Фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ тырнӕм
1 Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодтаиккой ӕмӕ уый «ноджы зӕрдиагдӕрӕй» арӕзтаиккой (1 Фес. 4:1). Махӕн та ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Ӕдзухдӕр хъуамӕ фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм ӕмӕ «нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм» (2 Тим. 4:5).
2 Цӕмӕн лӕггад кӕнӕм. Фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ уый тыххӕй тырнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды не Сфӕлдисӕджы зӕрдӕ ноджы тынгдӕр рухс кӕнын. Мах фӕнды нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ фадӕттӕ агурын, цӕмӕй хуыздӕр лӕггад кӕнӕм. Алцыдӕр хорз куы пълан кӕнӕм ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйы куы архайӕм, уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм, уыдон нӕ къухы ӕфтдзысты (Пс. 1:1, 2; Фил. 4:6; Дзут. 10:24, 25).
3 Цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахуыр кӕнӕм дӕттын ӕмӕ нӕхиуыл ма ауӕрдӕм. Ахӕм зӕрдӕйы уаг нын уыдзӕн, куы кувӕм ӕмӕ Чырысти куыд лӕггад кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Матф. 20:28). Йесойӕн стыр цин хаста, адӕмӕн кӕй лӕггад кодта, уый (Ап. хъ. 20:35). Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау адӕмыл зӕрдиагӕй тыхсын ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм (Ис. 6:8).
4 Ныййарджыты хӕс. Сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнӕн ис, цӕмӕй сӕ фӕнда иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Сывӕллӕттӕ фӕуынынц, сӕ бинонтӕ куыд зӕрдиагӕй архайынц ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ кӕй тырнынц. Иу ӕфсымӕры фылдӕр лӕггад кӕнын бафӕндыд, гыццылӕй йӕ мадыфыдимӕ ӕмбырды хъуыддӕгты кӕй архайдта, уый фӕрцы. Йӕ мадыфыд ӕппӕт хъарутӕй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй куыд архайдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд ӕмбырды ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнынӕн фадӕттӕ агурын. Ӕмӕ ныр у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр.
5 Хъӕуы фылдӕр ӕфсымӕртӕ. Фылдӕр лӕггад кӕнынмӕ «чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы» (1 Тим. 3:1). Ацы ныхӕстӕ ӕфсымӕрты разӕнгард кӕнынц ахӕм миниуджытыл кусынмӕ, цӕмӕй сӕ бон уа Йегъовӕйы организацийы кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Уый тыххӕй стыр курдиӕттӕ нӕ хъӕуы. Ӕфсымӕр хъуамӕ архайа йӕ царды Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты ӕвӕрыныл ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕныныл (Матф. 6:33; 2 Тим. 4:5). Стӕй хъуамӕ иннӕтӕн дӕр фӕзминаг уа.
6 Ӕгас дунейы дӕр. Йегъовӕ адӕмы ӕмбырд кӕныныл тагъд кӕны (Ис. 60:22). Уымӕ гӕсгӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайой ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕной. 2006 лӕггады азы хыгъдмӕ гӕсгӕ донаргъуыд райста 248 327 адӕймаджы. Рӕстӕмбис нымадӕй алы бон дӕр донаргъуыд иста 680 адӕймаджы! Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм.