Писмо филиалӕй
Зынаргъ хъусынгӕнджытӕ!
2008 лӕггады аз цы бирӕ хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый. Исайы 60:22 фыст ис: «Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, лӕмӕгъ адӕмӕй – тыхджын. Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг фӕтагъд кӕндзынӕн йӕ рӕстӕджы».
Зӕгъӕм, фарон 2008 азы 1 июнмӕ Уӕрӕсейы фӕзынд 129 ног ӕмбырды ӕмӕ хицӕн къорды! Уымӕ гӕсгӕ 2008 азы 1 сентябрӕй фӕзынд хъусынгӕнджыты ног облӕст ӕмӕ 10 ног районы. Ныр Уӕрӕсейы ӕдӕппӕтӕй ис 10 облӕсты ӕмӕ 109 районы. Уый бантыст Йегъовӕйы арфӕдзинады фӕрцы, стӕй уӕ фидар уырнындзинад ӕмӕ, сӕрныллӕгӕй ӕнӕрынцойӕ кӕй хъусын кӕнут, уый фӕрцы (Ӕмб. 15:33; 1 Тим. 6:12). Уӕдӕ нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ, тырнут цӕстдарӕджы хӕстӕм, цӕмӕй ног ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнат (1 Тим. 3:1).
Уымӕй уӕлдай, афӕдзы дӕргъы, бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъусын кӕнынмӕ цыдысты, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм рӕттӕм – 800 фылдӕр алыхуызон хъӕутӕ ӕмӕ горӕттӕм. Уый раппӕлинаг хъуыддаг у, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕтты цӕры дӕсгай милуантӕ, ӕмӕ дзы бирӕтӕ хорз хабар никуы фехъуыстой.
Цӕй уӕдӕ, Йегъовӕйы фӕндон ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ хӕларзӕрдӕ уӕларвон Фыд бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрцӕттӕ кодта, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн! (Пс. 31:19).
Уе ’фсымӕртӕ,
Уӕрӕсейы филиал