Скъолайы хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ?
1. Скъолайы дын цавӕр фадат уыдзӕн?
1 Скъоламӕ фыццаг хатт бацӕудзынӕ ӕви иннӕ къласмӕ бахиздзынӕ, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлай. Фӕлӕ дын уӕддӕр хорз фадат уыдзӕн, цӕмӕй «ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууай» (Иоан. 18:37). Скъолайы хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ?
2. Хъусын кӕнынмӕ цӕй фӕрцы уыдзынӕ цӕттӕ?
2 Цӕмӕй царды алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын уай, уый тыххӕй дӕ ахуыр кӕны Йегъовӕ, дӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар (Ӕмб. 1:8; 6:20; 23:23–25; Еф. 6:1–4; 2 Тим. 3:16, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕхӕдӕг дӕр зоныс, скъолайы дӕм цавӕр зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Хуыцау нӕ кӕй ахуыр кӕны ӕмӕ скъолайы цӕуыл сӕмбӕлдзынӕ, уый куы зонай, уӕд цӕттӕ уыдзынӕ хъусын кӕнынмӕ (Ӕмб. 22:3). Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, чиныг «Вопросы молодежи» (1 ӕмӕ 2 томтӕ) ӕмӕ журнал «Райхъал ут!»-ы ӕрыгӕттӕн Библийӕ цы уынаффӕтӕ лӕвӕрд ис, уыдоныл.
3. Цавӕр фадӕттӕ дын ис хъусын кӕнынӕн?
3 Скъолайы дӕ бон куыд у хъусын кӕнын? Дӕ конд, дӕ уынд, дӕ уаг ӕмӕ дӕ ныхас ӕгъдауыл дзурӕг кӕй сты, де ’мкъласӕгтӕн ӕмӕ дӕ ахуыргӕнджытӕн кӕй аргъ кӕныс, суанг ма хорз кӕй ахуыр кӕныс, ӕмӕ царды цӕмӕдӕр кӕй тырныс, уый иннӕтӕ куы уыной, уӕд дӕ, чи зоны, исчи бафӕрса: «Иннӕты хуызӕн цӕуылнӕ дӕ?» (Мал. 3:18; Иоан. 15:19). Уый фӕрцы дын фӕзындзӕн фадат хъусын кӕнынӕн (1 Тим. 2:9, 10). Фӕлӕ уӕддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзынӕ, зӕгъӕм, паддзахадон церемониты ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг. Куы дӕ бафӕрсой, бӕрӕгбоны цӕуылнӕ архайыс, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ зӕгъдзынӕ, мӕ дин мын уый бар нӕ дӕтты ӕви уыцы фадатӕй спайда кӕндзынӕ ӕмӕ сын дӕ уӕларвон Фыды тыххӕй радзурдзынӕ? Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусай ӕмӕ дӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕ бон уыдзӕн хъусын кӕнын дӕ ахуыргӕнджытӕн, де ’мкъласӕгтӕн ӕмӕ иннӕтӕн (1 Пет. 3:15).
4. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, дӕ бон кӕй уыдзӕн скъолайы хорз хъусын кӕнын?
4 Чи зоны тӕрсгӕ дӕр кӕнай скъоламӕ цӕуынӕй, фӕлӕ зон, бирӕтӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй скъолайы хорз хъусын кӕнай. Алкӕмӕн ахӕм фадат нӕй, цӕмӕй скъолайы хъусын кӕна, ӕмӕ нын ӕхсызгон у, дӕуӕн кӕй ис ахӕм фадат. Уӕдӕ ныфсджын у ӕмӕ цӕттӕ у скъолайы хъусын кӕнынмӕ!