Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 4–5 фф.
  • Разамонӕг советы писмо

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Разамонӕг советы писмо
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый «таут» ӕмӕ фылдӕр хӕстӕм тырнут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы организаци
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, фылдӕр хӕстӕм тырнут?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Хорз хабар хъусын кӕнӕм
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 4–5 фф.

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ ӕмкусджытӕ!

Цӕй стыр кад у, иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм! Мах стӕм Хуыцауы «ӕмкусджытӕ». Нӕ бар нын бакодта, адӕмы ирвӕзындзинад кӕуыл у баст, уыцы табуйаг хъуыддаг – адӕмӕн йе ’вӕрд Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын (1 Кор. 3:9; Матф. 28:19, 20). Цӕмӕй ацы ахсджиаг хъуыддаг ӕнӕхъӕн дунейы дӕр иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл (1 Кор. 14:40).

Ацы чиныджы фӕрцы бамбардзынӕ, абон чырыстон ӕмбырд куыд архайы, уый. Дзырд дзы цӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алкӕуыл дӕр цавӕр кадджын хӕстӕ ис, ууыл. Уыцы хӕстӕн куы аргъ кӕнай ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнай, уӕд бонӕй-бонмӕ дӕ «уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн» (Хъуыд. 16:4, 5; Гал. 6:5).

Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, ацы чиныгмӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсис. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы зонындзинӕдтӕй дӕ бон куыд у дӕ царды спайда кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд ӕрӕджы ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сдӕ, уӕд дӕ дарддӕр цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй донаргъуыд райсай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай? Кӕд донаргъуыд райстай, уӕд та дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цӕуай ӕмӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнай? (1 Тим. 4:15). Науӕд дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна? (2 Кор. 13:11). Ацы фарстатӕн дзуапп ссардзынӕ ацы чиныджы.

Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр та хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнай? Хуыцауы организацимӕ мингай адӕм кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ ӕхсызгонӕй хъӕуы, йӕ цард Библийы домӕнтӕм гӕсгӕ чи аразы, ахӕм ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй ӕмбырдты разамынд дӕттой. Ацы чиныгӕй хуыздӕр бамбардзынӕ, уыцы нысӕнттӕм «тырнай», уый цы нысан кӕны (1 Тим. 3:1).

Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм, цӕмӕй ацы чиныджы фӕрцы фенай, йӕ организацийы дын цы бынат ис, уый ӕмӕ йын аргъ кӕнай. Алкӕй дӕр уӕ бирӕ уарзӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр кувдзыстӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн ӕнустӕм зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕна (Пс. 37:10, 11; Ис. 65:21–25).

Уе ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын