Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/10 3–5 фф.
  • «Дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн!»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн!»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Ныр у хъусын кӕныны афон!
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Раздӕр пионерӕй лӕггад кодтай?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Дӕ бон у Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
km 5/10 3–5 фф.

«Дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн!»

1. Иу хо пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй цы загъта?

1 Чилийы (Хуссар Америкӕ) бирӕ азты пионерӕй зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыцы хо, Кейт Палм, йӕ лӕггады тыххӕй загъта: «Мӕ уырнындзинад мын афтӕ тынг ницы бафидар кодта ӕмӕ мын уыйбӕрц циндзинад ницы ӕрхаста». Пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдон бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ дын, чи зоны, исчи афтӕ дӕр загъта: «Дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн!».

2. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ адӕймаг ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ уыдзӕн ӕцӕг амондджын?

2 Ӕппӕты хуыздӕр царды фӕндаг. Йесо Чырыстийӕн тынг ӕхсызгон уыд йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын (Иоан. 4:34). Уӕдӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый тыххӕй дзырдта, зӕгъгӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн ӕцӕг амондджын. Нӕ царды нын, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ сӕйрагдӕр куы уой, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын. Нӕ рӕстӕгыл, нӕ хъарутыл ӕмӕ нӕм цы ис, ууыл иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн куы нӕ ауӕрдӕм, уӕд нӕ цардӕй ноджы райгонддӕр уыдзыстӕм (Ап. хъ. 20:31, 35).

3. Фылдӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау куыд раарфӕ кӕндзӕн?

3 Фылдӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайынӕн. Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ адӕм хорз хабармӕ нал хъусынц. Фӕлӕ, цас фылдӕр хъусын кӕнӕм ӕмӕ цас арӕхстджындӕр свӕййӕм, афтӕ нӕ участоктӕм дӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайӕм. Уымӕй уӕлдай пионертӕ иу азы фӕстӕ рацӕуынц Пионерты скъола ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ базонынц, ӕмӕ уый сӕ лӕггадыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны (2 Тим. 2:15). Пионерӕй дарддӕр дӕр куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, фӕстӕдӕр хорз тыллӕг чи ратдзӕн, ахӕм хуым байтауын (Еккл. 11:6).

4. Скъола фӕуынмӕ дӕ бирӕ куы нал хъӕуа, уӕд дӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

4 Ӕрыгӕттӕ. Кӕд дӕ скъола фӕуынмӕ бирӕ нал хъӕуы, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кодтай дӕ фидӕныл? Ныртӕккӕ бирӕ рӕстӕг хардз кӕныс ахуырыл, фӕлӕ скъола куы фӕуай, уӕд дын цы рӕстӕг фӕзындзӕн, уымӕй куыд спайда кӕндзынӕ? Дӕхицӕн хорз куыст агурдзынӕ ӕви Хуыцаумӕ кувдзынӕ, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдайай? Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ хъусын кӕндзынӕ алыхуызон адӕмӕн, сахуыр уыдзынӕ хиуыл хӕцын ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттимӕ тох кӕнын, стӕй суыдзынӕ хорз ахуыргӕнӕг. Ӕппӕт ацы миниуджытӕ дын царды мидӕг тынг баххуыс кӕндзысты.

5. Ныййарджытӕн ӕмӕ ӕмбырды алӕкӕмӕн дӕр сӕ бон куыд у ӕрыгӕтты пионертӕй лӕггад кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын?

5 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдайой? Ныхасӕй сӕ куы разӕнгард кӕнат, стӕй сын фӕзминаг дӕр куы уат, уӕд сын стыр ӕххуыс фӕуыдзыстут, цӕмӕй сын Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ царды фыццаг бынаты уой (Матф. 6:33). Рей скъола куы фӕци, уӕд райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ зӕгъы: «Мӕ мад арӕх дзырдта, пионерӕй лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис». Ӕмбырды алкӕй бон дӕр у иннӕты ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй разӕнгард кӕнын ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ. Иу ӕфсымӕр Испанийӕ, Хосе, зӕгъгӕ, дзуры: «Ме ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хъуыдымӕ гӕсгӕ ӕрыгӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр куыст у пионерӕй лӕггад кӕнын. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын мын зын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сын не ’мбырды стыр аргъ кодтой, стӕй-иу мӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ дзуаппытӕй ныфс бауагътой ӕмӕ мын хъуыддагӕй дӕр ӕххуыс кодтой».

6. Кӕд нӕ пионерӕй лӕггад кӕнын нӕ фӕнды, уӕд цы саразӕн ис?

6 Исты дӕ куы къуылымпы кӕна. Чи зоны афтӕ зӕгъай: «Нӕ мӕ фӕнды пионерӕй лӕггад кӕнын». Кӕд дӕм ахӕм хъуыдытӕ вӕййы, уӕд Йегъовӕйӕн радзур, цы дӕ тыхсын кӕны, уый. Дӕ бон у скувын: «Нӕ йӕ зонын, мӕ бон суыдзӕн пионерӕй лӕггад кӕнын ӕви нӕ, фӕлӕ мӕ фӕнды дӕ зӕрдӕ рухс кӕнын» (Пс. 62:8; Ӕмб. 23:26). Уый фӕстӕ йын йӕ разамынд агур йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты. Ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй бирӕтӕ ацы лӕггады ад базыдтой ӕххуысгӕнӕг пионертӕй куы лӕггад кодтой, уӕд. Уый сын ӕрхаста стыр циндзинад ӕмӕ сӕ бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй лӕггад кӕнын (Пс. 34:8).

7. Кӕд дӕ ныфс нӕй, алы мӕй дӕр дӕ бон 70 сахаты лӕггад кӕнын кӕй уыдзӕн, уӕд цы бакӕнӕн ис?

7 Кӕд дӕ ныфс нӕй, алы мӕй дӕр дӕ бон 70 сахаты лӕггад кӕнын кӕй суыдзӕн, уӕд цӕуылнӕ ис аныхас кӕнӕн, дӕ уавӕртӕ ӕмхуызон кӕимӕ сты, ахӕм пионеримӕ? (Ӕмб. 15:22). Уый фӕстӕ дӕхицӕн иу-цалдӕр графиккы скӕн. Чи зоны дын афтӕ зын ма уа, ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтӕй дӕ лӕггадӕн рӕстӕг ратонын (Еф. 5:15, 16).

8. Нӕ уавӕртӕм нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕсын цӕмӕн фӕхъӕуы?

8 Дӕ уавӕртӕм-иу ногӕй ӕркӕс. Нӕ уавӕртӕ арӕх фӕивынц. Хорз уаид, нӕ уавӕртӕм-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы ӕркӕсиккам. Тагъд пенсийы нӕ цӕуыс, мыййаг? Иу ӕфсымӕр, Ренди, зӕгъгӕ, афтӕ загъта: «Пенсийы раздӕр кӕй ацыдтӕн, уый руаджы мӕ бинойнагимӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам ӕмӕ ацыдыстӕм, фылдӕр ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ. Ахӕм уынаффӕ кӕй рахастон, уый тыххӕй мын Хуыцау бирӕ арфӕдзинӕдтӕ радта, фӕлӕ дзы ӕппӕты стырдӕр у, мӕ цӕсгом йӕ разы сыгъдӕг кӕй у, уый».

9. Бинонтӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕной?

9 Иуӕй-иу бинонтӕ сӕ уавӕртыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтой ӕмӕ рахастой уынаффӕ: дыууӕйӕн ӕнӕхъӕн бон кусын ӕнӕмӕнг нӕу. Сымах дӕр ахӕм хъуыдымӕ куы ’рцӕуат, уӕд уӕ, чи зоны, бахъӕуа уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, фӕлӕ йыл никуы фӕфӕсмон кӕндзыстут. Джоны цардӕмбал ӕрӕджы йӕ куыст ныууагъта, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтаид. Джон дзуры: «Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ дӕ бинойнаг ӕнӕхъӕн бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕна!»

10. Пионерӕй лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн бафӕнды?

10 Нӕ лӕггадӕй ӕвдисӕм нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад. Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нымайы ӕппӕты ахсджиагдӕрыл, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ бон у архайын. Ацы дунейӕн тагъд йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кувы, ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕздзысты (Ром. 10:13). Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ нын цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, йӕ Фырт нын цы бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнын – зӕрдиагӕй хъусын кӕнын (Матф. 28:19, 20; 1 Иоан. 5:3). Уымӕй уӕлдай, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацы дунейӕ ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм, фӕлӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ (1 Кор. 7:29–31).

11. Исчи нын афтӕ куы зӕгъа, дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

11 Пионерӕй лӕггад кӕнын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг алы мӕй дӕр 70 сахаты хъусын кӕна. Нӕ лӕггадӕй нӕ бон у равдисын, Хуыцауы куыд тынг уарзӕм, уый. Уӕдӕ-иу дын исчи афтӕ куы зӕгъа, зӕгъгӕ, дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн, уӕд зӕгъӕн ис, ӕппӕлгӕ дӕ кӕй кӕны. Цымӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл ӕрлӕууын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын? Уый тыххӕй та хъӕуы скувын ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдайой?

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нымайы ӕппӕты ахсджиагдӕрыл, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр йӕ бон у архайын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын