Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/04 1 ф.
  • Де ’ххуыс тынг хъӕуы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Де ’ххуыс тынг хъӕуы
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн стыр аргъ ис
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Ӕфсымӕртӕ, сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый «таут» ӕмӕ фылдӕр хӕстӕм тырнут!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, фылдӕр хӕстӕм тырнут?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2013
  • Ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм фылдӕр хӕстӕм тырнынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 12/04 1 ф.

Де ’ххуыс тынг хъӕуы

1 «Бузныг уын, нӕ хӕрзӕбонӕн цыдӕриддӕр аразут, уый тыххӕй. Стыр ӕххуыс нын стут». Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, куыд бузныг стӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Хуыцауы организаци ӕдзух дӕр рӕзы, ӕмӕ ӕппӕт дунейыл цы 100 мины бӕрц ӕмбырды ис, уым лӕггад кӕнынӕн хъӕуы фылдӕрӕй-фылдӕр фӕлтӕрд нӕлгоймӕгтӕ. Кӕд ды дӕр аргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд де ’ххуыс тынг хъӕуы.

2 Фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ тырн. Цы кӕнын дӕ хъӕуы, фылдӕр лӕггад кӕнын дӕ куы фӕнда, уӕд? (1 Тим. 3:1). Сӕйраджыдӕр, дӕ алыварс адӕмӕн царды алы хъуыддаджы дӕр фӕзминаг у (1 Тим. 4:12; Тит. 2:6–8; 1 Пет. 5:3). Хъусын кӕныны куыст зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕн (2 Тим. 4:5). Де ’мчырыстӕттыл зӕрдиагӕй тыхс (Ром. 12:13). Хуыцауы Ныхас хорз ахуыр кӕн ӕмӕ архай ахуыргӕнӕджы дӕсныйад фӕхуыздӕр кӕныныл (Тит. 1:9; 1 Тим. 4:13). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын цы бахӕс кӕнынц, уый зӕрдиагӕй араз (1 Тим. 3:10). Кӕд бинонты хистӕр дӕ, уӕд дӕ «хӕдзарӕн хорз уынаффӕгӕнӕг» у (1 Тим. 3:4, 5, 12).

3 Фылдӕр хӕстӕм чи тырны, уый хъуамӕ йӕ хъарутыл ма ауӕрда, иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхса (1 Тим. 5:17). Уымӕ гӕсгӕ, архай иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын (Матф. 20:25–28; Иоан. 13:3–5, 12–17). Хъуыды кӕн Тимофейы цӕвиттоныл ӕмӕ йӕ фӕзм (Фил. 2:20–22). Ды дӕр уыйау дӕ хорз уагахастӕй бӕрӕг дар (Ап. к. 16:1, 2). Фылдӕр хӕстӕ райсынӕн дӕ ӕнӕмӕнг цы чырыстон миниуджытӕ хъӕуы, уыдоныл куы кусай ӕмӕ иннӕты уынаффӕтӕм куы хъусай, уӕд «дӕ ӕнтыстдзинад ӕппӕтӕн дӕр уыдзӕн ӕргом» (1 Тим. 4:15).

4 Ныййарджытӕ, ӕрыгӕтты ахуыр кӕнут иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Сывӕллӕтты иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын ахуыр кӕнын райдайӕн ис хӕрз гыццылӕй дӕр. Ахуыр сӕ кӕнут фембӕлдты хъусын, хъусын кӕнын, стӕй се ’гъдауӕй фӕзминаг куыд уой Паддзахады залы дӕр ӕмӕ скъолайы дӕр. Амонут сын иннӕтӕн лӕггад кӕнын, зӕгъӕм, Паддзахады зал ӕфснайын, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын. Уадз ӕмӕ, дӕттын куыд ӕхсызгон у, уый банкъарой (Ап. к. 20:35). Афтӕ сӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд сын баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй фидӕны суой пионертӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын