Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, фылдӕр хӕстӕм тырнут?
1. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ кӕд хъуамӕ райдайой архайын, 1 Тимофеймӕ 3:1 цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ?
1 Фылдӕр хӕстӕм «чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы» (1 Тим. 3:1). Ацы ныхӕстӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕм тырной. Цымӕ ӕрыгӕттӕн дӕр сӕ бон у фылдӕр хӕстӕм тырнын? О, ӕрыгонӕй фылдӕр хӕстӕм тырнат, уымӕй хуыздӕр ницы ис. Афтӕмӕй бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр уыдзыстут, ӕмӕ гыццыл куы байрӕзат, уӕд уӕ бон уыдзӕн равдисын, уый аккаг кӕй стут, цӕмӕй уӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй снысан кӕной (1 Тим. 3:10). Кӕд ӕрыгон донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ бон куыд у фылдӕр хӕстӕм тырнын?
2. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнай?
2 Удуӕлдайдзинад. Рох дӕ ма уӕд, кадджын ном скӕнынмӕ кӕй нӕ тырныс, фӕлӕ хорз хъуыддагмӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дӕхиуыл кусай, цӕмӕй дӕ зӕрдиагӕй фӕнда дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Уыцы хъуыддаджы дын стыр ӕххуыс уыдзӕн Йесойы цӕвиттон (Матф. 20:28; Иоан. 4:6, 7; 13:4, 5). Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ иннӕтыл тынгдӕр тыхсай (1 Кор. 10:24). Дӕ бон у ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын? Паддзахады залы территорийы кӕрдӕг ӕркӕрдын, мит ахафын кӕнӕ ӕндӕр ахӕм куыстытӕ бакӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕнӕзивӕгӕй фӕархайыс? Хъусынгӕнджыты скъолайы искӕй бӕсты раныхас радзурын куы бахъӕуы, уӕд баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййыс? Удуӕлдайӕ куы архайай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын амондджын хъуыддаг кӕй у (Хъуыд. 20:35).
3. Фидар уырнындзинад ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ йӕ дӕ бон куыд у фидар кӕнын?
3 Фидар уырнындзинад. Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕм ӕфсымӕры сӕйраджыдӕр хъӕуынц цавӕрдӕр курдиӕттӕ нӕ, фӕлӕ фидар уырнындзинад. Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг алцӕмӕдӕр фӕкӕсы Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕстӕй (1 Кор. 2:15, 16). Бӕрӕг вӕййы, кӕй йӕм ис, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» (Гал. 5:22, 23). Уый вӕййы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг ӕмӕ йын фыццаг бынаты вӕййынц Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Матф. 6:33). Цӕмӕй дӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фӕзына, уый тыххӕй дӕ хъӕуы Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Уымӕ хауы алы бон дӕр Библи кӕсын, алы ног брошюрӕ дӕр кӕсын, стӕй алы фембӕлдмӕ дӕр цӕттӕйӕ цӕуын (Пс. 1:1, 2; Дзут. 10:24, 25). Павел ӕрыгон Тимофейы разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр архайдтаид ӕмӕ ныффыста: «Дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ» (1 Тим. 4:15, 16). Уӕдӕ дын Хъусынгӕнджыты скъолайы раныхас куы бахӕс кӕнынц, уӕд-иу ӕй хорз бацӕттӕ кӕн. Хъусын кӕныны размӕ дӕр-иу дӕхи бацӕттӕ кӕн ӕмӕ архай, цӕмӕй уацамынды арӕх цӕуай. Дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр, зӕгъӕм, пионерӕй кӕнӕ Вефилы лӕггад кӕнын йе та, ӕнӕус ӕфсымӕртӕн цы Скъола ис, уым сахуыр кӕнын ӕмӕ, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй дӕ къухы бафтой. Дӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, «ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидзын» (2 Тим. 2:22).
4. Ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ иузӕрдион уай, уый хорз цӕмӕн у?
4 Ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ иузӕрдион у. Фыццаг ӕнусы, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы чырыстӕттӕн хӕринаг уарынӕн равзӕрстой, «хорз ном кӕмӕн уыд», ома ӕууӕндӕн кӕуыл уыд ӕмӕ иузӕрдион чи уыд, ахӕм ӕфсымӕрты. Афтӕмӕй апостолтӕ нӕ тыхстысты, уыцы куыст куыд сӕххӕст кӕндзысты, ууыл, ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм (Хъуыд. 6:1–4). Уӕдӕ дын ӕмбырды исты куы бахӕс кӕной, уӕд-иу ӕй зӕрдиагӕй сараз. Ной дын фӕзминаг уӕд. Ной нау сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райд. 6:22). Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыцы лӕггадгӕнджытӕ вӕййынц иузӕрдион, ӕмӕ сын Йегъовӕ стыр аргъ кӕны (1 Кор. 4:2; кӕс рамкӕ «Ахуыр кӕнын пайда у»).
5. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ фылдӕр хӕстӕм цӕмӕн хъуамӕ тырной?
5 Йегъовӕ пехуымпары уылты загъта, адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддаг йӕ рӕстӕджы кӕй фӕтагъд кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц (Ис. 60:22). Рӕстӕмбис нымадӕй, алы аз дӕр донаргъуыд райсы 250 000 адӕймаджы. Ӕмӕ ӕмбырдты бирӕ ногтӕ кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм нӕлгоймӕгты ӕххуыс. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы абон куыд бирӕ куыст ис, афтӕ никуыма уыд (1 Кор. 15:58). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, фылдӕр хӕстӕм тырнут? Кӕд о, уӕд ӕцӕгдӕр тынг хорз хъуыддагмӕ бӕллут!
[Хицӕнгонд текст 2 фарсыл]
Ӕмбырдты бирӕ ногтӕ кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм нӕлгоймӕгты ӕххуыс
[Рамкӕ 3 фарсыл]
Ахуыр кӕнын пайда у
Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн стыр пайда у, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бабар кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕахуыр кӕнынц, уый. Иу районон цӕстдарӕг ӕмбырды фӕстӕ сценӕйыл бадти ӕмӕ иу хъусынгӕнӕджы фидар кодта. Ӕфсымӕр бафиппайдта, сценӕйы цур иу гыццыл лӕппу кӕй лӕууы ӕмӕ йӕ бафарста, мыййаг дӕ мемӕ аныхас кӕнын фӕнды, зӕгъгӕ. Ӕрыгон ӕфсымӕр ын загъта, йӕ хӕс кӕй у алы фембӕлды фӕстӕ дӕр сценӕ пылесос кӕнын. Йӕ ныййарджытӕ хӕдзармӕ цӕуынмӕ цӕттӕ уыдысты, фӕлӕ лӕппуйы нӕ фӕндыд йӕ хӕслӕвӕрд ӕнӕ кондӕй ныууадзын. Районон цӕстдарӕг сценӕйӕ рахызт ӕмӕ загъта: «Ацы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕй иуы дӕр ӕнӕ хӕслӕвӕрдӕй нӕ уадзынц, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнынц. Ӕмӕ ацы ӕмбырд куы фӕбӕрӕг кӕнын, уӕд афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕй рекомендаци макӕмӕн раттой, цӕмӕй йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕной».