НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД | НОГ ЛӔГГАДЫ АЗМӔ ДӔ РАЗЫ НЫСӔНТТӔ СӔВӔР
Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнын райдай
Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад хъуамӕ уа фидар, цӕмӕй, ахуыр кӕуыл у, уыцы бынат ныууадза ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуа (Дзт 11:8–10). Кӕд, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуыныл хъуыды кӕныс, уӕд де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй равзарай, кӕдӕм ацӕуай, уый, стӕй бамбарай, уырдӕм ацӕуын дӕ къух амоны ӕви нӕ? Нӕ публикациты ссар статьятӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, ахӕм рӕтты хъусынгӕнджытӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Аныхас кӕн, лӕггад кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ чи ацыд, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ (Ӕм 15:22) Йегъовӕйӕ разамынд кур (Иак 1:5). Ацӕуын дӕ кӕдӕм фӕндид, уыцы бынӕтты тыххӕй фылдӕр базон. Ӕмӕ искӕцы бынат куы равзарай, уӕд уал-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ уырдӕм ӕппынкъаддӕр цалдӕр бонмӕ ацу.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УЫРНЫНДЗИНАД ДӔМ УӔД ӔМӔ, ДӔ РАЗЫ ЦЫ „СТЫР ДУАР“ БАЙГОМ, УУЫЛ БАХИЗ. ЛӔГГАД КӔН, ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ КӔМ НӔ ФАГ КӔНЫ, УЫМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:
Габриелы цы къуылымпы кодта, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдаид ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кодта?