Писмо филиалӕй
Нӕ зынаргъ хъусынгӕнджытӕ!
«Ӕхсызгонӕй уын хъусын кӕнӕм, 2006 лӕггады азы Иегъовӕйы ныхасӕн цы «тых уыди... ӕмӕ [куыд] уӕлахиз кодта», уый тыххӕй (Ап. к. 19:20, НД).
2005 азы сентябрӕй алы къуыри дӕр донаргъуыд иста 110 адӕймаджы бӕрц. Уый руаджы 2006 лӕггады азы дӕргъы нӕ территорийы фӕзынд 75 ног ӕмбырды ӕмӕ 109 къорды. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдты тынг хъӕуы бӕрнон ӕфсымӕртӕ. Зынаргъ ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагӕй нӕ фӕнды, сымах дӕр уыцы кадджын хӕстӕм куы тырниккат. Архайут, ӕмбырды ӕфсымӕртӕм цы домӕнтӕ ис, уыдон аккаг куыд уат ӕмӕ уӕ сыгъдӕг уд уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн куыд снысан кӕна.
Сыгъдӕг уды фӕрцы «Иегъовӕйы ныхас» хъусынц, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон дӕр. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куы федтой, адӕм куыд зӕрдиагӕй хъусынц, уӕд сӕ бафӕндыд ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, цӕмӕй, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕххуыс кӕной. Ныридӕгӕн бирӕ рӕтты ис къордтӕ абхазаг, алтайаг, башкираг, гуырдзиаг, китайаг, тувинаг, узбекаг, французаг ӕмӕ якутаг ӕвзӕгтыл. Авд ӕвзагыл та ӕмбырдтӕ дӕр ис.
Филиалы цы куыст цӕуы, уый ахъаз кӕны хорз хабар парахат кӕнынӕн. Чи дзы уыд, уыдонӕй кӕйдӕрты бафӕндыд пионерӕй кӕнӕ ӕндӕр хуызы фылдӕр лӕггад кӕнын. Сӕрды, Петербурджы облӕстон конгрессы рӕстӕг Вефилы уыд 200 экскурсийы, афӕдзы дӕргъы та дзы вӕййы 12000 фылдӕр адӕймаджы.
Зӕрдиагӕй цы мысайнӕгтӕ дӕттут, уыдоны руаджы ӕрмӕст литературӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ ма ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр Чырыстийы «исбон» фылдӕр кӕны (Лук. 12:42–44, НТ). Уӕ рӕдаудзинад ма уымӕй дӕр бӕрӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйы разамындмӕ хъусут, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ дзурут, конгрессты ӕххуыс кӕнут, уӕ рӕстӕг ӕмӕ уӕ хъарутӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн не ’вгъау кӕнут. Уӕ хорзӕхӕй, уыцы зӕрдӕйы уаг ма фесафут ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты дӕр ахӕм зондыл аразут (2 Кор. 8:7, 9).
Уе ’фсымӕртӕ,
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамынддӕттӕг центр Уӕрӕсейы