«Хъӕуы мӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ цӕуын?»
1 Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕстгӕнгӕйӕ, зӕгъгӕ, «ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты», Иегъовӕйы нывонддзырдрадтӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ цӕуынц цӕрынмӕ, фылдӕр лӕггадгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм (Мтф. 28:19). Уыдон фӕзмынц Павелы, уымӕн куы загътой, зӕгъгӕ, «ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн», уӕд сӕм байхъуыста (Ап. к. 16:9). Уыцы хъуыддаг хуыздӕр куыд ис бакӕнӕн?
2 Дӕ хъуыддӕгтӕ фӕд-фӕдыл араз. Де ’мбырдмӕ цы территори хауы, уым ис, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм районтӕ? Кӕд о, уӕд дӕ тыхтӕ уыдонмӕ сараз. Искуыдӕм цӕуыны размӕ уал аныхас кӕн дӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ, цымӕ уыдон та цы хъуыды кӕнынц, цӕттӕ дӕ ӕндӕр ран цӕрынмӕ ӕви нӕ. Дӕ бон ма у районон цӕстдарӕджы дӕр бафӕрсын, чи зоны, уӕм хӕстӕг ис ахӕм ӕмбырд, дӕ бон фылдӕр лӕггад кӕнын кӕм уаид. Иннӕрдыгӕй, алцыдӕр лӕмбынӕг куы сбарай, уӕд дӕ, чи зоны, бафӕнда уӕ бӕстӕйы ӕндӕр ран кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнын. Афтӕ куы сфӕнд кӕнай, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советимӕ ныффыссай фыстӕг, кӕм дӕ фӕнды лӕггад кӕнын, уыцы бӕстӕйы филиалмӕ ӕмӕ дзы цыбыртӕй ныффыссай дӕ теократон биографи. Хорз уаид, цӕрынмӕ кӕм хъавыс, уыцы бӕстӕ уал раздӕр куы фенис ӕмӕ уый фӕстӕ уынаффӕ куы рахӕссис.
3 Цас тӕссаг у ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ цӕуын. Не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ цӕрынмӕ цӕуынц ӕндӕр бӕстӕтӕм, уымӕн ӕмӕ агурынц хуыздӕр цард кӕнӕ сӕ фӕнды ӕфхӕрддзинадӕй фервӕзын. Иуӕй-иуты уал дзы фӕсайдтой ӕдзӕсгом адӕймӕгтӕ: уыдон сын зӕрдӕ бавӕрдтой, ног бӕстӕйы сын кӕй баххуыс кӕндзысты ӕрбынат кӕнынӕн, фӕлӕ сын ӕрмӕст сӕ ӕхцатӕ расайдтой ӕмӕ сын аразгӕ дӕр ницы скодтой. Иуӕй-иу хатт ма ахӕм адӕймӕгтӕ фӕархайынц ног ӕрлидзӕг адӕмы ӕнӕгъдаудзинадмӕ сразӕнгард кӕныныл. Куы нӕ сразы вӕййынц, уӕд та сӕ ныууадзынц, цы бӕстӕмӕ ӕрцӕуынц, уый бар, сӕхи сын ницӕуыл уал фӕнымайынц. Афтӕмӕй ӕрлидзӕг адӕмы уавӕр фӕуӕззаудӕр вӕййы сӕ раздӕры уавӕрӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ бахъӕуа ӕфсымӕрты ӕххуыс, цӕмӕй уал сын сӕ хӕдзӕртты ацӕрой кӕнӕ сын ӕндӕр истӕмӕй баххуыс кӕной, уый та у чырыстон бинонтӕн уаргъ, уымӕн ӕмӕ сын ис сӕхи зындзинӕдтӕ дӕр. Иуӕй-иу бинонтӕ фӕхицӕн вӕййынц сӕ кӕрӕдзийӕ ӕмӕ ахӕм ӕнӕрхъуыды цыдтыты тыххӕй бинонтӕн сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы (1 Тим. 6:8—11).
4 Кӕд дӕ фӕнды ӕндӕр искуыдӕм хуыздӕр цард агурӕг ацӕуын, уӕд дӕ зӕрдыл бадар: кӕмфӕнды ма уай, уӕддӕр дын зындзинӕдтӕ уыдзӕн. Ӕмӕ сыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕхи бӕстӕйы ӕнцондӕрӕй фӕуӕлахиз уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йын зоныс йе ’взаг ӕмӕ йӕ культурӕ, ӕнӕзонгӕ бӕстӕйы та дӕ бахъӕудзӕн алцӕимӕдӕр ногӕй зонгӕ кӕнын.