цӕрой Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ (Ис. 52:11). Хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиагыл кӕй нымайӕм, уый бӕрӕг у, къуырийы мидӕг нын цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдоны ’хсӕн ын цы бынат ис, уымӕй?
5 Йегъовӕ нын цы кадджын хӕстӕ дӕтты, уыдоны фӕрцы нӕ циныл цин бафты (Ӕмб. 10:22). Макуы сӕм кӕс куыдфӕндыйы цӕстӕй! Цы кадджын хӕстӕ ныл ис, уыдонӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕй кӕнӕм, уый нӕ цардӕй бӕрӕг куы уа, уӕд рухс кӕндзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис... ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» чи дӕтты, уый зӕрдӕ (Иак. 1:17).