Адӕймагӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй хъуыды кӕна
1. Йӕ лӕггады ӕнтыстджындӕр чи у?
1 Цымӕ йӕ лӕггады ӕнтыстджындӕр чи у, тыхныхас чи кӕны ӕви адӕймагӕн хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ раст хатдзӕг скӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, уый? Апостол Павел Фессалоникӕйы дзуттӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сӕ йӕ ныхӕстӕй хъуыдытыл ӕфтыдта, ӕмӕ «дзы чидӕртӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:2–4). Адӕмӕн хъуыды кӕнынӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?
2. Адӕмӕн хорз хабар дзургӕйӕ Павелы куыд фӕзмӕм?
2 Адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн аргъ кӕнӕм. Кӕм хъусын кӕнӕм, уым адӕм цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ куыд хъуыды кӕнынц, уый куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн алы адӕймагимӕ дӕр ныхас кӕнын. Павел Ареопаджы грекъӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд йӕ ныхас райдыдта, уыдон цы зыдтой ӕмӕ разы цӕуыл уыдысты, уымӕй (Хъуыд. 17:22–31). Уацамындмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ территорийы адӕм цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст сты, уый (1 Кор. 9:19–22). Адӕймаг немӕ куы нӕ разы кӕна, уӕд бацархайын хъӕуы, цӕмӕй аныхас кӕнӕм, цӕуыл сразы уыдзӕн, ууыл.
3. Фарстатӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕн куыд ис, цӕмӕй адӕймагӕн хъуыды кӕнынӕн баххуыс кӕнӕм?
3 Арӕхстджынӕй дӕттӕм фарстатӕ. Адӕймаг кӕдӕм цӕуы, уырдӕм ын фӕндаг нӕ бацамондзыстӕм, ныр кӕм ис, уый куы нӕ зонӕм, уӕд. Афтӕ адӕймагӕн раст хатдзӕгмӕ ӕрцӕуынӕн нӕ баххуыс кӕндзыстӕм, цы хъуыды кӕны, уый куы нӕ зонӕм, уӕд. Йесо адӕммӕ арӕх лӕвӕрдта фарстатӕ, цӕмӕй-иу сын сӕ хъуыды базыдтаид. Зӕгъӕм, иу адӕймаг Йесойы бафарста: «Цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» Дзуапп раттыны размӕ уал ын Йесо йӕ хъуыды базыдта (Лук. 10:25–28). Ӕндӕр хатт та, Петр ӕнӕрхъуыдыйӕ дзуапп куы ратта, уӕд ӕм Йесо фарстатӕ арӕхстджынӕй лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ хъуыды сраст кодтаид (Матф. 17:24–26). Уӕдӕ нӕм адӕймаг фарстатӕ куы дӕтта кӕнӕ цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл раст куы нӕ хъуыды кӕна, уӕд ӕм фарстатӕ афтӕ дӕттӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕна.
4. Адӕймагӕн хъуыды кӕнынӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?
4 Адӕймагӕн хъуыды кӕнынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм Ӕппӕты номдзыддӕр Ахуыргӕнӕг Йесойы ӕмӕ фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы арӕхстджын хъусынгӕнджыты. Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, адӕймагӕн кӕй аргъ кӕнӕм (1 Пет. 3:15). Афтӕмӕй ма нын фадат уыдзӕн, цӕмӕй адӕймагмӕ ӕндӕр хатт бацӕуӕм ӕмӕ йемӕ аныхас кӕнӕм.