«Нӕхи цӕттӕ кӕнӕм... брошюрӕ парахат кӕнынмӕ»
Алы мӕй дӕр Хъусын кӕныны фембӕлды фенӕм, нӕ бон куыд у брошюрӕтӕ парахат кӕнын. Ацы хайӕн йӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй иумӕ равзарӕм, брошюрӕйы цавӕр статьятӕ ис, уый, фӕлӕ цӕмӕй аныхас кӕнӕм, нӕ бон куыд у брошюрӕ раттын. Инструкцимӕ гӕсгӕ, ацы хай кӕмӕн уа, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ тынг цыбыр разныхас скӕна – хъуамӕ зӕгъа, ацы брошюрӕ хорз цӕмӕй у. Стӕй хъуамӕ хъусынгӕнджыты бафӕрса, статья кӕнӕ иу фарстайы фӕдыл цы статьятӕ вӕййы, уыдонӕй куыд спайда кӕндзысты. Уыцы рӕстӕг хъусджытӕн сӕ бон у сӕ брошюрӕтӕм кӕсын ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕцыд, уыдон фыссын. Ӕфсымӕр хъусджытӕн нӕ дзурдзӕн, цӕмӕй, брошюрӕ куыд ратдзысты, уый сӕрӕй кӕронмӕ радзурой, фӕлӕ сӕ бафӕрсдзӕн, сӕ территорийы хуыздӕр цавӕр фарстатӕй уыдзӕн спайда кӕнын, стӕй та сӕ бафӕрсдзӕн, цавӕр стих бакӕсдзысты, уымӕй. Фӕстагмӕ хъусджытӕ хъуамӕ равдисой, брошюрӕ куыд раттӕн ис, уый. Хорз уаид, брошюрӕ-иу рагацау куы бакӕсиккам, цӕмӕй нӕ бон уа ӕмбырды дзуапп дӕттын. Не ’ппӕт дӕр нӕхи хорз куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд ацы ӕрмӕг ӕвзаргӕйӕ нӕ бон уыдзӕн кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 27:17).