Журналтӕ парахат кӕн
1, 2. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» адӕмы цард куыд ивынц?
1 «Цымыдисаг, афойнадыл, ныфсдӕттӕг». «Ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕг журналтӕ никуы бакастӕн». Ацы ныхӕстӕй хорз зыны, ӕппӕт дунейы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы тыххӕй кӕсджытӕ цы хъуыды кӕнынц, уый. Ӕцӕг, нӕ журналтӕ сты, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм кусӕнгарз хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн» фехъусын кӕнынӕн (1 Тим. 2:4).
2 Царды куысты йеддӕмӕ кӕй ницы ӕндавы, ахӕм амалхъом адӕймаг райста, цы йӕ цымыдис кодта, уый фӕдыл кӕм дзырдӕуы, ахӕм журнал «Райхъал ут!». Фӕстӕдӕр, уыцы журналимӕ цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уыди, уым бакасти статья ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, фидарӕй кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы ахуырадыл – Ӕртӕиууоныл. Уыйадыл ӕй фылдӕр базонын бафӕндыд. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райста. Ӕндӕр нӕлгоймаг та ӕдзухдӕр иста журналтӕ, фӕлӕ сӕ кӕсгӕ нӕ кодта. Йӕ ус та Ӕвдисӕнты ӕмгӕрон цӕугӕ дӕр нӕ кодта, фӕлӕ-иу йӕ лӕгӕн цы журналтӕ ныууагътой, уыдон касти. Сылгоймаджы зӕрдӕ арф бацагайдта Библийы зӕрдӕвӕрд, зӕххыл дзӕнӕты рӕстаг адӕм кӕй цӕрдзӕн, уый. Цасдӕры фӕстӕ йӕхӕдӕг, йӕ фырт ӕмӕ йӕ хо дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.
3. Хорз цӕмӕн у дыууӕ журналы дӕр иумӕ дӕттын?
3 Дыууӕ журнал дӕр иумӕ дӕтт. Уӕлдӕр фыст цӕвиттонтӕй куыд федтам, афтӕмӕй мах нӕ зонӕм, нӕ журналтӕ нын чи бакӕсдзӕн кӕнӕ кӕй цы бацымыдис кӕндзӕн, уый (Еккл. 11:6). Уымӕ гӕсгӕ хорз у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» иумӕ дӕттын, кӕд ӕрмӕст иу журналы тыххӕй фӕдзурӕм, уӕддӕр. Иуӕй-иу хатт хорз уаид алыхуызон журналтӕ раттын.
4. Куыд пълан кӕнӕм журналтимӕ хъусын кӕныны рӕстӕг?
4 Хорз уаид къуыри иу бон рахицӕн кӕнын журналтимӕ хъусын кӕнынӕн. «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты къӕлиндары» 2005 азӕн (уыр.) алы сабаты дӕр фыст ис «Журналтимӕ хъусын кӕнын». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ран дӕр ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕхи уавӕртӕ ис, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕн сӕ бон у ацы хъуыддагӕн ӕндӕр бон рахицӕн кӕнын. Ды та къуырийы дӕргъы журналтимӕ кӕд фӕхъусын кӕныс?
5. Цавӕр гӕнӕнтӕ нын ис журналтӕ парахат кӕнынӕн ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
5 Дӕхицӕн нысӕнттӕ сӕвӕр. Цӕмӕй дӕ журналтӕ парахат кӕнын ма рох кӕна, уый тыххӕй дӕхицӕн нысан сӕвӕр, цал журналы дӕтдзынӕ мӕйы мидӕг. Искӕмӕн иудадзыг журналтӕ хӕссыс? Уацамынды кӕуыл фембӕлыс, уыдонӕн журналтӕ дӕттыс? Дӕ бон сӕ у уынджы, куыстуӕтты ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕтты парахат кӕнын? Искуыдӕм цӕугӕйӕ, истытӕ ӕлхӕнгӕйӕ ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ, демӕ журналтӕ ахӕссыс? Алы уавӕрӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» адӕмӕн фӕахъаз уой.
6. Ивгъуыд мӕйты журналтӕ куыд ис парахат кӕнӕн?
6 Нӕ бон ма у иу нысан сӕвӕрын: ивгъуыд мӕйты журналтӕ парахат кӕнын. Кӕд журналтӕ сӕ афоныл нӕ апарахат кодтам, уӕддӕр дзы цы ӕрмӕг ис, уый иу кӕнӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ дӕр нӕ зӕронд кӕны. Ратт-иу сӕ цымыдисгӕнаг адӕмӕн. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» милуантӕн систы «афоныл загъд ныхас» (Ӕмб. 25:11). Цӕй уӕдӕ, журналтӕй афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй ма милуантӕ Иегъовӕйы базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой.