Дӕ уӕззау фыдӕбонӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕд
1. Хуыцауӕн нӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын цы бахъыгдардзӕн?
1 Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ хъуамӕ «йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты... уынын кӕна» (Еккл. 2:24). Фӕлӕ нӕ лӕггад цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уый куы нал уынӕм, уӕд нӕ циндзинад фесафдзыстӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм?
2. Нӕ лӕггады нӕхицӕй ӕгӕр бирӕ цӕуылнӕ хъуамӕ домӕм?
2 Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Рох дӕ ма уӕд, кӕд Йесомӕ стӕмтӕ байхъуыстой, уӕддӕр йӕ лӕггады уыди ӕнтыстджын (Иоан. 17:4). Йесо тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй нын бамбарын кодта, бирӕты зӕрдӕты мыггаг, ома Паддзахады хабар, кӕй не сзайдзӕн (Матф. 13:3–8, 18–22). Фӕлӕ уӕддӕр, зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уый фӕрцы нын бирӕ ӕнтысы.
3. Кӕд нӕм бирӕтӕ нӕ байхъусынц, уӕддӕр нӕ бон куыд у «тыллӕг» дӕттын?
3 Бирӕ «тыллӕг» куыд дӕттӕм. Чырыстийы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уыдон хъуамӕ раттой «тыллӕг» (Матф. 13:23). Мӕнӕуы зӕнг куы сзайы ӕмӕ куы сфидар вӕййы, уӕд ратты мӕнӕуы ног зӕнгтӕ нӕ, фӕлӕ ног нӕмгуытӕ. Уӕдӕ ӕнтыстджын чырыстон бирӕ тыллӕг ӕрмӕст уӕд нӕ фӕхӕссы, бирӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕ йын куы вӕййы, фӕлӕ нӕмгуытӕ парахатӕй куы фӕтауы, ома Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй куы фӕхъусын кӕны, уӕд. Афтӕ куы архайӕм, уӕд нын нӕ лӕггад уыдзӕн стыр цины хос, адӕм нӕм хъусой, ӕви ма хъусой, уӕддӕр. Афтӕмӕй рухс кӕндзыстӕм Йегъовӕйы ном (Ис. 43:10–12; Матф. 6:9). Махӕн стыр кад у, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм, уый (1 Кор. 3:9). Йегъовӕйы нӕ дзыхыныхасӕй кӕй кадджын кӕнӕм, уый йын у ӕхсызгон (Дзут. 13:15, 16).
4. Хатт ӕй нӕ фӕзонӕм, афтӕмӕй нӕ лӕггад тыллӕг куыд ратты?
4 Уымӕй уӕлдай ма, нӕ фыдӕбон ӕрхӕссы, кӕй нӕ фӕуынӕм, ахӕм тыллӕг дӕр. Чи зоны, Йесо кӕмӕн хъусын кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы, зӕххыл куы нал лӕггад кодта, уый фӕстӕ. Мах дӕр Паддзахады мыггаг тауӕм, фӕлӕ, чи зоны, уыцы мыггаг фӕстӕдӕр сзайа адӕймаджы зӕрдӕйы ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа, мах ӕй зонгӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй. Ӕцӕгӕйдӕр, нӕ лӕггад хӕссы хорз тыллӕг. Уӕдӕ дарддӕр дӕр «бирӕ дыргъ... хӕссӕм» ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм (Иоан. 15:8).