Фӕнды дӕ фылдӕр аразын?
1 Йесо Хуыцауы Паддзахад абарста тынг зынаргъ хӕзнаимӕ (Матф. 13:44—46). Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр у зынаргъ хӕзна. Уыцы хъуыддаг нӕ царды хъуамӕ ахса фыццаг бынат, кӕд нӕ ӕппӕт тыхтӕй архайгӕйӕ, нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын бахъӕуы, уӕддӕр (Матф. 6:19—21). Фӕнды дӕ Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр аразын?
2 Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы аразын. Цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ 1) фидарӕй сфӕнд кӕнӕм нӕ царды Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын (Матф. 6:33); 2) Иегъовӕйыл ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм (2 Кор. 4:1, 7); 3) ӕппынӕдзух зӕрдиагӕй кувӕм Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй (Лукайы 11:8—10); 4) нӕ куывтытӕм гӕсгӕ архайӕм (Иак. 2:14, 17).
3 Куыд ис фылдӕр лӕггад кӕнӕн. Фыццаг уал нӕ алкӕй бон дӕр у йӕ разы нысан сӕвӕрын — алы мӕй дӕр лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын. Фӕлӕ ма ахъуыды кодтай, цы ис саразӕн, цӕмӕй искуыдӕм цӕугӕйӕ, адӕмимӕ ӕцӕгады тыххӕй ныхас кӕнай, дӕ ныхас хуыздӕр райдайай, дыккаг бацыдтӕ ӕнтыстджындӕрӕй кӕнай ӕмӕ ма искӕимӕ хӕдзары Библи ӕнтыстджынӕй ахуыр кӕнай? Дӕ бон нӕ уаид ӕххуысгӕнӕг кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, науӕд та ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын? Кӕд аргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ бон нӕу дӕ разы нысан сӕвӕрын, цӕмӕй службӕйон ӕххуысгӕнӕгӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнай? (1 Тим. 3:1, 10). Дӕ бон нӕу Вефилмӕ, Лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕныны скъоламӕ кӕнӕ Галаады скъоламӕ, миссионерты кӕм цӕттӕ кӕнынц, уырдӕм анкетӕ байдзаг кӕнын? (Лукайы 10:2).
4 Ӕнӕхъӕн бон чи куыста ӕмӕ бирӕ рӕстӕг спортыл чи хардз кодта, иу ахӕм ӕфсымӕры сразӕнгард кодтой пионерӕй лӕггад кӕнынмӕ. Уый райдыдта ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, стӕй йӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады хайад исын. Уый фӕстӕ каст фӕци Лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕныны скъола ӕмӕ йын уый ныр ӕххуыс кӕны районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнынӕн. Уымӕн тынг ӕхсызгон у, йӕ рӕстӕджы йын цы уынаффӕ радтой, уымӕ кӕй байхъуыста, ӕмӕ зоны, Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр архайын кӕй райдыдта, уый руаджы бирӕ амондджындӕр кӕй у, уый.
5 Иегъовӕ арфӕ кӕны, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уыдонӕн (Ис. 6:8). Уӕдӕ дӕ фылдӕр лӕггад кӕнынӕн, фылдӕр ӕхцондзинад ӕмӕ циндзинад исынӕн мацы бахъыгдарӕд.