Дӕ сывӕллӕттӕ цӕттӕ сты?
1. Сывӕллӕттӕ цавӕр хъуыддагмӕ хъуамӕ уой цӕттӕ?
1 Ног ахуыры аз ӕрбалӕууыд ӕмӕ та сывӕллӕттӕ тагъд скъоламӕ ацӕудзысты. Уыдон дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнынц, ног зындзинӕдтӕ ӕмӕ ног цӕлхдуртыл кӕй сӕмбӕлдзысты, ууыл. Фӕлӕ та сын фӕзындзӕн ног фадӕттӕ, цӕмӕй «рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууой» (Иоан. 18:37). Цымӕ уымӕ цӕттӕ сты?
2. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ дзуапп дӕттынмӕ цӕттӕ уой, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы зонын?
2 Дӕ сывӕллӕттӕ хорз ӕмбарынц, патриотон церемонитӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ куыд фӕзындысты? Стӕй дзы архайын раст цӕуылнӕ у? Сӕхи куыд дардзысты, исчи сын куы дзура, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуой, искӕимӕ ӕмбӕлын райдайой, карз нозт бануазой йе та наркотиктӕ кӕнын райдайой? Ӕрмӕст афтӕ зӕгъдзысты, мах ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ кӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕви цӕуыл ӕууӕндынц, уый бӕлвырд бамбарын кӕндзысты? (1 Пет. 3:15).
3. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты бинонты ахуыры рӕстӕг цӕттӕ кӕнын?
3 Пайда кӕнут бинонты ахуыры рӕстӕгӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ сывӕллӕттӕ афӕдзы мидӕг скъолайы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлой, уыдоныл семӕ ныхас кӕндзыстут. Ӕмӕ цалынмӕ ахуыр кӕнын нӕ райдыдтой, уӕдмӕ хорз уаид уыцы хабӕрттыл рагацау аныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдзысты. Уӕ бон у, уӕ бинонты ахуыры рӕстӕджы уыцы фарстатӕ равзарын? Уӕ сывӕллӕтты бафӕрсут, скъоламӕ бацӕугӕйӕ сын ӕппӕты зындӕр цы уыдзӕн, уымӕй. Ногӕй равзарӕн ис, уый размӕ азты-иу цы ӕрмӕгыл ныхас кодтад, уый, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ ныр фестырдӕр сты ӕмӕ фембаргӕдӕр сты (Пс. 119:95). Уӕ бон у уавӕртӕ хъазгӕ дӕр акӕнын: ды ахуыргӕнӕджы кӕнӕ та ӕмкъласоны ролы. Уӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕнут дзуапп дӕттын Библийӕ ӕмӕ пайда кӕнын чингуытӕй «Рассуждение» ӕмӕ «Вопросы молодежи». Иу ныййарӕг алы ахуыры азы размӕ дӕр йӕ сывӕллӕттӕн бацамоны, сӕ ног ахуыргӕнджытӕн куыд зӕгъой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый тыххӕй. (Кӕс bw505, 3–5 фф.)
4. Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ цы бакӕндзысты?
4 Ацы фӕстаг бонты чырыстон фӕсивӕд цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уыдон бонӕй-бон зындӕр кӕнынц (2 Тим. 3:1). Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ развӕлгъау уыдӕттыл хъуыды кӕндзысты ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ сӕрты хизынӕн ӕххуыс кӕндзысты (Ӕмб. 22:3). Цалынмӕ ног ахуыры аз нӕ райдыдта, уӕдмӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ цӕттӕ уой.