Адӕмы ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой
1. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы цӕмӕн бауарзтой?
1 Хъуыды ма кӕныс, Йегъовӕйы тыххӕй фыццаг хатт куы фехъуыстай, уый? Цӕмӕн бауарзтай Йегъовӕйы? Бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм зӕгъдзысты, не Сфӕлдисӕджы диссаджы миниуджыты тыххӕй куы базыдтой, уӕлдайдӕр йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй, уӕд ӕй кӕй бауарзтой (1 Иоан. 4:8).
2, 3. Чиныг «Библи цы дзуры»-йы фӕрцы нӕ бон куыд у нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой?
2 «Мӕнӕ нӕ Хуыцау». Йегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ, адӕймаг йе ’мбал кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй бирӕ фыст ис чиныджы «Библи цы дзуры». Нӕ бон куыд у ацы чиныджы фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тынгдӕр бауарзой? Адӕймагӕн цыдӕр ног хъуыды куы ӕмбарын кӕнӕм, уӕд ӕм раттӕн ис, хъуыдытыл ӕй чи бафтауа, ахӕм фарстатӕ. Зӕгъӕм, «Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?» кӕнӕ, «Ацы хъуыды куыд ӕвдисы, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Фыд кӕй у?» Адӕймаджы афтӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд ын баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй ӕнустӕм Йегъовӕйы ӕмбал суа.
3 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон куы бамбарой, цы стыр кад у иунӕг ӕцӕг ӕмӕ удӕгас Хуыцауы тыххӕй зонын, уӕд уыдон дӕр зӕгъдзысты, Исай куыд загъта, афтӕ: «Мӕнӕ нӕ Хуыцау» (Ис. 25:9). Библи ӕмбарын кӕнгӕйӕ сын хъуамӕ се ’ргом здахӕм, Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ куы сӕххӕст кӕна, уӕд адӕм куыд арфӕгонд ӕрцӕудзысты, уымӕ. Йӕ фӕндтӕ та сӕххӕст кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы хицауӕй кӕм сӕвӕрдта, уыцы Паддзахады фӕрцы (Ис. 9:6, 7).
4, 5. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
4 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Мах зонӕм, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарзынмӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕй хауы. Махмӕ хъуамӕ уа Хуыцауы зондахаст ӕмӕ уыцы зондахаст нӕ царды зына (Пс. 97:10). Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ йын куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр сыгъдӕг цард куы кӕнӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уӕм, суанг фӕлварӕнты куы бахауӕм ӕмӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр (2 Пет. 3:11; 2 Иоан. 6).
5 Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йын йӕ фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый хӕсдзӕн циндзинад (Пс. 40:8). Библи чи ахуыр кӕны, уый хъуамӕ ӕмбара, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ уый тыххӕй кӕй радта, цӕмӕй йын йӕ хорздзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уой (Дык. з. 10:12, 13). Адӕймаг Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, йе ’ппӕт диссаджы хъуыддӕгтӕн дӕр ын кӕй аргъ кӕны. Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн ӕмбарын кӕнын хъӕуы, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд бирӕ мӕстытӕй хызт кӕй уыдзӕн.
6. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты?
6 Хуыцауы чи уарзы, уыдон арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Йегъовӕ тынг тыхсы, чи йӕ уарзы, уыцы сӕрныллӕг адӕмыл ӕмӕ сын йӕ «арф хъуыддӕгтӕ» ӕргом кӕны (1 Кор. 2:9, 10). Йегъовӕйы фӕндтӕ куы зоной, уӕд сӕ фидӕнӕй зӕрдӕрухс уыдзысты ӕмӕ сын фидар ныфс уыдзӕн (Йер. 29:11). Чи йӕ уарзы, уыдонмӕ хӕларзӕрдӕ дары (Рац. 20:6). Уыдон аргъ кӕнынц, Хуыцау сын йе стыр уарзтӕй ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй радта, уымӕн (Иоан. 3:16).
7. Иннӕты Йегъовӕйы уарзыныл кӕй ахуыр кӕнӕм, уымӕ цы цӕстӕй кӕсӕм?
7 Цас фылдӕр зонӕм нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн уый тыххӕй адӕмӕн дзурын (Матф. 13:52). Цы стыр кад у, иннӕты, уӕлдайдӕр та нӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой! (Дык. з. 6:5–7). Цӕй уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонимӕ ӕнӕрынцойӕ кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕ ӕнӕкӕрон сты (Пс. 145:7).