Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 8/12 1 ф.
  • Хъахъхъӕн де ’фсарм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъахъхъӕн де ’фсарм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Мӕ бон куыд у ме ’фсарм ахуыр кӕнын?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
  • Де ’фсарм дын хорз уынаффӕгӕнӕг у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Дӕ мидхъӕлӕсмӕ хъус
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2012
km 8/12 1 ф.

Хъахъхъӕн де ’фсарм

1. 2013 лӕггады азы иубонон конгресс цы хуыйны ӕмӕ йӕ нысан цы у?

1 Алы бон дӕр ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ не ’фсармӕн фӕчъизи кӕнынӕй тӕссаг вӕййы. Раст уый тыххӕй 2013 лӕггады азы иубонон конгресс хуыйны «Хъахъхъӕн де ’фсарм» (1 Тим. 1:19). Конгресстӕ райдайдзысты 2012 азы 1 сентябрӕй. Ацы конгрессы программӕ махӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, не Сфӕлдисӕг нын цы диссаджы лӕвар скодта, ууыл – не ’фсармыл.

2. Конгрессы цавӕр ахсджиаг фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

2 Дзырд дзы цӕуыл цӕудзӕн. Ацы конгрессы дзуапп базондзыстӕм авд ахсджиаг фарстайӕн ӕфсармы тыххӕй:

• Не ’фсармӕн тӕссаг цӕмӕй у?

• Не ’фсарм куыд ахуыр кӕнӕм?

• Ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?

• Нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы уой, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

• Цы ис аразӕн, цӕмӕй ӕфсармимӕ баст хъуыддӕгты иннӕтӕн къуылымпыйы хос ма уӕм?

• Ӕрыгӕттӕ, куы уӕ рӕдийын кӕной, уӕд уӕ бон куыд у фидар фӕлӕууын?

• Йе ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ чи ахуыр кӕны ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын?

3. Ацы конгресс нын цы пайда уыдзӕн?

3 Сайтан архайы, цӕмӕй не ’фсармы сӕрты ахизӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты дзуры: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21). Ацы конгрессы дӕр нын Йегъовӕ дӕтты ахӕм разамынд. Уымӕ гӕсгӕ бацархайӕм, цӕмӕй программӕйӕ иу хай дӕр ма фӕцух кӕнӕм. Лӕмбынӕг-иу хъусӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, цы фехъусӕм, уымӕй нӕ царды куыд спайда кӕнӕм, ууыл. Конгрессы цы базонӕм, ууыл-иу нӕ бинонтимӕ аныхас кӕнӕм. Цы уынаффӕтӕ фехъусӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй нӕ «цӕсгом сыгъдӕг уа» ӕмӕ нӕхи хизӕм Сайтаны дунейы рӕстӕгмӕйы ирхӕфсӕнтӕй (1 Пет. 3:16).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын