Дӕ бон у Македонимӕ ацӕуын?
1. Апостол Павел йе ’мбӕлттимӕ Македонимӕ цӕмӕн ацыд?
1 Апостол Павел н. э. 49 азмӕ ӕввахс йӕ дыккаг балцы ацыд Сирийы Антиохимӕ. Фӕндыд ӕй Ефес ӕмӕ Азийы иннӕ горӕттӕ бабӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы цӕстылуайӕны федта, цӕмӕй Македонимӕ ацыдаид. Павел йе ’мбӕлттимӕ ӕнӕзивӕгӕй сразы ис, ӕмӕ сӕм ӕрхауд диссаджы кад – уыцы ран сарӕзтой фыццаг ӕмбырд (Хъуыд. 16:8–10, 16:40–17:2, 3, 4). Абон дунейы бирӕ рӕтты хъӕуы хуымы кусджыты ӕххуыс (Матф. 9:37, 38). Дӕ бон у баххуыс кӕнын?
2. Иуӕй-иутӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуыныл цӕуылнӕ фӕхъуыды кӕнынц?
2 Чи зоны дӕу дӕр фӕнды Павелау миссионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыныл никуы хъуыды кодтай, уымӕн ӕмӕ дӕ бон нӕу Галаады скъола кӕнӕ Библион скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн фӕуын. Зӕгъӕм, ахӕм скъолатӕм сӕ бон нӕу ацӕуын, гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн, ӕнӕцыд хотӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн. Кӕнӕ та ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыныл уый тыххӕй нӕ хъуыды кодтай, ӕмӕ дӕ ныфс нӕ хӕссыс ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнынмӕ йе та тӕрсыс ног уавӕртӕй. Кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы цӕрыс, экономикон уавӕр уӕззау кӕй у, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ уӕндыс ногӕй ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын. Чидӕр та тыхсы, йӕ бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ куы ацӕуа, уӕд дзы кӕй нӕ бафӕраздзӕн. Фӕлӕ куы скувай ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнай, уӕд, чи зоны, бамбарай, дӕ бон кӕй у, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы бӕстӕмӕ ацӕуын.
3. Цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕйы кӕнӕ ӕндӕр ран ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнай, уый тыххӕй Галаады скъола фӕуын цӕуылнӕ хъӕуы?
3 Хъуамӕ Галаад фӕуай? Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдысты? Сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхыл (2 Кор. 3:1–5). Уӕдӕ кӕд дӕ уавӕртӕм гӕсгӕ дӕ бон нӕу Галаад фӕуын, уӕддӕр дӕ бон у ӕндӕр бӕстӕйы кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ахуыр кӕныс Хъусынгӕнджыты скъолайы ӕмӕ Хъусын кӕныны фембӕлды. Кӕд дӕ фӕнды Галаады кӕнӕ ӕндӕр ахӕм скъолайы ахуыр кӕнын, уӕд дӕм, ӕндӕр бӕстӕйы кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнгӕйӕ цы фӕлтӕрддзинад фӕзына, уый дын баххуыс кӕндзӕн, уыцы скъолатӕй дӕ искӕцымӕ куы фӕхоной, уӕд.
4. Хистӕртӕ цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕной, ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын?
4 Хистӕртӕ. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕй йе ’нӕниздзинад хорз кӕмӕн у, уыдонӕн сӕ бон у баххуыс кӕнын, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы ран кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы. Мыййаг, пенсийы рацыдтӕ? Иуӕй-иутӕ кӕд стыр пенси нӕ исынц, уӕддӕр сын фаг кӕндзӕн ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуой, уӕд. Зӕгъӕм, хъӕуты кӕнӕ мӕгуырдӕр бӕстӕты сӕхи фӕдардзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ асламдӕр вӕййы, цӕвиттонӕн, дохтырты ӕххуыс.
5. Радзур, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым чи баззад, ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы тыххӕй.
5 Пенси ацӕуыны кары чи уыд, ахӕм ӕфсымӕр йӕ цардӕмбалимӕ рӕстӕгмӕ лӕггад кодтой сӕрмагонд пионертӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уым ӕмӕ сфӕнд кодтой уыцы ран баззайын. Уыдис дзы 29 хъусынгӕнӕджы. Уым дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куы балӕггад кодтой, уӕд дзы фӕзынд 13 хъусынгӕнӕджы. Ныр ӕмбырды ис 51 адӕймаджы, 12 дзы лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй. 2011 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 91 адӕймаджы. Ӕфсымӕр ныффыста: «Ӕмбырд рӕзы, ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма ацы районы рӕстдзинад йӕ къахыл лӕууын нырма ныр райдыдта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды ам лӕггад кӕнын, цалынмӕ нӕ нӕ уавӕртӕ ӕмӕ не ’нӕниздзинад уадзынц, уӕдмӕ. Йегъовӕмӕ баввахсдӕр стӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс тынгдӕр дарын райдыдтам».
6. Радзур, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, уырдӕм чи ацыд, уыцы ӕнӕцыд хойы тыххӕй.
6 Ӕнӕцыд хотӕ. Йегъовӕ хотӕн дӕр бабар кодта, цӕмӕй хорз хабар дзурой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым (Пс. 68:11). Иу ӕрыгон ӕнӕцыд хо районон конгрессы фехъуыста, зӕгъгӕ, ӕххуыс хъӕуы, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым. Нӕ хо ацыд, 10 хъусынгӕнӕджы кӕм уыд, ахӕм поселокмӕ. 10 адӕймагимӕ дзы Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Хо дзуры: «Раздӕр мын мӕ лӕггад ахӕм циндзинад нӕ хаста. Ам адӕм хуымӕтӕгдӕр сты, литературӕ хуыздӕр исынц ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй байхъусынц хорз хабармӕ!»
7. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацыд, уыцы бинонты тыххӕй радзур.
7 Бинонтӕ. Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уӕ бон у ӕндӕр бӕстӕмӕ кӕнӕ ӕндӕр ранмӕ ацӕуын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын? Иу бинонтӕ сфӕнд кодтой ӕндӕр ранмӕ ацӕуын, уыдис сын 8-аздзыд ӕмӕ 10-аздзыд сывӕллоны. Мад загъта: «Тынг хорз у, нӕ сывӕллӕттӕ ам кӕй хъомыл кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕдзух уыдысты сӕрмагонд пионертимӕ ӕмӕ миссионертимӕ. Ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы ӕнгомдӕр ӕмӕ амондджындӕр стӕм».
8. а) Ӕвзаг куы нӕ зонай, уӕддӕр ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнӕн ис? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Цавӕр фадӕттӕ ис, цӕмӕй дӕ бӕстӕйы ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕнай?
8 Ӕвзаг. Мыййаг, ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнынмӕ дӕ ныфс кӕй нӕ хӕссыс, ӕндӕр бӕстӕмӕ уый тыххӕй нӕ цӕуыс? Чи зоны, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм бӕстӕты дзурынц дӕ мадӕлон ӕвзагыл. Англисагау чи дзуры, ахӕм къай ацыд, испайнаг ӕвзагыл кӕм дзурынц, ахӕм бӕстӕмӕ. Уым цӕры, англисагау чи дзуры, бирӕ ахӕм иммигранттӕ. Уыдон филиалӕй базыдтой, англисаг ӕмбырдтӕй ӕххуыс кӕм хъӕуы, уый, ӕмӕ дзы иу ӕмбырдмӕ дыууӕ хатты ацыдысты. Фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кодтой, ӕмӕ ӕрӕмбырд кодтой, ӕндӕр бӕстӕйы иу аз цӕмӕй фӕцардаиккой, уыйбӕрц ӕхца. Уыцы бӕстӕйы сын ӕфсымӕртӕ асламӕй фатер ссардтой. Дӕ бӕстӕйы та куыд баххуыс кӕнӕн ис ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн? Зӕгъӕм, дӕ бон у, филиал цы ӕвзаджы курсытӕ уадзы, уыдонӕй искӕцыйы сахуыр кӕнын ӕмӕ стӕй, уыцы ӕвзагыл цы ӕмбырд кӕнӕ къорд ис, уырдӕм ахизын? Чи зоны, уырыссаг ӕмбырды дӕ, фӕлӕ зоныс дӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ дӕ адӕмы ’гъдӕуттӕ. Зыдтай йӕ, нӕ бӕстӕйы бирӕтӕ дӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй дзурынц ӕмӕ сӕ рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды? Дӕ бон у скувын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, цӕмӕй рахизай, де ’взагыл чи ис, уыцы ӕмбырдмӕ кӕнӕ къордмӕ? Ацы хъуыддаджы дӕ разӕнгард кӕнӕд, адӕмы кӕй уарзыс, уый. (Аныхас кӕн 1 Коринфӕгтӕм 13:5.)
9, 10. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи ацыд, уыдоны цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?
9 Эмигранттӕ. Чи зоны, ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдтӕ рӕстдзинад базоныны размӕ. Мыййаг, дӕ бӕстӕйы хуымы кусджытӕ гыццыл не сты? Дӕ бон у фӕстӕмӕ уырдӕм ӕххуыс кӕнынмӕ аздӕхын? Ӕндӕрбӕстагӕй уӕлдай, дӕуӕн ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ бӕстӕйы куыст дӕр ӕмӕ цӕрӕнбынат дӕр ссарын. Ӕвзаг дӕр куыннӕ зондзынӕ. Стӕй уацамынды адӕм ӕрцӕуӕггагӕй дӕумӕ хуыздӕр байхъусдзысты.
10 Албанийӕ Италимӕ чи алыгъд, иу ахӕм лӕг хорз куыст ссардта ӕмӕ йӕ бинонтӕн ӕхца ӕрвыста. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд Италийы сӕрмагонд пионерты къорд албайнаг ӕвзагыл ахуыр кӕнын райдыдта. Уыцы пионерты фӕндыд Албанимӕ ацӕуын. Ӕфсымӕр ныффыста: «Уыдон цыдысты, ӕз кӕм цардтӕн, уырдӕм. Ӕвзаг дӕр нӕ зыдтой, фӕлӕ сӕ тынг фӕндыд уырдӕм ацӕуын. Ӕз албайнаг куы дӕн, не ’взаг дӕр ӕмӕ не ’гъдӕуттӕ дӕр куы зонын, ӕмӕ ам Италийы цы кусын?» Ӕмӕ ӕфсымӕр сфӕнд кодта фӕстӕмӕ Албанимӕ аздӕхын, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид. Ӕфсымӕр дзуры: «Италийы ӕхцаджын куыст кӕй ныууагътон, ууыл цымӕ фӕсмон кӕнын? Ӕппындӕр нӕ. Мӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕппӕты хуыздӕр куыст ссардтон. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнын, уымӕй стырдӕр циндзинад мын ницы хӕссы!»
11, 12. Ӕндӕр ранмӕ цӕуынвӕнд чи кӕны, уыдон цы хъуамӕ кусой?
11 Цы ис саразӕн. Павел йе ’мбӕлттимӕ Македонимӕ цӕуынвӕнд куы скодта, уӕд сӕ раздӕр фӕндыд ныгуылӕнырдӕм ацӕуын, фӕлӕ «сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ бауагъта», ӕмӕ цӕгатырдӕм ацыдысты (Хъуыд. 16:6). Вифинимӕ куы баввахс сты, уӕд сӕ Йесо уырдӕм бацӕуын нӕ бауагъта (Хъуыд. 16:7). Йегъовӕ абон дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты Йесойы уылты (Матф. 28:20). Фӕлӕ кӕд сфӕнд кодтай ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы разамынд агур (Лук. 14:28–30; Иак. 1:5; кӕс рамкӕйы «Куыд базонӕн ис, кӕдӕм цӕуынвӕнд кӕныс, уым ӕххуыс хъӕуы ӕви нӕ»).
12 Дӕ фӕнды тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ цы хъуыды кӕнынц, уый базон (Ӕмб. 11:14; 15:22). Ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕныны тыххӕй нӕ публикациты цы фыст ис, уый бакӕс ӕмӕ цӕуынмӕ кӕдӕм хъавыс, уыцы бӕстӕйы тыххӕй фылдӕр базон. Кӕд дӕ бон у, уӕд уырдӕм иу-цалдӕр бонмӕ ацу. Кӕд уыцы хъуыддаг фидарӕй аскъуыддзаг кодтай, уӕд уыцы бӕстӕйы филиалмӕ ныффысс, цӕмӕй хабӕрттӕ бӕстондӕр базонай. Филиалты адристӕ сты «Ежегодник»-ы. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, дӕ писмо де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы раттис, цӕмӕй рекомендаци ныффыссой ӕмӕ йӕ филиалмӕ арвитой. Афтӕ кӕнын хъӕуы, дӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм куы цӕуай, уӕд дӕр. (Кӕс «Организованы», 111, 112 фф.)
13. Филиал дын цӕмӕй баххуыс кӕндзӕн, фӕлӕ дӕхӕдӕг та цы хъуамӕ саразай?
13 Филиал дын уыцы бӕстӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ фӕхабар кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн уынаффӕ рахӕссын. Фӕлӕ филиал нӕ дӕтты гарантийный писмотӕ ӕмӕ хуынды гӕххӕттытӕ, не ’ххуыс кӕны визӕ кӕнӕ ӕндӕр гӕххӕттытӕ аразынӕн, стӕй цӕрӕнбынат дӕр нӕ фӕагуры. Уыцы хабӕрттӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг базонай, ӕмӕ цалынмӕ уырдӕм нӕ ацӕуай, уӕдмӕ сӕ саразай. Визӕ ӕмӕ кусынӕн бар райсыны тыххӕй посольствомӕ кӕнӕ консульствомӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг бацӕуай. Ӕндӕр бӕстӕмӕ чи цӕуы, уыдон хъуамӕ сӕхӕдӕг сӕхи дарой ӕмӕ уыцы бӕстӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕной (Гал. 6:5).
14. Сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕ уадзынц, ахӕм бӕстӕмӕ куы цӕуӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
14 Сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕ уадзынц, уыцы бӕстӕтӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уой къӕрцхъус (Матф. 10:16). Ахӕм бӕстӕмӕ чи ӕрцӕуы кӕнӕ цӕрынмӕ чи алидзы, уыдон къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд, гӕнӕн ис, сӕхи ӕнӕхъуаджы адӕмы цӕсты бафтауой, ӕмӕ уымы цӕрӕг ӕфсымӕрты фыдбылызы баппарой. Кӕд дӕ фӕнды ахӕм бӕстӕмӕ ацӕуын, уӕд уал де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгты уылты филиалмӕ писмо арвит.
15. Ӕндӕр ранмӕ ацӕуыны фадат кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сӕ бон куыд у, кӕм цӕрынц, уым фылдӕр лӕггад кӕнын?
15 Дӕ уавӕртӕ дӕ куы нӕ амоной. Кӕд дӕ бон ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуын нӕу, уӕд ӕнкъард ма кӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын фидӕны «лӕггад кӕнынӕн стыр дуар байгом» уа (1 Кор. 16:8, 9). Районон цӕстдарӕг дын зӕгъдзӕн, дӕ хӕдзары цӕргӕйӕ дӕ бон баххуыс кӕнын кӕм у. Чи зоны, де ’ххуыс хъӕуы, ӕндӕр ӕвзагыл цы ӕмбырд кӕнӕ къорд ис, уым кӕнӕ та дӕхи ӕмбырды. Дӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын (Кол. 3:23).
16. Ӕндӕр ранмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарай?
16 Ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын кӕй фӕнды, ахӕм фӕлтӕрд чырыстоны зоныс? Кӕд о, уӕд ын ӕххуыс кӕн ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтау! Павелы рӕстӕджы Сирийы Антиохи Ромы империйы стырдӕр горӕттӕй уыд ӕртыккаг (Ром ӕмӕ Александрийӕйы фӕстӕ). Антиохийы ӕмбырды территори ахӕм стыр кӕй уыди, уый тыххӕй сӕ Павелы ӕххуыс дӕр хъуыди ӕмӕ, уырдыгӕй куы рацыд, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, мысыдысты. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, Павел уырдыгӕй куы цыд, уӕд ын ӕфсымӕртӕ кӕй лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй уым ӕрлӕууыдаид. Уыдон ӕрмӕст сӕхи ӕмбырдыл нӕ мӕт кодтой, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстой, дуне «хуым» кӕй у (Матф. 13:38).
17. «Македонимӕ» ацӕуыныл цӕмӕн хъӕуы ахъуыды кӕнын?
17 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сыгъдӕг тыхмӕ кӕй байхъуыстой, ӕмӕ Македонимӕ кӕй ацыдысты, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыдысты. Македонийы горӕт Филиппты куы уыдысты, уӕд фембӕлдысты Лидийӕйыл ӕмӕ «йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта ӕмӕ, Павел цы дзырдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ арф айста» (Хъуыд. 16:14). Ахъуыды-ма кӕн, Лидийӕ ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куыд цин кодтаиккой! Бирӕ бӕстӕты, стӕй нӕхи бӕстӕйы дӕр, нырма ис Лидийӕйы хуызӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, ӕмӕ хорз хабар нӕ фехъуыстой. Ды дӕр «Македонимӕ» куы ацӕуай, уӕд цин кӕндзынӕ, ахӕм адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕныс, уый тыххӕй.
[Рамкӕ 5 фарсыл]
Куыд базонӕн ис, кӕдӕм цӕуынвӕнд кӕныс, уым ӕххуыс хъӕуы ӕви нӕ
• Ног «Ежегодник»-ы фен, цал хъусынгӕнӕджы дзы ис, уый.
• Уыцы бӕстӕйы тыххӕй статьятӕ ссар «Индекс»-ы руаджы.
• Уыцы бӕстӕйы чи уыд кӕнӕ дзы чи цард, ахӕм хъусынгӕнджытӕй искӕимӕ аныхас кӕн.
• Кӕд дӕ фӕнды дӕхи ӕвзагыл кӕм хъусын кӕнай, ахӕм бӕстӕмӕ ацӕуын, уӕд Интернеты базон, де ’взагыл дзы цал адӕймаджы дзуры, уый.
• Кӕд дӕ фӕнды дӕ бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ ацӕуын, уӕд ӕмбырды секретарӕй райс, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уыцы горӕтты номхыгъд, стӕй фылдӕр базон уыцы бынаты тыххӕй: уырдӕм цалдӕр бонмӕ ацу кӕнӕ дзы чи лӕггад кодта, уыдонӕй искӕй бафӕрс.