Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/05 3 ф.
  • Ныр у хъусын кӕныны афон!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ныр у хъусын кӕныны афон!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Дӕуӕй хорз пионер рауайдзӕн!»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2010
  • Дӕ бон у Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Раздӕр пионерӕй лӕггад кодтай?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Пионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 8/05 3 ф.

Ныр у хъусын кӕныны афон!

1. Ныр хъусын кӕныны афон цӕмӕн у?

1 «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут». Зӕды разамындӕй ацы хабар хъуыстгонд цӕуы «алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн». Цӕмӕн? «Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд [Хуыцауы] тӕрхоны рӕстӕг». Абон мах цӕрӕм «тӕрхоны рӕстӕг». Уый ахицӕн уыдзӕн ацы цардӕвӕрды сӕфтӕй. Ӕмӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй адӕм «бакувой арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн». Абон «мыггагмӕйы фарны уац» хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ ӕнӕаргъӕвгӕ куыст нӕй. О, ныр у хъусын кӕныны афон! (Рарг. 14:6, 7, НТ).

2. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуыддагӕй куыд ӕвдисынц, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй ӕмбарынц?

2 Фӕстаг дӕс азы дӕргъы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл бахардз кодтой 12 миллиард сахаты бӕрц. Бирӕтӕ сӕ царды уавӕртӕ фӕивтой, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг архайой «хуым кӕрдыны» куысты (Матф. 9:37, 38, НТ). Зӕгъӕм, фӕстаг аз алы мӕй дӕр 850 000 фылдӕр хъусынгӕнӕджы лӕггад кодтой пионертӕй. Ӕххӕстрӕстӕг пионер алы мӕй дӕр хъусын кӕны 70 сахаты бӕрц. Ӕххуысгӕнӕг пионер та – 50 сахаты бӕрц.

3. Хъусынгӕнджыты цы фӕивын бахъӕуы, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕной?

3 Пионерӕй лӕггад кӕнынӕн цы хъӕуы. Пионертӕ ӕмбарынц, «рӕстӕг бирӕ [кӕй] нал баззад», ӕмӕ архайынц сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕныныл (1 Кор. 7:29, 31, НТ). Агурынц фадӕттӕ сӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ бирӕ кусын ма хъӕуа. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ ралыгъдысты къаддӕр хӕдзармӕ цӕрынмӕ. Иннӕтӕ та, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ чи нӕ уыд, уыцы дзауматӕй фервӕзтысты (Матф. 6:19–21). Арӕх сӕ сӕ зӕрдӕйы бӕллицты рохтыл ныххӕцын дӕр бахъӕуы. Ӕппӕт уыдӕттӕ аразынц, цӕмӕй сын лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа (Еф. 5:15, 16). Фӕндфидарӕй, хиудрохгӕнгӕйӕ ӕмӕ Иегъовӕйыл сӕ ныфс даргӕйӕ, бирӕ хъусынгӕнджытӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодтой, ӕмӕ сӕ бон у пионертӕй лӕггад кӕнын.

4. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ бон суа пионерӕй лӕггад кӕнын?

4 Дӕ бон у пионерӕй лӕггад кӕнын? Уӕд та ӕнтыстджын пионерты бафӕрсис, цы сын ӕххуыс кӕны, уымӕй? Семӕ хъусын кӕнынмӕ цу, ӕмӕ сӕ цинӕй хайджын уыдзынӕ. Нӕ литературӕйы пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй цы ӕрмӕг вӕййы, уый лӕмбынӕг кӕс. Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕр, цӕмӕй стӕй дӕ бон суа пионерӕй лӕггад кӕнын. Кӕд дӕ ныр исты хъыгдары, уӕд Иегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы кур ӕххуыс, къуылымпыйаг дын цы у, уый аиуварс кӕнынӕн.

5. Пионерӕй лӕггад кӕнын нын куыд ӕххуыс кӕны арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын?

5 Арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинад. Пионерӕй лӕггад кӕныны руаджы арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнӕм Хуыцауы Ныхасӕй, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ циныл цин ӕфты. «Хуыцауы Ныхас раст амонынмӕ арӕхсын – уый арфӕйаг хъуыддаг у,– загъта иу ӕрыгон хо-пионер.– Пионертӕн Библи ӕдзухдӕр сӕ къухы вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ ныр мӕ бон у алы адӕймагӕн дӕр, йӕ зӕрдӕмӕ чи бахъара, ахӕм стих бакӕсын» (2 Тим. 2:15).

6. Пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр вӕййӕм?

6 Пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ ма сахуыр вӕййӕм, царды нын ахсджиаг цы у, ахӕм бирӕ цӕуылдӕртыл. Ӕрыгӕттӕ сахуыр вӕйынц сӕ рӕстӕг хорз пълан кӕнын, ӕхца ӕнӕхъуаджы ма хардз кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ хӕларӕй цӕрын. Бирӕтӕ, пионерӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын тынгдӕр райдыдтой (Еф. 4:13). Стӕй, пионертӕ сӕ царды арӕх фенынц Иегъовӕйы ӕххуысы къух (Ап. к. 11:21; Фил. 4:11–13).

7. Пионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Иегъовӕмӕ куыд ӕввахс кӕнӕм?

7 Пионерӕй лӕггад кӕнын цы стыр хорзӕхтӕ хӕссы, уыдонӕй иу у – Иегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕнӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр. Стыр зындзинӕдтӕ чи бавзӕрста, ахӕм хо загъта: «Пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ Иегъовӕмӕ кӕй баввахсдӕр дӕн, уый мын баххуыс кодта алцыдӕр сфӕразынӕн». Стӕй ма загъта: «Ӕз тынг амондджын дӕн, цӕрӕнбонты Иегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг кӕй фӕлӕггад кодтон. Уый руаджы, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдтӕн, ахӕм фадӕттӕ мын фӕзынд лӕггад кӕнынӕн» (Ап. к. 20:35). Уӕдӕ мах дӕр ахӕм арфӕ уӕд, ӕмӕ ацы ахсджиаг куысты – хъусын кӕныны куысты – удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стыр хорзӕхтӕй хайджын уӕм! (Ӕмб. 10:22).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын