Пехуымпартӕ дын фӕзминаг уӕнт – Ионӕ
1. Ионӕмӕ цавӕр хорз миниуджытӕ уыд?
1 Пехуымпар Ионӕйы кой куы фехъусыс, уӕд дӕ зӕрдыл цы ’рлӕууы? Кӕмӕдӕр, чи зоны, кӕсы тӕппуд кӕнӕ дурзӕрдӕ адӕймаг. Фӕлӕ Ионӕ уыд сӕрныллӕг, хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай адӕймаг. Нӕ бон куыд у Ионӕйы рӕсугъд миниуджытӕ бафӕзмын? (Иак. 5:10).
2. Ионӕйау сӕрныллӕг кӕд уыдзыстӕм?
2 Сӕрныллӕгдзинад. Фыццаг хатт Хуыцау Ионӕйы Ниневимӕ куы арвыста, уӕд уый бынтон ӕндӕрырдӕм алыгъд. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Ниневийы цӕрджытӕ, ассириӕгтӕ, зындгонд уыдысты се ’гъатырдзинадӕй ӕмӕ йӕ Библи хоны «туг чи калы, уыцы горӕт» (Наум 3:1–3). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, Йегъовӕ Ионӕйӕн зонд куы бацамыдта ӕмӕ йӕ дыккаг хатт Ниневимӕ куы арвыста, уӕд сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ ацыд (Ӕмб. 24:32; Ионӕ 3:1–3). Кӕд фыццаг Йегъовӕйы коммӕ нӕ бакаст, уӕддӕр ын, ӕппынфӕстаг, йӕ фӕндон сӕххӕст кодта (Матф. 21:28–31). Махӕн дӕр нӕ бон у Ионӕйы бафӕзмын. Ӕмбырды нын ӕфсымӕртӕ зонд куы бацамоной кӕнӕ нӕм участокы куы нӕ байхъусой, уӕд дӕр нӕ ныфс асӕттын нӕ бауадздзыстӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм.
3. Нӕ лӕггады нӕ хъӕбатырдзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинад цӕмӕн хъӕуы?
3 Хъӕбатырдзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинад. Ионӕ куы бамбӕрста, кӕй алыгъд, уый тыххӕй, науыл кӕимӕ цыд, уыдоны цард тӕссаг уавӕры баппӕрста, уӕд цӕттӕ уыд уыдоны тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр (Ионӕ 1:3, 4, 12). Фӕстӕдӕр, Ниневимӕ куы ’рцыд, уӕд ӕнӕхъӕн бон горӕты фӕрацу-бацу кодта, ӕвӕццӕгӕн, хорз бынат агуырдта, цӕмӕй уырдыгӕй Йегъовӕйы тӕрхон фехъусын кодтаид. Уыдӕттӕй бӕрӕг у, тӕппуд кӕй нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауы хъӕбатыр пехуымпар! (Ионӕ 3:3, 4). Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Мах хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм, кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕддӕр (Хъуыд. 4:29, 31). Цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ уацамындӕн ма ’вгъау кӕнӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы удуӕлдайдзинад (Хъуыд. 20:24).
4. Йегъовӕйы пехуымпартӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты, ууыл хъуыды кӕнын хорз цӕмӕн у?
4 Стыр ӕххуыс дын уыдзӕн, Йегъовӕйы пехуымпарты тыххӕй кӕсгӕйӕ-иу дӕхи сӕ бынаты куы сӕвӕрай, уый. Ахъуыды-иу кӕн: йӕ бынаты куыд бакодтаин? Мӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын? (Дзут. 6:11, 12). «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» ма уыдзӕн статьятӕ, Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты, уый тыххӕй.