Зианджын адӕмы фидар кӕнӕм
1. Зианджын адӕмы фидар кӕнын цӕмӕн хъӕуы?
1 Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы, уӕд стыр рыст бавзары, уӕлдайдӕр та Хуыцауы Паддзахадӕй ныфс кӕмӕн нӕй, уый (1 Фес. 4:13). Бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Адӕймаг цӕмӕн амӕлы? Цы йыл ӕрцӕуы уый фӕстӕ? Искуы ма йӕ фендзынӕн?» Ӕркӕсӕм, уацамынды зианджын адӕмыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд сӕ куыд бафидар кӕнӕм, уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕмӕ (Ис. 61:2).
2. Уацамынды нын адӕймаг куы зӕгъа, ӕрӕджы йыл зиан кӕй ӕрцыд, уӕд ын бирӕ хъусын кӕныныл цӕуылнӕ хъуамӕ архайӕм?
2 Хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ. Чи зоны нын уацамынды адӕймаг зӕгъа, ӕрӕджы йыл зиан кӕй ӕрцыд. Мыййаг, тынг хъыг кӕны ӕмӕ йӕм йӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацыд? Ахӕм уавӕры хуыздӕр уаид, нӕ ныхас цыбыртӕй куы зӕгъиккам (Еккл. 3:1, 7). Тӕфӕрфӕс ын ракӕн ӕмӕ, хуыздӕр чи уыдзӕн, ахӕм трактат, журнал кӕнӕ йын брошюрӕ ратт ӕмӕ ацу. Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд-иу ӕй абӕрӕг кӕн, цӕмӕй йын Библийӕ зӕрдӕтӕ бавӕрай.
3. Уавӕртӕ куы амоной, уӕд зианджын адӕймагӕн Библийӕ цавӕр стихтӕ ис бакӕсӕн?
3 Чи зоны, фыццаг хатт дӕр гӕнӕн уа адӕймагӕн Библийӕ фылдӕр радзурын. Фӕлӕ исты хъуыддаджы фӕдыл ӕндӕрхуызон куы хъуыды кӕна, уӕд ӕй раст кӕнын нӕ хъӕуы. Нӕ бон ын у бакӕсын, Библи райгасдзинады тыххӕй цы дзуры, уый (Иоан. 5:28, 29). Кӕнӕ та йын равдисӕм, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый (Еккл. 9:5, 10). Чи райгас, уыдоны тыххӕй йын Библийӕ куы бакӕсӕм, уӕд ын уый дӕр ныфсы хос уыдзӕн (Иоан. 11:39–44). Кӕнӕ та йын бакӕсӕм апостол Павел йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый тыххӕй (Ап. хъ. 24:15). Уый фӕстӕ йын раттӕм чиныг «Библи цы дзуры?» ӕмӕ йын бакӕсӕм 6 сӕры цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, стӕй баныхас кӕнӕм ӕндӕр хатт фембӕлыныл.
4. Цавӕр фадӕттӕ ма нын ис, цӕмӕй адӕмӕн зӕрдӕтӕ ӕвӕрӕм?
4 Ӕндӕр фадӕттӕ. Кӕд зианы фӕдыл раныхас Паддзахады залы уыдзӕн ӕмӕ дзы ӕнӕуырнджытӕй дӕр исчи уыдзӕн, уӕд сын раттӕн ис, райгасдзинады тыххӕй фыст кӕм ис, ахӕм литературӕ. Газетты бакӕсӕм извещенитӕ. Уый хорз фадат вӕййы, цӕмӕй зианджынтӕм ныффыссӕм цыбыр писмо ныфсы ныхӕстимӕ. Йӕ ус кӕмӕн фӕзиан, ахӕм лӕг йӕ чызгимӕ райстой писмо трактаттимӕ. Уый фӕстӕ бацыдысты, чи йӕ ныффыста уыцы хомӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Писмо нӕм ды арвыстай? Мӕн фӕнды Библи хуыздӕр базонын». Уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ чызг райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын.
5. Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыцы адӕмы фидар кӕнынӕн фадӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ агурӕм?
5 Екклесиасты 7:2 фыст ис: «Куывдмӕ цӕуыны бӕсты, фӕлтау зианмӕ цу». Зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдон хуыздӕр байхъусынц Хуыцауы Ныхасмӕ, ӕрмӕст хиирхӕфсӕнтыл чи у, ахӕм адӕмӕй уӕлдай. Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ фадӕттӕ агурӕм, цӕмӕй зианджынты фидар кӕнӕм.