НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хорз хъуыддӕгтӕ рох нӕ уыдзысты
Йегъовӕ ӕнустӕм нӕ ферох кӕндзӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр цы хорз хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон. Уарзӕгой фыд никуы ферох кӕндзӕн, йӕ сывӕллӕттӕ цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтой, уыдон. Афтӕ Йегъовӕ дӕр никуы ферох кӕндзӕн нӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстам, уый (Мф 6:20; Дзт 6:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ алыхуызон сты. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд зӕрдӕрухс уыдзыстӕм (Га 6:4; Кл 3:23). Бирӕ азты дӕргъы мингай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ лӕггад кӕнынц Вефилы. Дӕуӕн дӕ бон нӕу Вефилы ӕххуыс кӕнын? Кӕд нӕ, уӕд та дӕ бон нӕу искӕй уымӕ разӕнгард кӕнын кӕнӕ дзы чи лӕггад кӕны, уыдонӕй искӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кӕна?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДАЙАЙ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
Вефилы лӕггад кӕнынмӕ нӕ цы хъуамӕ разӕнгард кӕна?
Иуӕй-иутӕ цы зӕгъынц, Вефилы лӕггад кӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты, уый тыххӕй?
Цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонмӕ?
Цы дӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй Вефилы лӕггад кӕнай?