Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/11 1 ф.
  • Хуыцауы ном срухс уӕд

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы ном срухс уӕд
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы ном зонын цӕмӕн хъӕуы?
    Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм
  • Йегъовӕ йӕ ном сбӕрзонд кодта
    Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
  • Адӕмӕн дзурӕм Хуыцауы ном
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2003
  • Кадджын кӕн Йегъовӕйы стыр ном
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
km 8/11 1 ф.

Хуыцауы ном срухс уӕд

1. 2012 азы районон конгресс куыд хуыйны ӕмӕ кӕй ныхӕстыл у арӕзт?

1 Цӕй стыр кад у Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы ном хӕссын! Хуыцау нӕ йӕхӕдӕг схуыдта йӕ номӕй, ӕмӕ 1931 азӕй хӕссӕм Йегъовӕйы кадджын ном – стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10). Хуыцауы иунӕггуырд фырт Йесо Хуыцауы номӕн стыр аргъ кодта, ӕмӕ кувын куы ахуыр кодта, уӕд фыццаджыдӕр райдыдта Хуыцауы номӕй (Матф. 6:9). Уымӕ гӕсгӕ 2012 азы районон конгрессы программӕ арӕзт у Йесойы ныхӕстыл, ӕмӕ хуыйны: «Хуыцауы ном срухс уӕд».

2. Цавӕр раныхӕстӕ уыдзӕн конгрессы?

2 Цы фехъусдзыстӕм. Сабаты цы раныхас уыдзӕн, «Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы ном фылдӕр адӕм фехъусой», зӕгъгӕ, уым ныхас цӕудзӕн, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕй царды хуыздӕр кӕй ницы ис, ууыл. Стӕй ма фехъусдзыстӕм иу фарстайы фӕдыл цалдӕр раныхасы, сӕ иумӕйаг ном у: «Йегъовӕйы ном макуы фӕхудинаг кӕнӕм». Уыцы раныхӕстӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй цыппар къӕппӕджы ма бахауӕм. Ӕндӕр раныхасӕй, «Хуыцауы ном цӕмӕн хъуамӕ срухс уа», зӕгъгӕ, базондзыстӕм: Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, адӕм нӕм ӕвзӕр куы хъусой, уӕд дӕр? Уацамынды ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм? Хуыцаубоны байхъусдзыстӕм иу фарстайы фӕдыл чи уыдзӕн, цыппар ахӕм раныхасмӕ, ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у Хуыцауы ном рухс кӕнын нӕ хъуыдытӕй, нӕ ныхасӕй, нӕ уынаффӕтӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Нӕуджытӕн уӕлдай пайда уыдзӕн ӕргом раныхас: «Йегъовӕ йӕ кадджын ном срухс кӕндзӕн Армагеддоны».

3. Цавӕр кадджын хӕс ныл ис ӕмӕ нын ацы конгрессы программӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

3 Тынг тагъд Йегъовӕ архайын райдайдзӕн, цӕмӕй йӕ ном срухс кӕна (Йез. 36:23). Уӕдмӕ та хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ном рухс кӕнӕм. Ныфс нӕ ис, ацы конгрессы программӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм, цы ном хӕссӕм, уымӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын