Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайӕм
Сентябры фыццаг сабаты куыд ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕн.
«Абон адӕмимӕ ныхас кӕнӕм, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, ууыл. Куыд хъуыды кӕныс, бинонты ӕппӕты тынгдӕр цы хъыгдары, цӕмӕй амондджын уой?» [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Равдис ын брошюрӕйы «Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис? Сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?» фӕстаг фарс. Аныхас кӕнут фыццаг фарстайыл ӕмӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонӕй йын, ӕппынкъаддӕр, иу бакӕс. Брошюрӕ йӕм ратт ӕмӕ йын зӕгъ, ӕндӕр хатт ӕм кӕй бацӕудзынӕ, цӕмӕй иннӕ фарстайыл аныхас кӕнат.
Брошюрӕ «Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис? Сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?».
«Абон бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцау уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕруадзы, ууыл. Искуы дӕм ахӕм фарста сӕвзӕрд? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Мӕнмӕ гӕсгӕ дын ӕхсызгон уыдзӕн базонын, Библи нын зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр маст ӕмӕ нӕдӕр рыст. [Бакӕс ын Раргомад 21:4.] Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, адӕм уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ сӕйраджыдӕр цы фондз хъуыддаджы тыххӕй ӕвзарынц, ууыл. Фыст ма дзы ис, Библимӕ гӕсгӕ нын Хуыцау нӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй дӕр».