Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 12/07 8 ф.
  • Ныфс уадзӕм зӕрдӕсаст адӕмы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ныфс уадзӕм зӕрдӕсаст адӕмы
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Рыстзӕрдӕ адӕмӕн удӕнцой у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Хуыцау нын удӕнцой куыд дӕтты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ сабыр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн куыд ис удӕнцой дӕттӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 12/07 8 ф.

Ныфс уадзӕм зӕрдӕсаст адӕмы

1 Адӕмы ныфс уадзын абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуы хъуыд. Нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы разамындмӕ хъусгӕйӕ, мах дӕр хъуамӕ «зӕрдӕсаст адӕмы дзӕбӕх кӕнӕм» (Ис. 61:1).

2 Ныфс куыд уадзӕм. Цӕмӕй адӕмы ныфс уадзӕм, уый тыххӕй уацамынды хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм ӕмӕ, адӕймаджы зӕрдӕ цӕмӕй бафидар уа, ууыл дзурӕм. Дунейы фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕнг ахуырӕдты тыххӕй бирӕ куыд нӕ дзурӕм, ууыл куы архайӕм, уӕд фылдӕр ныхас кӕндзыстӕм, ӕцӕгдзинад ӕмӕ Хуыцауы ныфсдӕттӕг ныхӕстыл. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Армагеддоны тыххӕй дзурын нӕ хъӕуы. Махӕн нӕ хӕс у, цӕмӕй хъусын кӕнӕм «Йегъовӕйы хӕрзаудӕны аз ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй» дӕр ӕмӕ «фыдгӕнӕджы йӕ фыдвӕндагӕй дӕр фӕдзӕхсӕм». Фӕлӕ Армагеддон кӕй уыдзӕн ӕмӕ ацы фыддуне кӕй фесӕфдзӕн, уымӕй кӕй фӕдзӕхсӕм, уый тыххӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фӕсте хъуамӕ ма аззайа (Ис. 61:2; Иез. 3:18; Матф. 24:14).

3 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ, арӕх сӕмбӕлӕм, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, ахӕм адӕмыл. Зӕгъӕм, низты тыххӕй, йе та йыл зиан кӕй ӕрцыд, рӕстдзинад кӕй нӕй кӕнӕ цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕй кӕны, уый тыххӕй. Чырыстийау махӕн дӕр, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыцы адӕмы «тӕригъӕдӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссы» (Лук. 7:13; Ром. 12:15). Кӕд, бӕллӕхтыл чи дзуры, иу-дыууӕ ахӕм стихы бакӕсӕм, уӕддӕр хъуамӕ «рӕвдз уӕм байхъусынмӕ» – адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурыны бар ын дӕттӕм (Иак. 1:19). Куы йӕм байхъусӕм, уӕд дзы ноджы фылдӕр ныфс бауадздзыстӕм.

4 Ныхасы рӕстӕг хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд нӕ бон у зӕгъын: «Фӕнды мӕ, ныфс дӕ чи бауадза, Библийӕ дын ахӕм ныхӕстӕ куы бакӕсин». Хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм, цӕмӕй, адӕймаг раст цы нӕ зӕгъа, уый ныхмӕ ма дзурӕм. Хуыздӕр уыдзӕн, чи йӕ бафидар кӕндзӕн ӕмӕ дзы ныфс чи бауадздзӕн, Библийӕ йын ахӕм стихтӕ куы бакӕсиккам. Уый тыххӕй хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис чиныг «Бӕлвырдгӕнӕнтӕ Фыстадӕй» (англ.) 117–121 фӕрстыл, дӕлсӕргонды «Ныфс». Кӕнӕ нӕ бон у адӕймагӕн раттын трактат «Адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон!», ӕмӕ йыл аныхас кӕнын.

5 Адӕмы ныфс уадзынӕн фадӕттӕ агур. Дӕ сыхӕгтӕй, де ’мкусджытӕй, де ’мкъласонтӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй ныфс бауадзын кӕй хъӕуы, уый зоныс? Афтӕ саразӕн нӕй, цӕмӕй йӕм хӕдзармӕ бацӕуай ӕмӕ йын Фыстадӕй ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ бакӕсай? Бафидар кӕнын сӕ цӕмӕн хъӕуы, уый куы зонай, уӕд дӕхи бацӕттӕ кӕндзынӕ. Ахӕм адӕммӕ иуӕй-иутӕ ныффыссынц писмо кӕнӕ сӕм телефонӕй фӕдзурынц. Адӕмы ӕцӕг куы уарзӕм, уӕд сӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавдзыстӕм ӕмӕ сӕ Библийы фӕрцы ныфс уадздзыстӕм (Лук. 10:25–37).

6 Махӕн нӕ хӕс у, хъыг чи кӕны, уыдоны бафидар кӕнын, цӕмӕй сӕхиуыл фӕхӕцой ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ныфс фӕзына. Уыцы ныфс адӕмӕй алкӕйдӕр хъӕуы. Хуыцау зӕрдӕ цы бирӕ хорз хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, уыдоны тыххӕй зӕрдиагӕй куы дзурӕм, уӕд адӕм бафидар уыдзысты ӕмӕ сӕ ныфс фӕзындзӕн. Цӕй уӕдӕ, ма рох кӕнӕм, «зӕрдӕсаст адӕмы дзӕбӕх кӕнын» нӕ кӕй хъӕуы, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын