Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 10/11 2 ф.
  • Хъусын кӕнын ма тӕрс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусын кӕнын ма тӕрс
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ сывӕллӕттӕ цӕттӕ сты?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Теократон лӕггаддзинады скъола 2002 азӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Царды нӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагмӕ чи цӕттӕ кӕны, уыцы Скъола
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2002
  • Скъолайы хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 10/11 2 ф.

Хъусын кӕнын ма тӕрс

1. Хъӕбатырдзинад дӕ цы хъуыддаджы хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

1 Искуы скъолайы тарстӕ Хуыцауы тыххӕй радзурын, зӕгъгӕ мӕ хынджылӕг кӕндзысты? Уый тыххӕй, ӕцӕгдӕр, хъӕуы хъӕбатырдзинад, уӕлдайдӕр та ӕфсӕрмыгӕнаг куы уай, уӕд. Цы дын баххуыс кӕндзӕн?

2. Ӕмбаргӕдзинад дын куыд баххуыс кӕндзӕн скъолайы хъусын кӕнынӕн?

2 Ӕмбаргӕ у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бон у скъола дӕ участокыл нымайын. Фӕлӕ дӕ уый ничи домы, цӕмӕй, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ алкӕмӕндӕр куыд фӕхъусын кӕныс, скъолайы дӕр афтӕ кӕнай. Ӕмбаргӕ у, цӕмӕй зонай, дзурын кӕд хъӕуы, уый (Еккл. 3:1, 7). Урочы исты темӕйыл куы ныхас кӕнат кӕнӕ дын реферат куы раттой йе та дӕ скъолайы исчи куы бафӕрса, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр хъуыддӕгты цӕуылнӕ архайыс, уӕд дын фадат фӕуыдзӕн дӕ уырнындзинады тыххӕй радзурын. Скъоладзаутӕй чидӕртӕ ахуыры азы райдиан сӕ ахуыргӕнджытӕн фӕзӕгъынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты ӕмӕ сын раттынц, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Иннӕтӕ та нӕ публикацитӕй исты ӕрӕвӕрынц сӕ партӕйыл, цӕмӕй сӕ се ’мкъласонтӕ истӕмӕй бафӕрсой.

3. Дӕ бон куыд у дӕхи бацӕттӕ кӕнын скъолайы хъусын кӕнынмӕ?

3 Дӕхи цӕттӕ кӕн. Дӕхи куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ныфсджындӕр уыдзынӕ (1 Пет. 3:15). Ахъуыды-иу кӕн, цавӕр фарстатӕ дӕм ратдзысты ӕмӕ сын цавӕр дзуапп ратдзынӕ, ууыл (Ӕмб. 15:28). Кӕд гӕнӕн ис, уӕд-иу демӕ скъоламӕ ахӕсс Библи ӕмӕ ӕндӕр исты публикацитӕ, зӕгъӕм, «Рассуждение», фӕсивӕдӕн уагъд чингуытӕ ӕмӕ цард куыд фӕзынд, уый чи ӕмбарын кӕны, ахӕм литературӕ. Демӕ куы уой, уӕд сӕ дӕ бон уыдзӕн пайда кӕнын. Дӕ ныййарджытӕн зӕгъ, цӕмӕй-иу уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг афӕлварат, цавӕрдӕр фарстайӕн цы дзуапп раттӕн ис, уый.

4. Скъолайы дарддӕр дӕр цӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕнай?

4 Дӕ ныфс ма асӕттӕд. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй куы дзурай, уӕд дыл де ’мкъласонтӕ алы хатт дӕр худдзысты. Чи зоны, иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ фӕцӕуа дӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ дӕм суанг хъусгӕ дӕр бакӕной. Фӕлӕ-иу дӕм куы ничи байхъуса, уӕддӕр-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ райдзӕн (Дзут. 13:15, 16). Кув ӕм, цӕмӕй дӕ бон уа «ныфсджынӕй» дзурын (Хъуыд. 4:29; 2 Тим. 1:7, 8). Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, исчи дӕм куы байхъуса, уӕд. Чи зоны дзы исчи Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр райдайа!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын