Нӕ сайтӕй пайда кӕнут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнат
1. Нӕ сайты jw.org рубрикӕ «Сывӕллӕттӕ» арӕзт цӕмӕн ӕрцыд?
1 Нӕ сайт jw.org афтӕ конд у, цӕмӕй алы кары адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ цӕуа. Нӕ сайты рубрикӕ «Сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ, (кӕс «Библийы ахуырӕдтӕ» > «Сывӕллӕттӕ») стыр ӕххуыс у сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн дӕр, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр ӕввахс кӕной (Дык. з. 6:6, 7). Дӕ бон дзы куыд у пайда кӕнын, цӕмӕй дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнай?
2. Уӕ бон куыд у сывӕллонӕн йӕ кармӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынӕн ӕрмӕг ӕвзарын?
2 Ӕмбаргӕйӕ архайут. Сывӕллӕттӕ иухуызон не сты (1 Кор. 13:11). Уымӕ гӕсгӕ уӕ бон куыд у сывӕллонӕн йӕ кармӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнынӕн ӕрмӕг ӕвзарын? Ахъуыды кӕнут: «Мӕ сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцӕудзӕн? Сӕ бон бамбарын цас у? Сӕ бон лӕмбынӕг хъусын цас рӕстӕг у?» Ӕртӕ азы ӕмӕ къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттимӕ ис аныхас кӕнӕн, «Ӕз ахуыр кӕнын Библи»-йы цы уроктӕ ис, уыдоныл. Ӕндӕр бинонтӕн та пайда у «Обучайте своих детей». Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.
3. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у ӕнтыстджынӕй пайда кӕнын «Хӕслӕвӕрдтӕ бинонты ахуырӕн»-ы цы хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй?
3 «Хӕслӕвӕрдтӕ бинонты ахуырӕн». Ацы рубрикӕйы цы ӕрмӕг ис, уый ныййарджытӕн баххуыс кӕндзӕн сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн. Алы хӕслӕвӕрды размӕ дӕр-иу бакӕс «Разамынд ныййарджытӕн», цӕмӕй-иу базонай куыд дзы хъӕуы пайда кӕнын. Гыццыл сывӕллӕттимӕ сахорӕн ис «Ныв-хӕслӕвӕрд». Гыццыл стырдӕр сывӕллӕттимӕ та скӕнӕн ис, уыдонӕн чи у, уыцы хӕслӕвӕрдтӕ. Ацы рубрикӕйы хӕслӕвӕрдтӕ баст вӕййынц Библийӕ уыциу хабаримӕ ӕмӕ уый фӕрцы алы кары сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у бинонты ахуыры рӕстӕг цыдӕртӕ аразын.
4. Рубрикӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су»-йы цы ис?
4 «Йегъовӕйы ӕмбал су». Ацы рубрикӕйы цы видео, зарджытӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ ис, уыдон ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхас бауарзын кӕной (Дык. з. 31:12). Уыцы цыбыр мультфильмтӕй алкӕцы дӕр ахуыр кӕны ахсджиаг хъуыддагыл. Цыдӕр ссарын кӕм хъӕуы, уыцы хъӕзтыты фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбарынц уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Сывӕллӕттӕ зарын кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ зарджыты фӕрцы бахъуыды кӕнынц, цӕуыл сӕ ахуыр кодтой, уый. Стӕй ма дзы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕзыны Паддзахады зарджытӕ ӕмӕ, сывӕллӕттӕн кӕй ныффыстой, ахӕм ног зарджытӕ.
5. Ныййарджытӕ Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ кувой, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна сӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн?
5 Ныййарджытӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хорз мадӕлтӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ уат. Уӕдӕ йӕм кувут, цӕмӕй уын ӕххуыс кӕна уӕ сывӕллӕттӕн рӕстдзинад амонынӕн (Тӕрх. 13:8). Йегъовӕйы ӕххуысӕй уӕ бон уыдзӕн уӕ сывӕллӕттӕн ахӕм зонд бацамонын, «цӕмӕй фервӕзой, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы» (2 Тим. 3:15; Ӕмб. 4:1–4).