Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/01 3–6 фф.
  • Дӕ бон у зӕгъын: «Мӕнӕ ӕз»?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ бон у зӕгъын: «Мӕнӕ ӕз»?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз хъуыддӕгтӕ рох нӕ уыдзысты
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2019
  • Табуафси, саккаг нӕм кӕн!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Цы у Вефил?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 6/01 3–6 фф.

Дӕ бон у зӕгъын: «Мӕнӕ ӕз»?

1 Н. э. агъоммӕ 778 азы ӕрцыд диссаджы хабар. Цӕстылуайӕны пехуымпар Исай федта «Иегъовӕйы бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл бадгӕ». Стӕй Исай фехъуыста, серафимтӕ Иегъовӕйы кадмӕ амонгӕйӕ куыд дзырдтой: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у Иегъовӕ, ӕфсӕдты Хуыцау». Уый куыд диссаг хъуамӕ уыдаид! Уыцы рӕстӕджы Иегъовӕ радта ахсджиаг фарст: «Кӕй арвитон, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Уый кой дзы нӕ уыд, цавӕр хӕслӕвӕрд у кӕнӕ йӕ сӕххӕст кӕныныл чи сразы уа, уый дзы цы пайда райсдзӕн. Фӕлӕ Исай ӕнӕ уӕлдай ныхӕстӕй загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:1, 3, 8).

2 Иегъовӕйы адӕм хицӕн кӕнынц, цыдӕриддӕр сын зӕгъа, уый бакӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ кӕй сты, уымӕй (Пс. 109:3). Ӕмӕ ныр, йӕ бон зӕгъын кӕмӕн у, «мӕнӕ ӕз», зӕгъгӕ, уыдон тынг зӕрдиагӕй хуынд цӕуынц. Цӕттӕ дӕ Исайау ӕнӕзивӕгӕй разыйы дзуапп радтынмӕ?

3 Вефилы ӕдзухдӕр хъӕуы, чи дзы лӕггад кӕнид, ахӕм ӕфсымӕртӕ. Цӕмӕй сӕ бон Вефилы лӕггад кӕнын уа, уый тыххӕй хъуамӕ Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрой ӕмӕ цӕттӕ уой, ӕппӕт дунейыл чи цӕуы, уыцы хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕраппонд алы куыст кӕнынмӕ дӕр (Матф. 6:33). Ӕцӕгӕй та чырыстон Вефилы куы лӕггад кӕна, уӕд ын уыдзӕн диссаджы фадат Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынӕн. Куыд?

4 Вефилы цы куыст кӕнынц. Ахъуыды кӕн, Иугонд Штатты Вефилӕн Бруклины, Паттерсоны ӕмӕ Уолкиллы (штат Нью-Йорк) цы агъуыстытӕ ис, уым ӕдзухдӕр цы куыст цӕуы, ууыл. Уыцы ӕртӕ бынаты цы 5 730 ӕфсымӕр ӕмӕ хойы лӕггад кӕнынц, Вефилы бинонтӕ, уыдонӕн ис диссаджы фадат, ома уыдон ӕххуыс кӕнынц «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕмӕ Разамонӕг советӕн Библитӕ ӕмӕ Библийыл бындуриуӕггӕнӕг литературӕ уадзынӕн, цӕмӕй сӕ пайда кӕной уацамынды ӕгас зӕххыл дӕр ӕмӕ Библи сӕрмагондӕй ахуыргӕнгӕйӕ (Матф. 24:45). Цӕвиттон, фарон лӕггаддзинады азы уагъд ӕмӕ ӕрвыст ӕрцыд 24 364 670 чиныджы, 39 813 464 трактат ӕмӕ брошюрӕйы, 270 528 000 журналы ӕмӕ 1 271 041 аудиокассетӕйы, ӕмӕ уый у Иугонд Штатты Вефилы бинонты иумӕйаг архайды дыргъ. Уыцы публикацитӕн «аив дзырдтӕ» агурынӕн ӕмӕ ӕвзарынӕн, стӕй «ӕцӕгады дзырдтӕ раст фыссынӕн» стыр куыст ӕххӕст цӕуы (Екк. 12:9, 10). Уымӕй уӕлдай ма разамынд лӕвӕрд цӕуы, ӕппӕт дунейыл 300 ӕвзагыл литературӕ уадзынӕн цы 1 900 тӕлмацгӕнӕджы ӕххуыс кӕнынц, уыдонӕн. Бирӕ арӕзт цӕуы, ӕгас дунейыл цы 111 филиалы ис, уыдоны куыстӕн разамынд дӕттынӕн, уыимӕ ма Уӕрӕсейы филиал йӕ хъус цы ӕмбырдтӕм дары — 1 500 ӕмбырдӕй фылдӕр, уыдонӕн дӕр. Ӕххуыс ма кӕнынц, Вефилты ног агъуыстытӕн ӕмӕ Конгресты залтӕн проекттӕ кӕм цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕм аразынц, уыцы филиалтӕн, мӕгуыр бӕстӕты та ныртӕккӕ аразын хъӕуы 15 248 Паддзахады залы. Хъӕуы сӕдӕгай бархи кусджытӕ, цӕмӕй Вефилты ӕххуыс кӕной литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕмӕ йӕ ӕрвитынӕн, агъуыстытӕ ӕфснайынӕн, цалцӕг кӕнынӕн, хӕринаг кӕнынӕн, цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ ӕлхӕнынӕн, Вефилы лӕггадгӕнджыты ӕнӕниздзинадмӕ хъус дарынӕн ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр куыстытӕн.

5 Кӕд дзы куыст бирӕ ис, уӕддӕр йӕ кӕнын ӕхсызгон у. Нӕ тыхтӕ ӕмӕ нӕ хъарутӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыр кӕныны хъуыддагӕн кӕй дӕттӕм, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон у Иегъовӕйы организаци бирӕ хуыздӕр базонын. Нӕ зӕрдӕтыл ӕрлӕууы, псаломзарӕггӕнӕг израилӕгты куыд разӕнгард кодта, цӕмӕй хуыздӕр базыдтаиккой, сӕ рӕстӕджы Хуыцау зӕххыл йӕ разамынд дӕттынӕн цы бынат равзӕрста, уый (Пс. 47:13, 14).

6 Вефилы лӕггаддзинад цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы. Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон уыцы кадджын хӕсмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Ӕркӕс, Вефилы бинонтӕй ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр цы загътой, уымӕ. Вефилы ӕртӕ азы дзы чи фӕлӕггад кодта, уыцы хо загъта: «Вефилы кӕй лӕггад кӕнын, уый руаджы фӕфидардӕр сты мӕ ахастытӕ Иегъовӕимӕ. Цас фылдӕр дзы лӕггад кӕнын ӕмӕ цас фылдӕр зонгӕ кӕнын Вефилы куыстимӕ, уыйас хуыздӕр зонгӕ кӕнын Иегъовӕимӕ. Вефилы лӕггадгӕнгӕйӕ ма ирдӕй федтон, Иегъовӕ кӕй пайда кӕны алыхуызон адӕймӕгтӕй. Ӕмӕ дӕ цӕмӕй Иегъовӕ разы уа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕххӕст адӕймаг ма уай».

7 Иу ӕрыгон ӕфсымӕр та загъта: «Хъуыды кӕнын, мӕхинымӕр-иу куыд сагъӕстӕ кодтон: „Куыд хорз уаид ног дунемӕ бахауын ӕмӕ рагзаманты иузӕрдион лӕгтӕн радзурын, мӕ цард ӕхца кусынӕн нӕ, фӕлӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн кӕй снывонд кодтон, уый тыххӕй“».

8 Иннӕ ӕрыгон ӕфсымӕр, куыд фӕивта, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Стыр арфӕдзинад мын уыд, хуыздӕр кӕй базыдтон мӕхи ӕмӕ мӕ кусын цы миниуджытыл хъуыд, уый, стӕй уыцы миниуджытыл кӕй куыстон, уый. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ныр Иегъовӕйӕн мӕ бон у хуыздӕр лӕггад кӕнын. Фӕхатыдтӕн ӕй, фӕразондӕр кӕй сдӕн, мӕхиуыл тынгдӕр хӕцын мӕ бон кӕй у ӕмӕ тынгдӕр уарзын кӕй сахуыр дӕн».

9 Иу хо та йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй загъта: «Вефилы нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы программӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы хуыздӕр базыдтон Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ мӕ хъуыдытӕй, мӕ ӕнкъарӕнтӕй ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй фӕзмын мӕ бон куыд у, уый дӕр. Ӕмӕ нӕ ӕдзухдӕр кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ арфӕдзинӕдтӕ дӕр ӕдзух ӕнкъарын».

10 Иу ӕфсымӕр, 59 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады чи ис, уыдонӕй 43 азӕй фылдӕр — Вефилы, загъта: «Вефил нӕу моладзандоны хуызӕн, чидӕртӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ. Бирӕ нын ӕнтысы, алцыдӕр графикмӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм, уый руаджы. [...] Нырма ахӕм бон нӕ уыд, цӕмӕй куыстмӕ ӕрбацӕуон ӕмӕ мӕ куыстӕй райгонд ма уон. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕхи ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйӕн куы радтӕм, уӕд нын уый циндзинад ӕрхӕссы, уымӕн ӕмӕ зонӕм, „махӕн цы кӕнын ӕмбӕлд, уый [кӕй] бакодтам“» (Лук. 17:10).

11 Иннӕ ӕфсымӕр та, Вефилы 62 азы чи фӕлӕггад кодта, загъта: «Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, ныртӕккӕ, фидӕны зӕххон Дзӕнӕты размӕ, Вефил зӕххыл иууыл хуыздӕр бынат кӕй у, ууыл. Ӕппындӕр никуы фӕфӕсмон кодтон, мӕ царды сӕйраг нысан ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинад кӕй уыд, ууыл. Куыд ӕхсызгон у, Иегъовӕйы зӕххон организаци куыд рӕзы, уымӕн ӕвдисӕн уын ӕмӕ уыцы рӕзты хайад исын! Кӕд Иегъовӕйы фӕнда, уӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй Вефил дарддӕр дӕр мӕ хӕдзар уа ӕмӕ Паддзахады хъуыддагӕн мӕхи ӕгасӕй дӕр радтон».

12 Вефилы бинонты уӕнгтӕ радзырдтой, Вефилы лӕггад кӕнынӕн дӕхи куы радтай, уӕд цы арфӕдзинӕдтӕй уыдзынӕ хайджын, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕры тыххӕй. Фӕлӕ дын цӕмӕй лӕггаддзинады исты бахӕс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд домӕнтӕн дӕттай дзуапп, ӕмӕ афтӕ у ам дӕр. Цӕмӕй адӕймаг Вефилы бинонты уӕнг суа, уый тыххӕй дзы цы домдӕуы?

13 Домӕнтӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн. Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕй сӕйраджыдӕр цы домдӕуы, уый тыххӕй дзырдӕуы рамкӕйы. Уымӕй уӕлдай ма ахсджиаг у, цӕмӕй уыдон фылдӕр «адджын цард» нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй кусын уарзой (1 Кор. 13:11; 2 Тим. 3:4). Вефилы бинонтӕн, куыд нӕлгоймӕгтӕн, афтӕ сылгоймӕгтӕн дӕр, хъуамӕ уа фидар уырнындзинад, хъуамӕ иудадзыг сӕрмагондӕй ахуыр кӕной Библи ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ахуыр уа «хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинад раиртасыныл» (Дзут. 5:14, НФ). Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй сты, уый хъуамӕ ныр дӕр бӕрӕг уа сӕ царды алцӕмӕйдӕр, уыимӕ сӕ дарӕсӕй, сӕ ӕддаг бакастӕй, цавӕр музыкӕмӕ хъусынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уымӕй. Вефилы лӕггадгӕнджытӕ цӕттӕ сты цыфӕнды куыст кӕнынмӕ дӕр. Вефилы ӕрыгондӕр лӕггадгӕнджытӕн фылдӕрхатт бахӕс кӕнынц, хъарутӕ кӕм хъӕуы, ахӕм куыст, зӕгъӕм, литературӕ мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ ӕрвитын, цалцӕг кӕнын, ӕфснайын, гӕрстӕ ӕхсын ӕмӕ хӕринаг кӕнын (Фӕс. н. 20:29). Ӕнӕуи куыстӕй хъауджыдӕр, алы куыст дӕр дзы ӕхцондзинад хӕссы, уымӕн ӕмӕ уый у, Иегъовӕйӕн кад чи хӕссы, уыцы сыгъдӕг лӕггаддзинад (Кол. 3:23).

14 Вефилмӕ кӕй фӕхоной, уыдон дзы ӕппынкъаддӕр хъуамӕ баззайой афӕдзы бӕрц. Уый сын дӕтты фадат, цӕмӕй сахуыр уой хорз кусын. Ныфс нӕ ис, Вефил алкӕмӕндӕр хи хӕдзары хуызӕн кӕй суыдзӕн. Вефилы бинонтӕ Иегъовӕйы кӕй уарзынц, уый сӕ разӕнгард кӕны Паддзахады хъуыддаг сӕхи хъуыддӕгтӕй дӕр уӕлдӕр ӕвӕрынмӕ, ӕмӕ уый та Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы (Матф. 16:24).

15 Ныртӕккӕ чи хъӕуы. Вефилы цы куыст кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ фылдӕр хъӕуынц ӕнӕус ӕфсымӕртӕ. Кӕд уый домӕн нӕу, уӕддӕр фыццаджыдӕр фӕхонынц, пионерӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ. Хатт фӕхонынц, 19 азӕй 35 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕнӕцыд хотӕ ӕмӕ къайтӕ дӕр, сӕ дӕсниад Вефилы куы хъӕуа, уӕд. Фӕлӕ мах никӕй разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ма скъолайы фӕстӕ цавӕрдӕр дӕсниад райса ӕмӕ йын афтӕмӕй фылдӕр фадӕттӕ фӕзына Вефилмӕ бахауынӕн. Ныридӕгӕн цавӕрдӕр ахуырад чи райста, чи зоны, цалынмӕ ӕцӕгад нӕ базыдтой, уӕдмӕ, уыдонӕн сӕ бон у уый тыххӕй лӕмбынӕгдӕр ныффыссын ӕмӕ гӕххӕтт Вефилы анкетӕимӕ арвитын.

16 Кӕд анкетӕ арвыстай, фӕлӕ дӕ Вефилмӕ нӕма фӕхуыдтой, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ бон у алы аз дӕр ног анкетӕ дзаг кӕнын. Вефилы цы куыст бахъӕуы, уымӕ ӕфсымӕртӕй чи фӕарӕхсы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сразы вӕййынц рӕстӕгмӕ бархи кусджытӕй балӕггад кӕныныл. Сӕ бон у анкетӕ байдзаг кӕнын ӕмӕ дзы бацамонын, сӕ бон кӕй у 1—4 къуырийы кӕнӕ суанг ӕртӕ мӕйы дӕр балӕггад кӕнын. Кӕд искӕй фӕнды ахӕм хуызы баххуыс кӕнын, уӕд ӕмбырды секретармӕ ис, рӕстӕгмӕ лӕггад кӕнынӕн кӕй ис байдзаг кӕнӕн, ахӕм анкетӕтӕ. Кӕд ма уӕ ноджыдӕр хъӕуа анкетӕтӕ, уӕд сӕ ис заказ скӕнӕн литературӕ заказгӕнӕн бланкыл.

17 Вефилы чи кусы, уыдонӕн цы фадат ис, ахӕм никӕмӕн ис — Иегъовӕйӕн Чырыстийы ӕфсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнын. Разамонӕг совет аргъ кӕны, нӕ дунеон ӕфсымӕрадӕн лӕггад кӕныны тыххӕй йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕнӕзивӕгӕй чи кӕны, уыдонӕн (Фил. 2:20—22; 2 Тим. 4:11).

18 Ӕрыгӕттӕ, уӕхи ныр райдайут цӕттӕ кӕнын Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Вефилы лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕнын райдайын хъӕуы, ӕрыгон ӕфсымӕр кӕнӕ хойыл цалынмӕ 19 азы сӕххӕст уа, уымӕй бирӕ раздӕр. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон куыд у сӕхи Вефилы лӕггад кӕнынмӕ бацӕттӕ кӕнын? Йесо загъта: «Сымахӕй кӕй бафӕнда мӕсыг самайын, [уый] раздӕр нӕ ӕрбаддзӕн ӕмӕ нӕ банымайдзӕн цы йӕ бахардз кӕнын хъӕудзӕн уыдон?» (Лук. 14:28). Кӕд исты агъуыст аразгӕйӕ, алцыдӕр хъӕуы рагацау бацӕттӕ кӕнын, уӕд куыд ахсджиаг у, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, фидӕны Иегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзысты, ууыл! Цӕмӕй уырнындзинад фидаргӕнӕг нысӕнттӕ сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй хъуамӕ суанг се ’рыгон бонтӕй райдайой фидар бындур ӕвӕрын. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн, фидар бындур ӕвӕрыс? Кӕд дӕ фӕнды Вефилы лӕггад кӕнын, уӕд лӕмбынӕг ӕркӕс дӕлдӕр лӕвӕрд уынаффӕтӕм, ӕмӕ дын баххуыс кӕной.

19 Дӕ царды «бынат ссар» ацы кадджын лӕггаддзинадӕн. Матфейы 19:12-ӕм стихы (НД) куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ царды «бынат ссардтаиккой» ӕнӕусӕй кӕнӕ ӕнӕмойӕ лӕггад кӕнынӕн. Цӕмӕн? Сӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ «уӕларвон паддзахады тыххӕй». Уымӕ ма разӕнгард кодта Павел дӕр, цӕмӕй чырыстон «ӕнӕрынцайгӕйӕ куыстаид Хицауӕн, ӕнӕ йӕхи ирхӕфсгӕйӕ [«ӕмӕ йӕ мацы хъыгдардтаид», НД]» (1 Кор. 7:32—35). Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ фесафынц Вефилы ӕнӕусӕй лӕггад кӕныны хорз фадат, уымӕн ӕмӕ бинонтӕ скӕнынц ӕрыгӕттӕй. Фӕнды нӕ нӕ ӕрыгон ӕфсымӕрты сразӕнгард кӕнын, цӕмӕй, цалынмӕ хӕдзары хицауы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕй сӕрибар сты, уӕдмӕ уал сӕ хъарутӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадӕн радтой. Ӕмӕ кӕд цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ сфӕнд кӕной ус ракурын, уӕд сӕ рауайдзӕн хуыздӕр цардӕмбӕлттӕ, уымӕн ӕмӕ бинонты царды дӕр ӕмӕ чырыстон лӕггаддзинады дӕр уыдзысты бирӕ фӕлтӕрдджындӕр. Иуӕй-иутӕ цалдӕр азы Вефилы балӕггад кӕнгӕйӕ, скодтой бинонтӕ, ӕмӕ сӕ бон у дарддӕр дӕр уым иумӕ лӕггад кӕнын. Кӕд сын фӕстӕдӕр фӕзына ӕндӕр искуы лӕггад кӕныны фадат, зӕгъӕм, цӕугӕ цӕстдарджытӕй кӕнӕ миссионертӕй, уӕд дӕр никуы фӕфӕсмон кӕндзысты, Вефилы лӕггад кӕнынӕн «бынат [кӕй] ссардтой», ууыл.

20 Ӕхцамӕ тырнындзинад дӕ иуварс ма акӕнӕд. Ӕрыгӕттӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхимӕ радтид фарст: «Скъола каст куы фӕуон, уӕд мӕ рӕстӕг цӕмӕн дӕтдзынӕн — цавӕрдӕр куыстӕн ӕви Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн?» О, дыккаг куы равзарай, уӕд дӕ бахъӕудзӕн дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Фӕлӕ куыст дӕ царды фыццаг бынат куы ахса, уӕд дӕр афтӕ уыдзӕн! Ӕппынфӕстаг, кӕцы дын дзы ӕрхӕсдзӕн ӕнусон пайда? Йесо радта бӕлвырд дзуапп. Матфейы 6:19—21-ӕм стихтӕм гӕсгӕ уый загъта: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, кӕм рӕмпӕг ӕмӕ згӕ уыдоны сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ бакъахынц ӕмӕ давынц; фӕлӕ ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ арвыл, кӕм нӕдӕр рӕмпӕг, нӕдӕр згӕ нӕ сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ нӕ бакъахынц ӕмӕ нӕ давынц; уымӕн ӕмӕ кӕм ис уӕ хӕзна, уым уыдзӕн уӕ зӕрдӕ дӕр». Уӕдӕ афтӕ макуы рауайӕд, цӕмӕй, дунейы цӕмӕ тырнынц, мах дӕр уымӕ кӕнӕ ӕхцамӕ тырнӕм, фӕлӕ уый бӕсты Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕмбара, Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнынӕн ӕрмӕстдӕр иу «хӕзна» кӕй хъӕуы агурын — Иегъовӕимӕ хорз ахастытӕ (Фӕс. н. 27:11). Цалынмӕ ӕрыгӕттӕ стӕм, уӕдмӕ нӕ царды фыццаг бынаты Иегъовӕйы куы ӕвӕрӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, аргъ цӕмӕн кӕнӕм ӕмӕ нын Паддзахад цас ахсджиаг у, уый. Дӕ зӕрдыл дар, «Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Фӕс. н. 10:22). Ӕрыгӕттӕн ис диссаджы фадат сӕ зӕрдӕты фӕндтӕ равдисынӕн, Иегъовӕ сын цыдӕриддӕр радта, уый тыххӕй йын хорзӕй кӕй бафиддзысты, уымӕй. Уымӕн фадат дӕтты Вефилы лӕггаддзинад, домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, уыдонӕн.

21 Вефилы чи лӕггад кӕны, уыдон хъуамӕ уой хӕрзӕгъдау. Псаломзарӕггӕнӕг бафарста: «Лӕппуйӕн куыд даргӕ у сыгъдӕгдзинады йӕ фӕндаг?» Стӕй дзуапп радта: «Хъахъхъӕнгӕйӕ йӕхи [Иегъовӕйы] дзырдмӕ гӕсгӕ» (Пс. 118:9). Уый ма нысан кӕны Сайтаны цардӕвӕрды ӕнӕгъдаудзинадӕй хи хизын дӕр. Сайтан ӕрыгон чырыстӕттӕн цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, цӕмӕй сын чырыстон фӕндагыл размӕ цӕуын ма ӕнтыса, уыдонӕй ӕрмӕст иуӕй-иутӕ сты, Интернеты цы порнографи ис, уый, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн ӕнӕмбӕлон ахастытӕ, ӕнӕгъдау музыкӕ, адӕймаджы ӕгадгӕнӕг хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ фыднозт кӕнын. Уыцы митӕй хи хизынӕн хъӕуы фидардзинад. Кӕд ӕрыгон чызг кӕнӕ лӕппу дӕ ӕмӕ исты ахӕм хъуыддагыл бафтыдтӕ, уӕд аныхас кӕн де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ цалынмӕ Вефилы лӕггад кӕнынмӕ анкетӕ байдзаг кӕнай, уӕдмӕ уыцы фарстатӕ аскъуыддзаг кӕн. Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн хъуамӕ ӕнӕмӕнг уа сыгъдӕг намыс (1 Тим. 1:5).

22 Ахуыр кӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл. Цӕмӕй Вефилы лӕггаддзинады ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй ахсджиаг у иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ахуыр кӕнын. Уӕрӕсейы Вефилы бинонты ’хсӕн ис, алыхуызон уавӕрты чи схъомыл, цалдӕр сӕдӕ ахӕм ӕфсымӕр ӕмӕ хойы. Ӕмӕ кӕд Вефил алыхуызон адӕймӕгтӕй фидауы, уӕддӕр дзы хаттӕй-хатт фӕзыны зындзинӕдтӕ дӕр. Кӕд дӕ фӕнды Вефилы лӕггад кӕнын, уӕд хорз уаид, куы ахъуыды кӕнис: «Мемӕ иннӕтӕ разы куы нӕ вӕййынц, уӕд мын уый хъыг вӕййы? Иннӕтӕ мӕ ӕнцондзырдыл нымайынц?» Кӕд дӕ хъӕуы уыцы хъуыддаджы исты фӕхуыздӕр кӕнын, уӕд райдай архайын. Афтӕмӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн Вефилы бинонтимӕ цӕрын ӕмӕ кусын.

23 Иегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнгӕйӕ, ӕппӕт тыхтӕй архай фӕлтӕрдджын чырыстон суӕвыныл. Сахуыр у Библи сӕрмагондӕй иудадзыг иртасыныл, уымӕ хауы Библи ӕрвылбон кӕсын дӕр. Хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй хъусын кӕн. Уыдӕттӕ кӕнгӕйӕ, дӕ ӕнтыстдзинад лӕггаддзинады ӕппӕтӕн дӕр уыдзӕн ӕргом (1 Тим. 4:15). Цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕхи ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадмӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ!

24 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты цӕттӕ кӕнут. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинадмӕ разӕнгард кӕнын? Йесо загъта: «Алцыдӕр иттӕг хорз кӕмӕн бацамоной, уый уыдзӕн йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн» (Лук. 6:40, НД). Иттӕг хорз кӕй сахуыр кодтой, ахӕм ахуыргӕнинаг ӕцӕгӕйдӕр февдисы йӕ ӕнувыд ахуыргӕнӕджы хорз миниуджытӕ. Чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы «ахуыр кӕной хорз намысы», уӕд хъуамӕ уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл дарой (1 Тим. 4:7). Ныййарджытӕн сӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕм цы ахаст вӕййы, сывӕллӕттӕ дӕр уый кӕй фӕфӕзмынц, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной: «Цымӕ нӕхӕдӕг аргъ кӕнӕм, Иегъовӕйы раст кувынады сӕраппонд Вефилы цы куыст кӕнынц, уымӕн? Иегъовӕ Вефилты куыстӕн кӕй арфӕ кӕны, уый ӕмбарӕм? Афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у нӕ сывӕллӕттӕн сӕ царды иууыл хуыздӕр хъуыддаг?» Нӕхӕдӕг Вефилы лӕггаддзинадӕн ӕмӕ дзы цы куыст кӕнынц, уымӕн зӕрдиагӕй куы аргъ кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ сывӕллӕтты дӕр уымӕн аргъ кӕнын сахуыр кӕнӕм.

25 Елхъан ӕмӕ Аннӕ тынг аргъ кодтой раст кувынадӕн. Абоны чырыстон ныййарджытӕн уыдон ныууагътой диссаджы дӕнцӕг. Рагон Израилы-иу ӕрмӕстдӕр израилаг нӕлгоймӕгты хъуыди афӕдз ӕртӕ хатты кувӕндонмӕ «ӕцӕг Бардарӕг Иегъовӕйы размӕ бацӕуын». Елхъан та-иу уырдӕм йӕ бинонтимӕ цыд «алы аз дӕр» 30 километры дӕрддзӕгӕн, фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, къахӕй, цӕмӕй Иегъовӕйы кувынады артдзӕсты нывонд ӕрхастаид (Рац. 23:17; 1 Пад. 1:3, 4, 9, 19; 2:19). Бӕрӕг у, ацы бинонты хистӕры кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ бинонтӕ иууылдӕр йемӕ Хуыцауы хъуыддаджы хайад истаиккой.

26 Аннӕ дӕр йӕ лӕгау раст кувынадыл уыд ӕнувыд. Уый ӕмбӕрста, раст кувынады сӕраппонд кувӕндоны цыдӕр кӕй хъуамӕ арӕзтаид, уый. Аннӕ расомы кодта, Иегъовӕ йын кӕд фырт радта, уӕд ӕй кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн кӕй ратдзӕн (1 Пад. 1:11). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ лӕгӕн уыд бар, йӕ ус ӕнӕрхъуыдыйӕ куы расомы кодтаид, уӕд ын цӕмӕй йӕ сомы аивтаид (Нымӕц. 30:6—8). Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй Елхъан Аннӕйы сомыйыл разы уыд ӕмӕ уымӕй равдыста, ахӕм хъуыддаг раст кувынады сӕраппонд саразыныл уый дӕр разы кӕй уыд (1 Пад. 1:22, 23).

27 Самуилӕн йӕ ныййарджытӕ раст кувынадӕн афтӕ кӕй аргъ кодтой ӕмӕ диссаджы ахаст кӕй ӕвдыстой, уый йыл нӕ бандӕвта? Ӕнӕмӕнг. Гыццыл лӕппуйӕ Самуил зӕрдиагӕй ӕмӕ иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ йын дарддӕр дӕр лӕвӕрд цыд амындтӕ, цӕмӕй цӕттӕ уыдаид, Хуыцауы лӕггаддзинады ма йӕм цы кадджын хӕстӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Ӕмӕ Самуилӕн уыцы хӕстӕ лӕвӕрд куы ӕрцыдысты, уӕд дӕр ын Елхъан ӕмӕ Аннӕ йӕ лӕггаддзинадмӕ сӕ хъус дардтой. Уыдон ӕм ӕдзухдӕр цыдысты, цӕмӕй йӕ фидар кодтаиккой ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаиккой йӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады (1 Пад. 2:18, 19).

28 Цы диссаджы дӕнцӕг равдыстой Елхъан ӕмӕ Аннӕ абоны чырыстон ныййарджытӕн! Нӕ сывӕллӕттӕ куы хъусой, Вефилы лӕггад кӕныны фадатӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ куы уыной, Паддзахады хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайӕм, уый, уӕд уыдоны дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнддзӕн иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Ныййарджытӕй бирӕтӕ ӕнтыстджынӕй архайынц, цӕмӕй ахӕм хорз хъуыдытӕ фӕзына сӕ сывӕллӕттӕм. Иу авдаздзыд чызг ныффыста: «Куы сыстыр уон, уӕд ацӕудзынӕн Вефилмӕ ӕмӕ мӕ уым фӕндид ахӕм куыстытӕ кӕнын: 1) журналтӕ «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» мыхуыр кӕнын; 2) нывтӕ кӕм кӕнынц, уым кусын ӕмӕ 3) гӕрстӕхсӕны дзаумӕттӕ ӕмӕ гӕрстӕ рӕсугъд ӕвӕрын. Уӕлдай мын нӕу, цавӕрфӕнды куыст дӕр уӕд». Нӕ сывӕллӕтты ӕнӕзивӕгӕй архайын кӕй фӕнды, уый куыд ӕхсызгон у!

29 Ӕрыгӕттӕ, рох уӕ ма уӕд, «дуне дӕр [кӕй] фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг [кӕй] уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоан. 2:17). Чырыстон лӕггаддзинады фӕндагыл дарддӕр дӕр тырнут ног ӕнтыстытӕм, уыимӕ Вефилы лӕггад кӕныны диссаджы фадатмӕ дӕр. Сымах та, ныййарджытӕ, фӕзмут, сӕ сывӕллӕттӕ «Хуыцауыл иузӕрдион» цӕмӕй уыдаиккой, уымӕ сӕ чи разӕнгард кодта, уыцы рагзаманы цӕрӕг иузӕрдион ныййарджыты (2 Пет. 3:11, НД). Мах та не ’ппӕт дӕр, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй нӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕной нӕ Диссаджы Сфӕлдисӕгӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ис «ацы ӕмӕ фидӕны царды зӕрдӕвӕрӕн» (1 Тим. 4:8, НФ; Екк. 12:1).

[Рамкӕ 4 фарсыл]

Сӕйраг домӕнтӕ Вефилы лӕггад кӕнынӕн

● Аргъуыды бонӕй хъуамӕ рацӕуа ӕппынкъаддӕр иу аз

● Хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарза Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ организаци

● Хъуамӕ йын уа фидар уырнындзинад, уа ӕнӕниз, мацы сахъатдзинад ӕм хъуамӕ уа

● Хъуамӕ зона уырыссагау хорз кӕсын, фыссын ӕмӕ дзурын

● Хъуамӕ йыл цӕуа 19 азӕй 35 азы онг

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын