Нӕ сайт – уацамынды дзы пайда кӕн
Адӕмы разӕнгард кӕн нӕ сайтӕй пайда кӕнынмӕ. Немӕ ныхас кӕнын кӕнӕ нӕ литературӕ исын кӕй нӕ фӕфӕнды, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хӕдзары бацӕуынц сайтмӕ jw.org, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базоной. Уӕдӕ дын фадат куы уа, уӕд-иу зӕгъ нӕ сайты тыххӕй.
Фарстатӕн дзуапп дӕтт. Нӕ участокы чи цӕры, фылдӕр базонын кӕй фӕнды кӕнӕ нӕ зонгӕтӕй искӕй, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕнӕ нӕ ахуырӕдты тыххӕй фылдӕр базонын. Адӕймаджы фарстайӕн дзуапп равдисӕн уыдзӕн телефоны кӕнӕ компьютеры нӕ сайт куы бакӕнай, уӕд. Хуыздӕр уыдзӕн стихтӕ комкоммӕ Библийӕ кӕсын. Кӕд дӕ телефонӕй Интернетмӕ бахизӕн нӕй, уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ бон куыд у йӕ фарстайӕн дзуапп ссарын нӕ сайты jw.org. (Равзар «Библейские учения», стӕй «Ответы на библейские вопросы» кӕнӕ «О нас», стӕй «Часто задаваемые вопросы».)
Арвит статья кӕнӕ публикаци дӕ зонгӕтӕй искӕмӕ. Электрон почтӕйы (e-mail) фӕрцы арвитӕн ис, Интернетӕй кӕй рафыстай, уыцы PDF кӕнӕ EPUB. Кӕнӕ та дӕ бон у Интернетӕй рафыссын нӕ публикацийы аудиозапись CD-дискыл. Донаргъуыд чи нӕу, уымӕн ахӕм форматы ӕнӕхъӕн чиныг, брошюрӕ кӕнӕ журнал куы арвитай, уӕд уый дӕр фыссӕн ис уацамындон хыгъды. Ахӕм ӕрмӕг ӕрвитгӕйӕ дзы хъуамӕ фыст уа, чи йӕ ӕрвиты, уый ном ӕмӕ ахӕм уӕззау ма уа, цӕмӕй йӕ компьютер зынтӕй гом кӕна. Стӕй йӕ нӕй ӕндӕр сайты ӕвӕрӕн дӕр. (Равзар «Публикации».)
Равдис-иу ног хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй. Уый фӕрцы, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс кӕнӕ кӕмӕн фӕхъусын кӕныс, уыдон тынгдӕр аргъ кӕндзысты, ӕгас зӕххыл дӕр цы куыст кӕнӕм ӕмӕ не ’хсӕн цы иудзинад ис, уымӕн (Пс. 133:1). (Равзар «Новости».)
[Схемӕ 5 фарсыл]
(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)
Бафӕлвар
1 «Публикации» фыст кӕм ис, уым ныххӕц ӕмӕ равзар, рафыссын дӕ кӕй фӕнды, уыцы ӕрмӕг. Стӕй равзар текст кӕнӕ аудиозапись, цы форматы дӕ хъӕуы, уый.
2 Ныххӕц «MP3» фыст кӕм ис, уым, цӕмӕй фенай статьяты нӕмттӕ. Стӕй ныххӕц статьяйыл, цӕмӕй йӕ рафыссай кӕнӕ ныххӕц ▸, цӕмӕй йӕм Интернеты байхъусай.
3 Кӕд дӕ цавӕрдӕр публикаци ӕндӕр ӕвзагыл рафыссын фӕнды, уӕд ацы списокы равзар, кӕцы ӕвзаг дӕ хъӕуы, уый.