Ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинад у арфӕйаг хъуыддаг
1 Ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ фидӕныл арӕх фӕхъуыды кӕнынц. Ӕмбисӕндты 21:5-ӕм стихы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «зӕрдӕбынӕй чи кусы, уый пълӕнттӕ... пайда ӕрхӕссынц». Ды дӕр дӕ цардыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый пайда хӕсдзӕн. Истытӕ рагацау куы пълан кӕнай, уӕд ма ахъуыды кӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады тыххӕй дӕр. Цӕмӕн?
2 Ӕрыгонӕй пионерӕй чи лӕггад кодта, уыдоны куы бафӕрсай сӕ хъуыдыйӕ, уӕд дын иууылдӕр иухуызон дзуапп ратдзысты: «Уый уыд мӕ царды ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг!» Ӕрыгонӕй пионерӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ уый арфӕдзинӕдтӕ кӕмӕн ӕрхаста, иу ахӕм ӕфсымӕр фӕстӕдӕр загъта: «Ме ’рыгон бонтӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Ныр мӕ бон у зӕгъын, кӕй байхъуыстон зондджын уынаффӕмӕ: „Дӕ зӕрдыл дар де Скӕнӕг Хуыцауы де ’рыгон бонты“» (Екк. 12:1). Цӕмӕй де ’рыгон бонтӕй дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ды дӕр ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ дӕр алцыдӕр рагацау хорз спълан кӕнат.
3 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты разӕнгард кӕнут ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадмӕ. Иегъовӕ уын уарзӕгой Фыдау хорз ӕвдисы, цы фӕндагыл уӕ хъӕуы цӕуын, уый (Ис. 30:21). Ахӕм разамынд уый хӕларзӕрдӕйӕ кӕй дӕтты, уымӕй чырыстон ныййарджытӕн у фӕзминаг. Уӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ ма ӕвзарой, хуыздӕр сын цы у, уый, фӕлӕ сӕ хъуамӕ сымах ахуыр кӕнат раст фӕндагыл цӕуын. Афтӕмӕй Иегъовӕйӕ арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Уӕ амындтӕ сын фӕстӕдӕр, стырӕй, ӕххуыс кӕндзысты «хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад иртасынӕн» (Дзут. 5:14, НФ). Хистӕртӕ сӕхицӕй зонынц, ӕрмӕст хи зондӕй кӕй нӕй архайӕн; хъуамӕ Иегъовӕйыл ӕууӕндой, цӕмӕй сын сӕ фӕндӕгтӕ раст кӕна (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ Иегъовӕйыл ноджы тынгдӕр хъуамӕ ӕрыгӕттӕ ӕууӕндой, уымӕн ӕмӕ сӕм царды фӕлтӕрддзинад нӕй.
4 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕ куы фембаргӕдӕр уой, уӕд семӕ ӕргом аныхас кӕнут, цавӕр дӕсниад райсын сӕ фӕнды, ууыл. Скъолайы сын сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ се ’мкъласонтӕ дзурдзысты, цӕмӕй равзарой, фылдӕр ӕхца бакусӕн кӕм уа, ахӕм куыст. Дӕ сывӕллӕттӕн равзар ахӕм предметтӕ, сомбон сын сӕхи дарынӕн чи баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сын Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг чи дӕтдзӕн (1 Тим. 6:6—11). Цӕмӕй адӕймаг йӕхи дӕр дара ӕмӕ ма пионерӕй дӕр лӕггад кӕна, уый тыххӕй фылдӕр хатт фаг вӕййы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ цавӕрдӕр дӕсныйад райсын кӕнӕ та куыстмӕ бацӕуын ӕмӕ уым исты дӕсныйадыл сахуыр кӕнын.
5 Дӕ кӕстӕртӕн дзур, цӕмӕй бинонтӕ скӕныныл тагъд ма кӕной. Фӕстӕдӕр сӕ сӕ цард искӕимӕ баиу кӕнын куы бафӕнда, уӕд бинонты царды уаргъ хӕссын уыдзӕн ӕнцондӕр. (Кӕс 2001 азы июны «Нӕ паддзахадон лӕггаддзинад»-ы уӕлӕмхасӕн сыф, «Дӕ бон у зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз“?», 19 абзац.) Уӕ сывӕллӕттимӕ, гыццылтимӕ дӕр, ныхас кӕнут, пионерӕй, Вефилы, миссионерӕй лӕггад кӕныны ӕмӕ фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм территорийы хъусын кӕныны хорзӕй цы ис, ууыл. Уый сын баххуыс кӕндзӕн, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуа, иннӕтӕн пайда чи уа ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр райгонд кӕмӕй уой, ахӕм фӕндаг равзарынӕн.
6 Фӕсивӕд, фыццаг бынаты ӕвӕрут ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинад. Кӕстӕртӕ, ӕгӕр бирӕ ма рахъуыды-бахъуыды кӕнут, пионерон лӕггаддзинад цы у, ууыл, фӕлӕ уӕхӕдӕг бацархайут ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕныныл ахуыры азы дӕргъы кӕнӕ та уын каникулты рӕстӕджы фадат куы фӕзына, уӕд. Уый фӕстӕ базондзыстут, пионерӕй лӕггад кӕнын стыр арфӕдзинад кӕй у! Дӕ бон нӕу рагацау спълан кӕнын, цӕмӕй ардыгӕй сӕрды фӕудмӕ ӕххуысгӕнӕг пионерӕй балӕггад кӕнай?
7 Хуыцауы организацийы ӕрыгон ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ бон у лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, цӕмӕй службӕйон ӕххуысгӕнӕджы домӕнтӕ ӕххӕст кӕной (1 Тим. 3:8—10, 12). Уымӕй уӕлдай ма сӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, сӕ кар сын фадат куы дӕтта, уӕд сӕ фӕнддзӕн Вефилы лӕггад кӕнын кӕнӕ Лӕггаддзинад фӕхуыздӕр кӕныны скъола каст фӕуын. Пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ сахуыр уыдзынӕ ахсджиаг хъуыддӕгтыл, зӕгъӕм, дӕ хъуыддӕгтӕ рагацау пълан кӕнын ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ кӕнын, базондзынӕ адӕмимӕ цӕрын ӕмӕ алцыдӕр ӕгъдауыл кӕнын. Уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр ӕххуыс кӕнынц фылдӕр лӕггад кӕнынӕн.
8 Адӕймаг цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй Хуыцауы хъуыддӕгты хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр зӕрдиагӕй архайа. Апостол Павелы фӕндыд, цӕмӕй чырыстӕттӕн уыдаид ахӕм зондахаст ӕмӕ бамбарын кодта, уый арфӕйаг хъуыддаг кӕй у: «Ӕмӕ цы кӕнут, ӕппӕтдӕр кӕнут зӕрдиагӕй, куыд... Хицауӕн [«Иегъовӕйӕн», НД], зонгӕйӕ, Хицауӕй [«Иегъовӕйӕ», НД] кӕй райсдзыстут фиддонӕн бынтӕ [«аккаг хорзӕх», НД]» (Кол. 3:23, 24). Цӕй уӕдӕ уын Иегъовӕ уӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадӕн арфӕ кӕнӕд!